Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 6/05 3–6 фф.
  • Цы ис зӕгъӕн брошюрӕтӕ дӕтгӕйӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы ис зӕгъӕн брошюрӕтӕ дӕтгӕйӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Сӕргӕндтӕ
  • «Чиныг алкӕмӕндӕр»
  • «Цы хъӕуы, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса?» (уыр.)
  • «Цин кӕн цардыл, кӕцы уыдзӕн зӕххыл ӕнустӕм!»
  • «Хуыцау Ӕртӕиууон у?» (уыр.)
  • «Хуыцауы ном уӕвдзӕн ӕнустӕм»
  • «Хицауад, кӕцы ӕрхӕсдзӕн Дзӕнӕт»
  • «Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?»
  • «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг»
  • Цы ис зӕгъӕн, брошюрӕ «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?» дӕтгӕйӕ
  • **********
  • **********
  • Цы ис зӕгъӕн, брошюрӕ «Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Куыд ӕй ис базонӕн?» дӕтгӕйӕ
  • **********
  • **********
  • Брошюрӕтӕ алы динтыл хӕст адӕмӕн
  • «Кӕс! Ӕз ӕппӕт дӕр ногӕй фӕлдисын» (уыр.)
  • «Хуыцауы разамынд нӕ кӕны Дзӕнӕтмӕ» (уыр.)
  • «Цымӕ искуы дуне ӕнӕ хӕстӕй уыдзӕн?» (уыр.)
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 6/05 3–6 фф.

Бафснай йӕ

Цы ис зӕгъӕн брошюрӕтӕ дӕтгӕйӕ

Ацы уӕлӕмхасӕн сыфы ис цӕвиттонтӕ, брошюрӕтӕ дӕтгӕйӕ цы зӕгъӕн ис, уымӕн. Цӕвиттонты цыдӕртӕ ис фӕивӕн, уавӕр куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ. Адӕймагимӕ ныхас райдайӕн ис ӕндӕр хуызы дӕр. Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕ бон бацӕттӕ кӕнын у, ӕндӕр брошюрӕтӕ дӕтгӕйӕ цы зӕгъӕн ис, уый дӕр. (Кӕс «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», 2005 аз, январь, 8 ф.)

Цӕвиттонтӕй алкӕцыйы дӕр ис: 1) ныхас райдайынӕн хъуыдытыл ӕфтауӕг фарст; 2) уыцы хъуыды брошюрӕйы кӕм ис ссарӕн, уый; 3) ныхасы рӕстӕджы кӕй ис бакӕсӕн, ахӕм стих Библийӕ. Дарддӕр та, адӕймаг цы зӕгъа, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у дӕхи ныхӕстӕй дзурын.

«Чиныг алкӕмӕндӕр»

◼ «Куыд дӕм кӕсы, Библи цы зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ абон цӕрӕн ис?» (22 ф., разныхас; 23 ф., фӕлгӕты 3 абз.; Ӕмб. 25:11).

«Цы хъӕуы, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса?» (уыр.)

◼ «Адӕм кӕмфӕнды ма цӕрой,– се ’ппӕт дӕр бӕллынц хуыздӕр цардмӕ. Куыд хъуыды кӕныс, искуы хорз цард фендзыстӕм?» (29 ф., 6 абз.; 2 Пет. 3:13).

«Цин кӕн цардыл, кӕцы уыдзӕн зӕххыл ӕнустӕм!»

◼ «Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты ӕмӕ уым цӕрдзысты ӕнустӕм. Фӕлӕ дын, зӕгъгӕ, загътой, ӕнусон цард зӕххыл уыдзӕн, уӕд цы ахъуыды кӕнис?» (ныв брошюрӕйы цъарыл; Рарг. 21:4).

«Хуыцау Ӕртӕиууон у?» (уыр.)

◼ «Хуыцау чи у, уый тыххӕй адӕм алыхуызӕтты хъуыды кӕнынц. Куыд дӕм кӕсы, ницы уӕлдай у, Хуыцауы тыххӕй цы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндӕм?» (3 ф., 3, 7, 8 абз.; Иоан. 17:3).

«Хуыцауы ном уӕвдзӕн ӕнустӕм»

◼ «Бирӕтӕ зонынц Йесо Чырыстийы куывд. Уыцы куывд райдайы ахӕм ныхӕстӕй, „мах Фыд, ӕрвтыл уӕвӕг; сыгъдӕг уӕд Дӕ ном“, зӕгъгӕ (Матф. 6:9). Фӕлӕ йӕ ды зыдтай, ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинад, уыцы ном зонӕм ӕви нӕ, уымӕй аразгӕ кӕй у?» (28 ф., 1 абз.; Ром. 10:13).

«Хицауад, кӕцы ӕрхӕсдзӕн Дзӕнӕт»

◼ «Адӕм бафӕлладысты ацы фыдцардӕй, ӕмӕ фӕзӕгъынц, тӕхуды, нӕ зындзинӕдтӕ куы фӕуиккой, зӕгъгӕ. Куыд хъуыды кӕныс, искуы ахӕм хицауад уыдзӕн, нӕ тухитӕн кӕрон чи скӕна?» (3 ф., 1 абз.; Матф. 6:9, 10).

«Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?»

◼ «Нӕ хиуӕттӕй, нӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, уыдонӕй исчи куы амӕлы, уӕд адӕймаг фӕхъуыды кӕны, цымӕ ныр кӕм ис, искуы ма йӕ фендзынӕн. Ды дӕр ууыл искуы хъуыды кодтай?» (фарстытӕ фӕстаг фарсыл; Иов 14:14, 15).

«Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг»

◼ «Ацы брошюрӕ удӕнцой ӕмӕ ныфс дӕтты, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн. Никуы хъуыды кодтай, цымӕ, чи амард, уыдоны ма искуы фендзыстӕм?» (27 ф., 2 абз; Иоан. 5:28, 29).

◼ «Никуы хъуыды кодтай, зиан кӕуыл ӕрцыд, уымӕн цӕмӕй ис баххуыс кӕнӕн?» (20 ф., 1 абз; Ӕмб. 17:17).

Цы ис зӕгъӕн, брошюрӕ «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?» дӕтгӕйӕ

Фӕстаг рӕстӕг цы бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уыдонӕй иуы кой скӕнгӕйӕ дарддӕр зӕгъӕн ис:

«Никуы хъуыды кодтай, кӕд Хуыцау адӕмы уарзы ӕмӕ сыл тыхсы, уӕд нын нӕ хъизӕмӕрттӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Мӕнӕ ацы брошюрӕ нын ӕмбарын кӕны, афтӕ цӕмӕн у, стӕй нын дзуры, Хуыцау тагъд рӕстӕджы цы сараздзӕн, уый тыххӕй дӕр. [Равдис ын, 27 фарсыл цы нывтӕ ис, уыдон ӕмӕ йын стӕй 22 абзацӕй бакӕс Псалом 144:16.] Хуыцау афтӕ куыд сараздзӕн, ӕмӕ адӕм цы дудгӕбӕттӕ бавзӕрстой, уыдонӕн сӕ кой дӕр мауал уа? Ацы фарстыл та иннӕ хатт аныхас кӕнӕм». Ратт ын брошюрӕ ӕмӕ баныхас кӕн, кӕд фембӕлдзыстут.

Иннӕ хатт ӕм куы бацӕуай, уӕд дӕ бон у дӕ ныхас афтӕ саразын:

«Айразмӕ куы ныхас кодтам, уӕд Библийӕ бакастыстӕм мӕнӕ ацы стих. [Ногӕй та бакӕс Псалом 144:16 кӕнӕ дзы цы фыст ис, уый зӕгъ.] Уый фӕстӕ дын загътон, иннӕ хатт кӕй аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстыл: Хуыцау афтӕ куыд сараздзӕн, ӕмӕ адӕм цы дудгӕбӕттӕ бавзӕрстой, уыдонӕн сӕ кой дӕр мауал уа?» Зӕгъ ын, ӕмӕ йӕ брошюрӕ рахӕсса. Стӕй йӕ бакӕнут 27, 28 фӕрстыл ӕмӕ иумӕ ӕркӕсут 23–25 абзацтӕм. Бафӕрс ӕй, нӕ йӕ фӕнды Библи ахуыр кӕнын, науӕд ын зӕгъ, зӕгъгӕ, иннӕ хатт та аныхас кӕндзыстӕм, 26 ӕмӕ 27 абзацы цы хъуыдытӕ ис, уыдоныл.

**********

Ӕрыгон хъусынгӕнӕгӕн йӕ бон у зӕгъын:

«Мӕн хуызӕн ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц: цымӕ 10-15 азы фӕстӕ зӕххыл цард цыхуызӕн уыдзӕн. Ды та уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Абон дунейы цытӕ цӕуы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕрӕм фӕстаг бонты. [Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1–3.] Мӕнӕ ацы брошюрӕйы дзуапп ссарӕн ис ахӕм фарстытӕн. [Бакӕс ын, брошюрӕйы раззаг цъарыл цы фарстытӕ ис, уыдон ӕмӕ йын ӕй ратт.] Кӕд дӕ, иннӕ хатт куы ӕрбацӕуон, уӕд цалдӕр минуты ӕвдӕла, уӕд дын бакӕсдзынӕн, низтӕ кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ адӕм зӕронд кӕй нал кӕндзысты, уый тыххӕй иу диссаджы хъуыды». Йемӕ баныхас кӕн, кӕд фембӕлдзыстут, уый тыххӕй.

Дыккаг хатт бацӕугӕйӕ дӕ ныхас дӕ бон саразын у афтӕ:

«Фыццаг хатт дӕм куы ӕрбацыдтӕн, уӕд дын загътон, зӕгъгӕ, иннӕ хатт аныхас кӕндзыстӕм, адӕм рынчын ӕмӕ зӕронд кӕй нал кӕндзысты, уый тыххӕй». Уый дӕр йӕ брошюрӕ рахӕссӕд ӕмӕ дзы иумӕ бакӕсут, 23, 24 фӕрстыл, 6 ӕмӕ 7 абзацты цы хъуыдытӕ ис, уыдон ӕмӕ сыл аныхас кӕнут. Кӕронбӕттӕны йын зӕгъ, иннӕ хатт та 8 ӕмӕ 9 абзацтӕм кӕй ӕркӕсдзыстут.

**********

Сывӕллонимӕ куы хъусын кӕнай, уӕд адӕймагӕн дӕхи дӕр ӕмӕ сывӕллоны дӕр бацамон, стӕй зӕгъ:

«________ фӕнды, Библийӕ дын иу хъуыды бакӕса. [Сывӕллон кӕсы Псалом 36:29 ӕмӕ дзы цӕй кой цӕуы, уый цыбыртӕй ӕмбарын кӕны.] Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый куыд сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. [Равдис, 24–27 фӕрстыл цы нывтӕ ис, уыдон.] Иннӕ хатт дӕм куы ӕрбацӕуӕм, уӕд дын Библийӕ бакӕсдзынӕн, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй». Ратт ын брошюрӕ ӕмӕ йемӕ баныхас кӕн, кӕд фембӕлдзыстут.

Дыккаг бацыдӕн зӕгъ:

«Айразмӕ демӕ куы ныхас кодтон, уӕд бакастыстӕм Псалом 36:29, ӕмӕ дын ӕз ской кодтон, зӕгъгӕ дын равдисдзынӕн, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй Библи цы дзуры. Ӕркӕс ма, цы дзы ис фыст». Уый дӕр йӕ брошюрӕ рахӕссӕд ӕмӕ иумӕ ӕркӕсут 24, 25 фӕрстӕм, 12–14 абзацтӕм. Бафӕрс ӕй, нӕ йӕ фӕнды Библи ахуыр кӕнын, науӕд ын зӕгъ, зӕгъгӕ, иннӕ хатт та аныхас кӕндзыстӕм, 15 ӕмӕ 16 абзацы цы хъуыдытӕ ис, уыдоныл.

Цы ис зӕгъӕн, брошюрӕ «Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Куыд ӕй ис базонӕн?» дӕтгӕйӕ

Адӕймагӕн салам куы раттай, уӕд уый фӕстӕ зӕгъӕн ис:

«Абон адӕм сты тыхст, цыдӕр хорзмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, фӕлӕ хорзы бӕсты цард фыддӕрмӕ цӕуы. Куыд хъуыды кӕныс, цард ахӕм хъуамӕ уа? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Мӕнӕ ацы брошюрӕйы ныхас цӕуы, Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн. [Ӕркӕсут 20, 21 фӕрстӕм, нывмӕ. Уый фӕстӕ йын бакӕс 9 абзац, ӕмӕ йын йӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг ӕрдар Исай 14:24 ӕмӕ 46:11.] Фӕнды мӕ, иннӕ хатт та дын Библийы куы равдисин, Хуыцау зӕххыл Дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн». Ратт ын брошюрӕ ӕмӕ йемӕ баныхас кӕн, кӕд фембӕлдзыстут.

Дыккаг хатт куы фембӕлат, уӕд дӕ бон у дӕ ныхас афтӕ саразын:

«Айразмӕ ныхас кодтам, Хуыцауы уый кӕй фӕнды, ӕмӕ адӕм ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрой. [20, 21 фӕрстыл цы ныв ис, уый та йын ногӕй равдис.] Дзӕнӕты кой кодтой Йесо, Петр, стӕй уӕд Давид дӕр». Уый фӕстӕ ӕркӕсут 21, 22 фӕрстӕм, 10–13 абзацты цы хъуыдытӕ ис, уыдонмӕ. Бафӕрс ӕй, нӕ йӕ фӕнды Библи ахуыр кӕнын, науӕд баныхас кӕн, иннӕ хатт кӕй ӕркӕсдзыстут, 29, 30 фӕрстыл цы дӕлсӕргонд ис, уымӕ.

**********

Ӕрыгон хъусынгӕнӕгӕн та йӕ бон у зӕгъын:

«Мӕ хуызӕн ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ нӕ зонынц, сӕ сомбон цыхуызӕн уыдзӕн. Куыд хъуыды кӕныс, 10-15 азы фӕстӕ цард хуыздӕр уыдзӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи дзуры, ӕппӕт адӕммӕ дӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы рухс фидӕн. [Равдис ын 31 фарсыл ныв ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый бакӕс. Уый фӕстӕ та йын бакӕс 2 Петры 3:13.] Ацы брошюрӕйӕ базонӕн ис, Хуыцау адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ цӕттӕ кӕны, уыдон тыххӕй. [Йӕ хъус ын ӕрдар 29 ӕмӕ 30 фӕрстыл ставдӕй фыст дӕлсӕргӕндтӕм, ӕмӕ йын стӕй брошюрӕ ратт.] Цӕй ӕмӕ иннӕ хатт та аныхас кӕнӕм, Хуыцау хӕстытӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй». Баныхас кӕнут, бӕлвырдӕй йӕм кӕд ӕрбацӕуай.

Дыккаг хатт ӕрбацӕугӕйӕ ныхас саразӕн ис афтӕ:

«Амӕйразмӕ дӕм куы уыдтӕн, уӕд хӕрз цыбыртӕй ской кодтам, Хуыцауы зӕрды кӕй ис зӕххӕй фӕстӕмӕ дзӕнӕт скӕнын. [Ногӕй та йын йӕ хъус ӕрдар 31 фарсыл нывмӕ.] Хуыцау афтӕ кӕй зӕгъы, ӕмӕ хӕстытӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй дӕхӕдӕг цы хъуыды кӕныс?». Уый дӕр йӕ брошюрӕ рахӕссӕд. Бакӕсут 3–6 абзацтӕ 29 фарсыл ӕмӕ сыл иумӕ аныхас кӕнут. Зӕгъ ын, иннӕ хатт та кӕй ӕркӕсдзыстут 7 ӕмӕ 8 абзацмӕ.

**********

Сывӕллонимӕ куы хъусын кӕнай, уӕд адӕймагӕн дӕхи дӕр ӕмӕ сывӕллоны дӕр бацамон, стӕй зӕгъ:

«________ фӕнды, иу ныв дын равдиса ӕмӕ дын Библийӕ иу хъуыды бакӕса. [Сывӕллон равдисӕд, 31 фарсыл чи ис, уыцы ныв ӕмӕ бакӕсӕд, цы дзы ис фыст, уый. Стӕй та Раргомад 21:4.] Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, абон цы мӕстытӕ, цы дудгӕбӕттӕ ӕвзарӕм, уыдонӕн Хуыцау кӕрон кӕй скӕндзӕн. [Йӕ хъус ын ӕрдар 29 ӕмӕ 30 фӕрстыл ставдӕй фыст дӕлсӕргӕндтӕм, ӕмӕ йын стӕй брошюрӕ ратт.] Иннӕ хатт дӕр та дӕм ӕрбацӕудзыстӕм. Ӕмӕ дын уӕд Библийы равдисдзынӕн, тагъд ахӕм рӕстӕг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ адӕм рынчын ӕппындӕр нал кӕндзысты».

Дыккаг бацыдӕн та зӕгъ:

«Кӕд ӕй хъуыды кӕныс, уӕд амӕйразмӕ ской кодтон, зӕгъгӕ дын Библийӕ равдисдзынӕн, тагъд адӕм рынчын ӕппындӕр кӕй нал кӕндзысты. Кӕс ма, цы дзы ис фыст». Уый дӕр йӕ брошюрӕ рахӕссӕд. 29 фарсыл, 9–14 абзацты цы хъуыдытӕ ис, уыдонмӕ ӕркӕсут. Бафӕрс ӕй, фӕнды йӕ Библи ахуыр кӕнын, науӕд ын зӕгъ, зӕгъгӕ, иннӕ хатт та аныхас кӕндзыстӕм 15–17 абзацтыл.

Брошюрӕтӕ алы динтыл хӕст адӕмӕн

«Кӕс! Ӕз ӕппӕт дӕр ногӕй фӕлдисын» (уыр.)

Буддизмыл хӕст ацӕргӕ адӕймагӕн зӕгъӕн ис:

«Ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр сагъӕстыл ӕфтауы, ныртӕккӕ адӕймаджы алы ран дӕр хӕлд зондыл кӕй аразынц ӕмӕ уый нӕ кӕстӕрты кӕй сафы. Ды та куыд хъуыды кӕныс, цӕмӕн афтӕ фехӕлдысты нӕ фӕсивӕд? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Зыдтай йӕ, ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй бирӕ раздӕр загъдӕуыд, пысылмон ӕмӕ чырыстон динтӕ, стӕй уӕд индуизм дӕр куы нӕма фӕзынд, уӕд кӕй райдыдтой фыссын, ахӕм чиныджы? [Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1–3.] Диссаг уый у, ӕмӕ адӕм ахӕм сты, кӕд ахуырад, зонад стыр санчъехтӕй размӕ цӕуы, уӕддӕр. [Бакӕс 7 стих.] Ацы брошюрӕйӕ ӕз базыдтон, адӕмӕн сӕ фылдӕр цы нӕ зонынц, уый. Фӕнды дӕ, дӕхӕдӕг ӕй бакӕсай?» (km 8/99 8 ф.).

«Хуыцауы разамынд нӕ кӕны Дзӕнӕтмӕ» (уыр.)

Пысылмон адӕймагимӕ ныхасгӕнгӕйӕ зӕгъӕн ис:

«Ӕз арӕх фӕныхас кӕнын пысылмӕттимӕ. Куыд ӕй зонын, афтӕмӕй пысылмӕтты уырны иунӕг ӕцӕг Хуыцау, стӕй ӕууӕндынц ӕппӕт пехуымпартыл дӕр. Нӕ рӕдийын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Кӕддӕр уыцы пехуымпартӕй иу дзырдта, зӕгъгӕ, зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт. Фӕнды дӕ, йӕ ныхӕстӕ дын бакӕсон? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй йын бакӕс Исай 11:6–9.] Ацы ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой Хъуыранӕй иу хъуыды. Ис мӕнӕ ацы брошюрӕйы». Рафӕлдах 9 фарс ӕмӕ дзы бакӕс ставдӕй фыст ныхӕстӕ. Кӕд дӕм цымыдисӕй хъуса, уӕд дӕ ныхас адарддӕр кӕн ӕмӕ ӕркӕсут иннӕ фарсыл 7–9 абзацтӕм (km 11/99 8 ф.).

«Цымӕ искуы дуне ӕнӕ хӕстӕй уыдзӕн?» (уыр.)

Дзуттагыл сӕмбӕлгӕйӕ зӕгъӕн ис:

«Ахӕм адӕймаг стӕм ис, рыст нӕ чи нӕ бавзӕрста, йӕ хион нӕ кӕмӕн нӕ амард. Куыд хъуыды кӕныс, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?». Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй йын йӕ хъус ӕрдар брошюрӕйы 22 фарсыл фӕлгӕтмӕ, «Цы сты мӕлӕт ӕмӕ уд?», зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ йын бакӕс 23 фарсыл 17 абзац, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй. Зӕгъ ын, уыцы ныфс кӕй уыди кӕддӕр куырыхон лӕг Иовы. Ратт ын брошюрӕ ӕмӕ йемӕ баныхас кӕн, иннӕ хатт кӕй ӕркӕсдзыстут, 17 абзацы кӕрон Библийӕ цы стих ис, уымӕ (km 10/99 8 ф.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын