Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕ 2006 азӕн
Амындтӕ
2006 азы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола уагъд цӕудзӕн дӕлдӕр лӕвӕрд программӕмӕ гӕсгӕ.
АХУЫРГӔНӔН ӔРМӔГ: Библи [bi2-U], «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» [w], «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – стыр ӕххуыс дӕуӕн» [be], чиныг «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у»-йӕ ист ӕрмӕг [si] (хицӕн брошюрӕтӕ) ӕмӕ «Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн» [td].
Скъола хъуамӕ райдайа ЙӔ РӔСТӔГЫЛ зарӕг, куывд ӕмӕ ӕгасцуай зӕгъынӕй. Уый фӕстӕ-иу цӕстдарӕг программӕмӕ гӕсгӕ алы хайы фӕстӕ дӕр зӕгъдзӕн иннӕ хӕслӕвӕрды тыххӕй
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД. 5 минуты. Скъолайы цӕстдарӕг, зондамонӕн раныхасы рацӕуджытӕн уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕр кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг дзуры дзырдарӕхстдзинадыл, «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныгӕй ист ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ. (Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы ӕмбырдты нӕ фаг кӕны, уым хӕслӕвӕрд раттӕн ис фӕлтӕрд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн.)
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД. 10 минуты. Цӕттӕ йӕ кӕны фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – стыр ӕххуыс дӕуӕн» кӕнӕ брошюрӕ «„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда»-йӕ ист ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ. Ацы хӕслӕвӕрд у 10-минутон зондамонӕн раныхас ӕнӕ дзургӕ фӕлхатӕй. Ӕрмӕг радзурынӕй дарддӕр ма хъӕуы зӕгъын, уыцы ӕрмӕгӕй царды куыд ис спайда кӕнӕн ӕмӕ дзы ӕмбырдӕн тынгдӕр кӕцы хъуыдытӕ уыдзысты ахъаз. Ныхас хъӕуы саразын, программӕйы темӕмӕ гӕсгӕ. Ацы хӕслӕвӕрд цы ӕфсымӕртӕ цӕттӕ кӕной, уыдон хъуамӕ нысангонд рӕстӕгӕй ма хизой. Куы хъӕуа, уӕд ныхасы рацӕуӕг ӕфсымӕрӕн уынаффӕ раттӕн ис хибарӕй.
АХСДЖИАГ ХЪУЫДЫТӔ БИБЛИЙӔ. 10 минуты. Фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр фыццаг фондз минуты дӕргъы дзуры, ӕрмӕг ӕмбырдмӕ куыд хауы, ууыл. Уыцы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ хъуыд бакӕсын, уыдонӕй йӕ бон у ӕрдзурын кӕцыфӕнды хайыл дӕр. Йӕ раныхас хъуамӕ ма уа цыбыр афӕлгӕст уыцы ӕрмӕгыл. Сӕйраг нысан у хъусджытӕн бамбарын кӕнын, уыцы зонындзинӕдтӕ сын цӕмӕн сты ахъаз ӕмӕ сӕ куыд ис спайдагӕнӕн. Ныхасы рацӕуӕг хъуамӕ йӕ хъус дара рӕстӕгмӕ, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрды фыццаг хай фондз минутӕй фылдӕр ма уа. Уый хъусынгӕнджытӕн сӕ хъуыдытӕ зӕгъынӕн фондз минутӕй къаддӕр хъуамӕ ма ныууадза. Хъусджытӕн хъӕуы раттын фадат, цӕмӕй цыбыртӕй (30 секунды кӕнӕ къаддӕр) зӕгъой, Библийӕ цы сӕртӕ бакастысты, уым сӕ цы бацымыдис кодта ӕмӕ дзы сӕхицӕн зондӕн цы райстой. Уый фӕстӕ Скъолайы цӕстдарӕг, хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн уа, уыцы ахуыргӕнинӕгты арвитдзӕн хицӕн кълӕстӕм.
ДЫККАГ ХӔСЛӔВӔРД. 4 минуты кӕнӕ къаддӕр. Аив кӕсын. Цӕттӕ йӕ кӕны ӕфсымӕр. Ахуыргӕнинаг хъуамӕ ӕрмӕг бакӕса ӕнӕ разныхас ӕмӕ ӕнӕ кӕронбӕттӕнӕй. Йӕ хӕслӕвӕрд Псаломтӕй куы уа, уӕд сын хъуамӕ кӕса сӕ разныхӕстӕ дӕр. Скъолайы цӕстдарӕг сын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сахуыр уой хорз, ӕнӕрхӕцгӕйӕ кӕсын, цы кӕсой, уый ӕмбарой, хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрой, хъӕлӕсы уаг ивой, кӕнӕ зоной, кӕм ӕрлӕууын хъӕуы ӕмӕ аразгӕ хъӕлӕсӕй ма кӕсой.
ӔРТЫККАГ ХӔСЛӔВӔРД. 5 минуты. Цӕттӕ йӕ кӕны хо. Ахуыргӕнинӕгтӕ ацы хӕслӕвӕрд райсгӕйӕ, «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныджы 82 фарсыл амынд уавӕртӕй искӕцы равзардзысты сӕхӕдӕг кӕнӕ сын ӕй бацамондзӕн цӕстдарӕг. Хо йӕ хӕслӕвӕрд хъуамӕ бацӕттӕ кӕна, цы темӕ йын уа амынд, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ ӕмбырды территорийы хъусынгӕнгӕйӕ хуыздӕр чи уа, ахӕм уавӕрӕй спайда кӕна. Хӕслӕвӕрдӕн ӕрмӕг амынд куы нӕ уа, уӕд ӕрмӕг хъӕуы бацагурын нӕ Ӕхсӕнады уагъд литературӕйы. Ног ахуыргӕнинӕгтӕн дӕттын хъӕуы, ӕрмӕг амынд кӕм уа, ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ. Скъолайы цӕстдарӕг йӕ хъус тынгдӕр ӕрдардзӕн, хо ӕрмӕг куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ, ӕмӕ адӕймагӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библийы стихтыл хъуыды кӕна ӕмӕ ныхасы сӕйраг хъуыдытӕ бамбара. Цӕстдарӕг ын снысан кӕндзӕн ӕххуысгӕнӕг.
ЦЫППӔРӔМ ХӔСЛӔВӔРД. 5 минуты. Ахуыргӕнинаг ӕй хъуамӕ бацӕттӕ кӕна, цы темӕ йын радтой, уымӕ гӕсгӕ. Ацы хӕслӕвӕрдӕн ӕрмӕг амынд куы нӕ уа, уӕд ахуыргӕнинаг хъуамӕ ӕрмӕг бацагура нӕ Ӕхсӕнады уагъд литературӕйы. Ӕфсымӕр ӕй куы цӕттӕ кӕна, уӕд ӕй ис радзурӕн, Паддзахады залы чи ис, уыдонмӕ здӕхт раныхасы хуызы. Хо йӕ куы цӕттӕ кӕна, уӕд ӕй алы хатт дӕр цӕттӕ кӕнын хъӕудзӕн 3-аг хӕслӕвӕрды хуызӕн. Скъолайы цӕстдарӕгӕн 4-ӕм хӕслӕвӕрд йӕ бон у ӕфсымӕрӕн раттын, растдӕр ӕм кӕд фӕкӕса, уӕд. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ зӕрдыл бадарут, темӕйы фӕстӕ фиппаинагмӕ амонӕг нысан куы уа, уӕд хӕслӕвӕрд алы хатт дӕр хъуамӕ цӕттӕ кӕна ӕфсымӕр раныхасы хуызы.
РӔСТӔГ. Раныхӕстӕ ӕмӕ Скъолайы цӕстдарӕджы уынаффӕтӕ нысангонд рӕстӕгӕй фылдӕр хъуамӕ ма уой. 2-аг, 3-аг ӕмӕ 4-ӕм хӕслӕвӕрдтӕ чи цӕттӕ кӕна, уыдонӕн сӕ рӕстӕг куы фӕуа, уӕд сын ис уӕзданӕй бамбарын кӕнӕн, цӕмӕй сӕ ныхас фӕуой. Дзырдарӕхстдзинадыл чи дзура, 1-аг хӕслӕвӕрд кӕнӕ Библийы ахсджиаг хъуыдытӕ чи амона, уыцы ӕфсымӕртӕ нысангонд рӕстӕгӕй фылдӕр куы дзурой, уӕд сын уынаффӕ хъӕуы раттын хибарӕй. Иууылдӕр хъуамӕ рӕстӕгмӕ сӕ хъус дарой. Программӕ ӕнӕ зарӕг ӕмӕ ӕнӕ куывдӕй цӕуы 45 минуты.
УЫНАФФӔ. 1 минут. Алы хӕслӕвӕрды фӕстӕ дӕр Скъолайы цӕстдарӕгӕн уыдзӕн иу минуты бӕрц, цӕмӕй зӕгъа, 2-аг, 3-аг ӕмӕ 4-ӕм хӕслӕвӕрдты хорзӕй цы уыд, уый тыххӕй. Уый ӕрмӕст афтӕ хъуамӕ ма зӕгъа, зӕгъгӕ, «мӕнӕ уый хорз сарӕзтай», фӕлӕ хъуамӕ бамбарын кӕна, ныхасы уыцы хай хорз цӕмӕй уыд, уый. Алы ахуыргӕнинаджы дӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн цы хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ ма йын раттӕн ис бӕлвырд уынаффӕтӕ хибарӕй фембӕлды фӕстӕ кӕнӕ та ӕндӕр хатт.
УЫНАФФӔТӔ, ЗОНДАМОНӔН РАНЫХАСИМӔ ЧИ РАЦӔУА, УЫДОНӔН. Кӕд ахӕм фадат ис, уӕд ма хистӕр нӕлгоймӕгты советӕн йӕ бон у равзарын фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаджы (Скъолайы цӕстдарӕгӕй дарддӕр), цӕмӕй, куы хъӕуа, уӕд 1-аг хӕслӕвӕрд ӕмӕ ахсджиаг хъуыдытӕ Библийӕ чи цӕттӕ кӕна, уыцы ӕфсымӕртӕн хибарӕй уынаффӕтӕ дӕтта. Кӕд ӕмбырды цалдӕр хистӕр нӕлгоймаджы ис, уӕд ацы хъуыддаг алы аз дӕр ис бахӕс кӕнӕн ӕндӕр фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймагӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн сӕ алы раныхасы фӕстӕ дӕр ӕнӕмӕнг нӕ хъӕуы уынаффӕ дӕттын.
УЫНАФФӔТЫ СЫФ. Ис ахуыргӕнӕн чиныджы.
ДЗУРГӔ ФӔЛХАТ. 30 минуты. Алы дыууӕ мӕйы дӕр Скъолайы цӕстдарӕг уадздзӕн дзургӕ фӕлхат. Уӕлдӕр куыд амынд у, афтӕмӕй уал уый размӕ ӕфсымӕртӕ ӕрдзурдзысты дзырдарӕхстдзинадыл ӕмӕ ахсджиаг хъуыдытыл Библийӕ. Дзургӕ фӕлхат уыдзӕн, фӕстаг дыууӕ мӕйы, уыимӕ ма уыцы къуыри дӕр Скъолайы цы ӕрмӕг ӕвзӕрстат, уымӕ гӕсгӕ. Дзургӕ фӕлхаты къуыри уе ’мбырдӕн районон конгресс куы уа, уӕд дзургӕ фӕлхат (ӕмӕ программӕйы иннӕ хӕйттӕ дӕр) ахӕссын хъӕуы иу къуыри фӕстӕдӕр, ӕмӕ иннӕ къуырийы Скъолайы программӕ та – иу къуыри раздӕр. Дзургӕ фӕлхат районон цӕстдарӕджы ӕрцыдимӕ куы баиу уа, уӕд зарӕг, дзырдарӕхстдзинад ӕмӕ ахсджиаг хъуыдытӕ Библийӕ хъуамӕ уой программӕмӕ гӕсгӕ. Зондамонӕн раныхас (райдайы дзырдарӕхстдзинады фӕстӕ) райсын хъӕуы Скъолайы программӕйӕ иннӕ къуырийӕн. Иннӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола райдайдзӕн программӕмӕ гӕсгӕ дзырдардарӕхстдзинад ӕмӕ Библийӕ ист ахсджиаг хъуыдытӕй, уый фӕстӕ уыдзӕн дзургӕ фӕлхат.
ПРОГРАММӔ
2 янв. Библи кӕсын: 2 Паралипоменон 29–32 18 (42) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола у стыр ӕххуыс (be 5 ф., 1 абз.–8 ф., 1 абз.)
№ 1: Хуыцауы Ныхас дын зӕрдӕрухсы хос уӕд (be 9 ф., 1 абз.–10 ф., 1 абз.)
№ 3: Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕвзӕр дзыхӕй цӕуылнӕ дзурынц
№ 4: Чи у Хӕйрӕг? (td 39А)
9 янв. Библи кӕсын: 2 Паралипоменон 33–36 61 (144) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Раст кӕс (be 83 ф., 1 абз.–84 ф., 1 абз.)
№ 1: 2 Паралипоменоны чиныг цы пайда у (bsi01 9, 10 фф., 34–36 абз.)
№ 3: Дунейы хицау чи у? (td 39Ӕ)
№ 4: Библийы хӕрзӕгъдаудзинады уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕфсӕрмы ма кӕн
16 янв. Библи кӕсын: Ездрӕ 1–5 47 (112) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы хъӕуы раст кӕсынӕн (be 84 ф., 2 абз.–85 ф., 3 абз.)
№ 1: Разныхас Ездрӕйы чиныгмӕ (bsi01 10–12 фф., 1–7 абз.)
№ 2: Ездрӕ 1:1–11
№ 3: Сыгъдӕг намыс – цы пайда у
№ 4: Хӕйрӕджытӕ куыд фӕзындысты? (td 39Б)
23 янв. Библи кӕсын: Ездрӕ 6–10 45 (106) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дзырдтӕ сыгъдӕг дзур (be 86 ф., 1–6 абз.)
№ 1: Ездрӕйы чиныг цы пайда у (bsi01 12, 13 фф., 14–18 абз.)
№ 2: Ездрӕ 6:1–12
№ 3: Спиритизмӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм? (td 39В)
№ 4: aХуыцау ӕмкъайадмӕ цы цӕстӕй кӕсы
30 янв. Библи кӕсын: Нееми 1–4 84 (190) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дзырдтӕ сыгъдӕг дзурынӕн цы хъӕуы (be 87 ф., 1 абз.–88 ф., 3 абз.)
№ 1: Разныхас Неемийы чиныгмӕ (bsi01 13, 14 фф., 1–5 абз.)
№ 2: Нееми 2:1–10
№ 3: Ӕппӕты ахсджиагдӕр цавӕр ӕдасдзинад у
№ 4: Хуыцау коммӕгӕс адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры ӕнусон цардӕй (td 43А)
6 фев. Библи кӕсын: Нееми 5–8 21 (46) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Раст дзур – цы хъӕуы зӕрдыл дарын (be 89 ф., 1 абз.–90 ф., 3 абз.)
№ 1: Библи кӕс алы бон дӕр (be 10 ф., 2 абз.–12 ф., 3 абз.)
№ 2: Нееми 5:1–13
№ 3: Уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты, «Чырыстийы буармӕ» чи хауы, ӕрмӕстдӕр уыдон (td 43Ӕ)
№ 4: «Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ» (Ӕмб. 4:23)
13 фев. Библи кӕсын: Нееми 9–11 71 (163) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы саразӕн ис, цӕмӕй раст дзурай (be 90 ф., 4 абз.–91 ф.)
№ 1: Ахуыр кӕнын хӕстыл нӕ, фӕлӕ сабырдзинадыл (w04 1.1. 4 ф., 8 абз.–5 ф., 6 абз.)
№ 2: Нееми 10:28–37
№ 3: Цӕмӕй бӕрӕг у Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы
№ 4: Ӕнусон царды ныфс ис «ӕндӕр фысты» (td 43Б)
20 февр. Библи кӕсын: Нееми 12, 13 51 (127) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас (be 93 ф., 1 абз.–94 ф., 3 абз.)
№ 1: Неемийы чиныг цы пайда у (bsi01 14, 15 фф., 16–19 абз.)
№ 2: Нееми 13:1–14
№ 3: Цы фӕнд ис Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй (td 16А)
№ 4: bӔгъатыр видеохъӕзтытӕ чырыстӕттӕн не сты
27 февр. Библи кӕсын: Есфир 1–5 96 (215) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас – цы ис саразӕн? (be 94 ф., 4 абз.–96 ф., 3 абз.; ӕнӕ фӕлгӕтӕй 95 ф.)
Дзургӕ фӕлхат
6 мартъи Библи кӕсын: Есфир 6–10 38 (85) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Къӕзӕнӕг куы уай, уӕд цы ис саразӕн (be 95 ф., фӕлгӕт)
№ 1: Разныхас Есфиры чиныгмӕ ӕмӕ цы пайда у (bsi01 15–17 фф., 1–6, 16–18 абз.)
№ 2: Есфир 6:1–10
№ 3: Фӕлмӕн ныхас маст сафы
№ 4: Зӕхх ӕдзӕрӕг никуы суыдзӕн (td 16Ӕ)
13 мартъи Библи кӕсын: Иов 1–5 69 (160) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дзургӕ-дзурын фӕлӕууын ӕрхӕцӕн нысӕнттыл ӕмӕ ног хъуыдымӕ хизгӕйӕ (be 97 ф., 1 абз.–98 ф., 5 абз.)
№ 1: Разныхас Иовы чиныгмӕ (bsi01 18, 19 фф., 1–6 абз.)
№ 2: Иов 2:1–13
№ 3: Дунейы бӕллӕхты Хуыцау аххосджын нӕу (td 38А)
№ 4: Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхи хъуыр-хъуыр кӕнынӕй цӕмӕн хизынц
20 мартъи Библи кӕсын: Иов 6–10 58 (138) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕрлӕууын хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн ӕмӕ байхъусынӕн (be 99 ф., 1 абз.–100 ф., 4 абз.)
№ 1: Монон хӕзнатӕ сты хуыздӕр (w04 1.11. 4 ф., 2 абз.–5 ф., 3 абз.)
№ 2: Иов 7:1–21
№ 3: Цы нысан кӕны зӕрдӕйӕ сыгъдӕг
№ 4: Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы (td 38А)
27 мартъи Библи кӕсын: Иов 11–15 4 (8) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕр (be 101 ф., 1 абз.–102 ф., 4 абз.)
№ 1: Куыд фӕхъусыс (be 13 ф., 1 абз.–14 ф., 4 абз.)
№ 2: Иов 12:1–25
№ 3: Хуыцау ӕвдисы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад (td 38Б)
№ 4: Уацамынд зӕрдӕрухсы хос цӕмӕн у
3 апр. Библи кӕсын: Иов 16–20 24 (50) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы дын баххуыс кӕндзӕн цавд хъӕугӕ дзырдтыл ӕвӕрынӕн (be 102 ф., 5 абз.–104 ф., 4 абз.)
№ 1: Куыд ис Хуыцаумӕ уарзондзинад ӕвдисӕн (w04-U 1.3. 19–21 фф.)
№ 2: Иов 16:1–22
№ 3: Адӕмы Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цӕмӕн бафӕнды
№ 4: cХуыцауы Паддзахад – иунӕг хос зындзинӕдтӕй фервӕзынӕн (td 38В)
10 апр. Библи кӕсын: Иов 21–27 62 (146) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕс (be 105 ф., 1 абз.–106 ф., 2 абз.)
№ 1: Монон хӕзнатӕ хӕссынц стыр хорзӕхтӕ (w04 1.11. 5 ф., 4 абз.–7 ф., 2 абз.)
№ 2: Иов 24:1–20
№ 3: Иегъовӕ дӕтты ӕгӕрон тых
№ 4: dЧырыстӕттӕ хъуамӕ Хуыцауы ном дзурой (td 18А)
17 апр. Библи кӕсын: Иов 28–32 23 (48) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цас хъӕрӕй дзурын хъӕуы (be 107 ф., 1 абз.–108 ф., 4 абз.)
№ 1: Хъусын ӕмбырды фембӕлдты ӕмӕ конгрессты (be 15 ф., 1 абз.–16 ф., 5 абз.)
№ 2: Иов 29:1–25
№ 3: Хуыцау ис, уый кӕцӕй зонӕм (td 18А)
№ 4: Йесо куыд ахуыр кодта, ууыл адӕм цӕмӕн дис кодтой
24 апр. Библи кӕсын: Иов 33–37 47 (112) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ахуыр кӕн хъӕрдӕр кӕнӕ сабырдӕр дзурын (be 108 ф., 5 абз.–110 ф., 2 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
1 май Библи кӕсын: Иов 38–42 35 (79) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хъӕлӕсы уаг ивын – кӕм хъӕрдӕр дзур, кӕм сабырдӕр (be 111 ф., 1 абз.–112 ф., 2 абз.)
№ 1: Иовы чиныг цы пайда у (bsi01 19–21 фф., 39–43 абз.)
№ 2: Иов 38:1–24
№ 3: Исай 60:22 абон куыд ӕххӕст кӕны?
№ 4: eХуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ис (td 18Б)
8 май Библи кӕсын: Псаломтӕ 1–9 74 (168) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хъӕлӕсы уаг ивын – кӕм тагъддӕр дзур, кӕм сындӕгдӕр (be 112 ф., 3 абз.–113 ф., 2 абз.)
№ 1: Разныхас Псаломты чиныгмӕ (1 хай) (bsi01 21, 22 фф., 1–5 абз.)
№ 2: Псалом 4:1–5:13
№ 3: fИууылдӕр уыцы иу Хуыцауӕн нӕ лӕггад кӕнынц (td 18В)
№ 4: Хӕц раст ахуырады хуызӕгыл
15 май Библи кӕсын: Псаломтӕ 10–17 97 (217) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ хъӕлӕс-иу кӕм бӕрзонддӕр фӕкӕн, кӕм та – ныллӕгдӕр (be 113 ф., 3 абз.–114 ф., 3 абз.)
№ 1: Разныхас Псаломты чиныгмӕ (2 хай) (bsi01 22–24 фф., 6–11 абз.)
№ 2: Псалом 13:1–15:6
№ 3: Ӕцӕг чырыстӕттӕ дунейӕ куыд не сты?
№ 4: Гуымирыты нывтӕн кувын Хуыцауы ӕгад кӕны (td 11А)
22 май Библи кӕсын: Псаломтӕ 18–24 80 (180) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Зӕрдиагӕй дзур (be 115 ф., 1 абз.–116 ф., 5 абз.)
№ 1: Ӕмбаргӕдзинад ӕхсызгон у (w04-U 7.15. 27 ф., 4 абз.–28 ф., 4 абз.)
№ 2: Псалом 21:1–23
№ 3: Израилӕгтӕ гуымирыты нывтӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй бабын сты (td 11Ӕ)
№ 4: gХуыцауы амындтӕ цы сты, цӕмӕн сӕм хъӕуы хъусын?
29 май Библи кӕсын: Псаломтӕ 25–32 85 (191) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхас цӕуыл у, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй дзур (be 117 ф., 1–5 абз.)
№ 1: Цы базонӕм, уый куыд ис хуыздӕр бахъуыды кӕнӕн (be 17 ф., 1 абз.–19 ф., 1 абз.)
№ 2: Псалом 29:1–30:9
№ 3: Ӕцӕгад адӕймаджы куыд сӕрибар кӕны?
№ 4: Хуыцауӕн саджил зӕрдӕйӕ кувӕн нӕй (td 11Б)
5 июнь Библи кӕсын: Псаломтӕ 33–36 20 (45) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Зӕрдӕйы хъарм (be 118 ф., 1 абз.–119 ф., 5 абз.)
№ 1: Куывдӕн ис стыр тых (w04 1.9. 14 ф., 6 абз.–15 ф., 10 абз.)
№ 2: Псалом 33:1–23
№ 3: Йесо у Хуыцауы Фырт ӕмӕ нысангонд Паддзах (td 21А)
№ 4: Гуымирытӕн кувынмӕ цы хауы ӕмӕ сӕ нӕхи куыд хизӕм?
12 июнь Библи кӕсын: Псаломтӕ 37–43 66 (155) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Зӕрдӕйы уаг ӕвдисын (be 119 ф., 6 абз.–120 ф., 5 абз.)
№ 1: Хуыцауы сыгъдӕг уд бахъуыды кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны (be 19 ф., 2 абз.–20 ф., 3 абз.)
№ 2: Псалом 39:1–18
№ 3: Ӕцӕг зонад Библийы ныхмӕ нӕу
№ 4: Йесо Чырыстийыл чи ӕууӕнды, уый фервӕздзӕн (td 21Ӕ)
19 июнь Библи кӕсын: Псаломтӕ 44–50 22 (47) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Уӕнгтӕ ӕмӕ цӕсгомы змӕлд цӕмӕн хъӕуы (be 121 ф., 1–4 абз.)
№ 1: Йесо кӕд ӕрцыд? (w04 1.3. 24 ф., фӕлгӕт)
№ 2: Псалом 45:1–46:10
№ 3: Йесойыл ӕрмӕст ӕууӕндын фаг нӕу (td 21Б)
№ 4: hКуыд ис гӕнӕн, ӕмӕ чырыстон уа ӕдых, фӕлӕ уыимӕ тыхджын? (2 Кор. 12:10)
26 июнь Библи кӕсын: Псаломтӕ 51–58 84 (190) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Уӕнгтӕ ӕмӕ цӕсгом змӕлын кӕнын (be 122 ф., 1 абз.–123 ф., 4 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
3 июль Библи кӕсын: Псаломтӕ 59–67 20 (45) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Уацамынды дӕ ныхасмӕхъусджытӕм кӕс (be 124 ф., 1 абз.–125 ф., 4 абз.)
№ 1: Иегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад цӕуыл дзурӕг у (w04 1.11. 31 ф.)
№ 2: Псалом 59:1–60:9
№ 3: Хуыцауы Закъӕттӕ куы халӕм, уӕд нӕ нӕ чырыстон хъуыддӕгтӕ сраст кӕндзысты?
№ 4: Адӕймаг монон ӕгъдауӕй сдзӕбӕх уа, уый ахсджиаг цӕмӕн у (td 14А)
10 июль Библи кӕсын: Псаломтӕ 68–72 65 (152) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхасмӕхъусджытӕм кӕс ныхасы рацӕугӕйӕ (be 125 ф., 5 абз.–127 ф., 1 абз.)
№ 1: Кӕсынмӕ зивӕг кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы? (be 21 ф., 1 абз.–23 ф., 3 абз.)
№ 2: Псалом 70:1–18
№ 3: Хуыцауы Паддзахад адӕмы низтӕй фервӕзын кӕндзӕн (td 14Ӕ)
№ 4: iЧырыстӕттӕ адӕмы цӕуылнӕ хъуамӕ хъулон кӕной
17 июль Библи кӕсын: Псаломтӕ 73–77 95 (213) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Уацамынды аразгӕ ныхас ма кӕн (be 128 ф., 1 абз.–129 ф., 1 абз.)
№ 1: Сӕрныллӕгдзинадыл кусӕм ӕмӕ Хуыцауӕн адджын уӕм (w04 1.8. 21 ф., 15 абз.–23 ф., 18 абз.)
№ 2: Псалом 74:1–75:13
№ 3: Иегъовӕйы куыд хъуамӕ агурӕм? (Соф. 2:3)
№ 4: Абон бирӕтӕ Хуыцауы номӕй кӕй дзӕбӕх кӕнынц, уый сын Хуыцауӕй лӕвӕрд у? (td 14Б)
24 июль Библи кӕсын: Псаломтӕ 78–85 47 (112) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Аразгӕ ныхас ма кӕн сценӕйыл (be 129 ф., 2 абз.–130 ф., 1 абз.)
№ 1: «Рӕстгӕнджыты цатыр дидин калдзӕн» (w04-U 11.15. 26 ф., 1 абз.–28 ф., 2 абз.)
№ 2: Псалом 81:1–82:19
№ 3: Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат уыди рӕстӕгмӕ (td 14В)
№ 4: Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон у Хуыцауы зӕрдӕ ссарын?
31 июль Библи кӕсын: Псаломтӕ 86–90 27 (57) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Аразгӕ ныхас ма кӕн, иннӕтӕн куы фӕкӕсыс, уӕд (be 130 ф., 2–4 абз.)
№ 1: «Зонындзинӕдтӕ ӕнцонӕй къухы куы ӕфтой» ӕмӕ нын зонд фӕндагамонӕг куы уа (w04-U 11.15. 28 ф., 3 абз.–29 ф., 7 абз.)
№ 2: Псалом 88:1–22
№ 3: Библи ахуыр кӕнын хауы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ
№ 4: Йесойы цӕджындзыл цӕмӕн байтыгътой? (td 15А)
7 авг. Библи кӕсын: Псаломтӕ 91–100 84 (190) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Нӕ сыгъдӕгдзинад хорз хабар рӕсугъд кӕны (be 131 ф., 1–3 абз.)
№ 1: Ахуыр кӕнын куыд хъӕуы (be 27 ф., 1 абз.–31 ф., 2 абз.)
№ 2: Псалом 91:1–92:5
№ 3: Чырыстӕттӕн дзуарӕн кувын ӕмбӕлы? (td 15Ӕ)
№ 4: Хӕрзӕгъдау цард кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у
14 авг. Библи кӕсын: Псаломтӕ 101–104 57 (136) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕймаг хӕдӕфсарм ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст кӕй у, уый йӕ конд ӕмӕ уындыл куыд зыны (be 131 ф., 4 абз.–132 ф., 3 абз.)
№ 1: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о, Иегъовӕ!» (w04-U 11.15. 8, 9 фф.)
№ 2: Псалом 103:1–24
№ 3: Ма бафынӕй ут – цӕуылнӕ?
№ 4: Донаргъуыд хауы алы чырыстонмӕ дӕр (td 13А)
21 авг. Библи кӕсын: Псаломтӕ 105–108 89 (201) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дарӕс аив цӕмӕн хъуамӕ уа (be 132 ф., 4 абз.–133 ф., 1 абз.)
№ 1: Ӕрыгӕттӕ – уе ’мгӕртты зондыл ма цӕут (w04-U 10.15. 22 ф., 4 абз.–24 ф., 5 абз.)
№ 2: Псалом 106:20–43
№ 3: Донаргъуыд нӕ сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй (td 13Ӕ)
№ 4: Цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон Хуыцауы фӕзмын?
28 авг. Библи кӕсын: Псаломтӕ 109–117 28 (58) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Нӕ конд ӕмӕ нӕ уындӕй цӕлхдур никӕмӕн стӕм (be 133 ф., 2–4 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
4 сент. Библи кӕсын: Псалом 118 85 (191) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Куыд фӕлӕууӕм ӕмӕ сыгъдӕг «кусӕнгӕрзтӕ» (be 134 ф., 1–5 абз.)
№ 1: Ахуыр кӕнын у арфӕйаг хъуыддаг (be 31 ф., 3 абз.–32 ф., 4 абз.)
№ 2: Псалом 118:25–48
№ 3: Цӕмӕн хъӕуы аргъ кӕнын хицӕуттӕн
№ 4: Туг у табуйаг, буары йӕ уадзӕн нӕй (td 32А)
11 сент. Библи кӕсын: Псаломтӕ 119–133 51 (127) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы саразӕн ис, цӕмӕй дзургӕйӕ къаддӕр тыхсай (be 135 ф., 1 абз.–137 ф., 2 абз.)
№ 1: Ӕууӕнчы аккаг зӕрдӕвӕрдтӕ (w04-U 1.15. 4–7 фф.)
№ 2: Псалом 120:1–122:4
№ 3: Цымӕ адӕймаг йӕ цард цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ фервӕзын кӕна? (td 32Ӕ)
№ 4: Цы у гиперболӕ ӕмӕ дзы Йесо куыд пайда кодта?
18 сент. Библи кӕсын: Псаломтӕ 134–140 49 (114) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хиуыл хӕцынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн (be 137 ф., 3 абз.–138 ф., 5 абз.)
№ 1: Псаломты чиныг цы пайда у (1 хай) (bsi01 24, 25 фф., 23–27 абз.)
№ 2: Псалом 135:1–26
№ 3: Ӕрымысӕн изӕр иумӕйаг фынг куыд у?
№ 4: jМӕнг пехуымпарты базонӕн куыд ис (td 26А)
25 сент. Библи кӕсын: Псаломтӕ 141–150 35 (79) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цӕмӕн хъӕуы хъӕлӕс фӕтыхджындӕр кӕнын (be 139 ф., 1абз.–140 ф., 2 абз.)
№ 1: Псаломты чиныг цы пайда у (2 хай) (bsi01 25, 26 фф., 28–32 абз.)
№ 2: Псалом 141:1–142:12
№ 3: kӔндӕр динтимӕ иу кӕнын ӕцӕг иудзинадӕн ницы ӕххуыс у (td 6А)
№ 4: Иннӕтыл нӕхицӕй тынгдӕр куыд хъуамӕ тыхсӕм?
2 окт. Библи кӕсын: Ӕмбисӕндтӕ 1–6 21 (46) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Микрофонӕй раст пайда кӕн (be 140 ф., 3 абз.–142 ф., 1 абз.)
№ 1: Разныхас Фӕсномыг ныхӕсты чиныгмӕ (1 хай) (bsi01 26, 27 фф., 1–5 абз.)
№ 2: Ӕмбисӕндтӕ 5:1–23
№ 3: «Алкӕцы дины дӕр хорзӕй цыдӕр ис» – раст хъуыды нӕу (td 6Ӕ)
№ 4: l«Таурӕгътӕ» хъус-хъус ма дзурут (2 Тим. 4:4)
9 окт. Библи кӕсын: Ӕмбисӕндтӕ 7–11 79 (177) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Библийӕн дӕтт «дзырды бар» (be 143 ф., 1–3 ф.)
№ 1: Разныхас Фӕсномыг ныхӕсты чиныгмӕ (2 хай) (bsi01 28, 29 фф., 6–11 абз.)
№ 2: Ӕмбисӕндтӕ 7:1–27
№ 3: Чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый ахъаз у не ’фсымӕрады иудзинадӕн
№ 4: Хуыцау цы куывтытӕ хъусы (td 22А)
16 окт. Библи кӕсын: Ӕмбисӕндтӕ 12–16 80 (180) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы хъӕуы, цӕмӕй Библийӕ пайда кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай (be 144 ф., 1–4 абз.)
№ 1: Куыд ис ӕндӕр кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнӕн (be 35 ф., 3 абз.–38 ф., 4 абз.)
№ 2: Ӕмбисӕндтӕ 14:1–21
№ 3: Иуӕй-иу куывтытӕ дзӕгъӕлы цӕмӕн сты (td 22Ӕ)
№ 4: Цы нын баххуыс кӕндзӕн фембӕлдты лӕмбынӕг хъусынӕн?
23 окт. Библи кӕсын: Ӕмбисӕндтӕ 17–21 24 (50) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхасмӕхъусджыты разӕнгард кӕн Библи гом кӕнынмӕ (be 145, 146 фф.)
№ 1: Фӕсномыг ныхӕсты чиныг цы пайда у (1 хай) (bsi01 29–31 фф., 19–28 абз.)
№ 2: Ӕмбисӕндтӕ 17:1–20
№ 3: Чырыстӕттӕ ацӕргӕтӕм цы цӕстӕй кӕсынц
№ 4: aУӕлӕрвтӕм ацӕудзӕн ӕрмӕстдӕр 144 000 (td 33А)
30 окт. Библи кӕсын: Ӕмбисӕндтӕ 22–26 33 (72) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цӕмӕн хъӕуы стих бакӕсыны размӕ цалдӕр ныхасы зӕгъын (be 147 ф., 1 абз.–148 ф., 2 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
6 нояб. Библи кӕсын: Ӕмбисӕндтӕ 27–31 76 (172) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Стихтӕ бакӕсыны размӕ цы зӕгъдзынӕ, ууыл хъуыды кӕн (be 148 ф., 3 абз.–149 ф., 3 абз.)
№ 1: Фӕсномыг ныхӕсты чиныг цы пайда у (2 хай) (bsi01 31, 32 фф., 29–38 абз.)
№ 2: Ӕмбисӕндтӕ 28:1–18
№ 3: Марийӕ уыд Йесойы мад, «Хуыцауы ныййарӕг» нӕ уыд (td 24А)
№ 4: Уацамынды адӕмӕн сӕ уындмӕ цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм
13 нояб. Библи кӕсын: Екклесиаст 1–6 14 (34) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Аив кӕсын – зӕрдӕбынӕй кӕсын (be 150 ф., 1, 2 абз.)
№ 1: Разныхас Екклесиасты чиныгмӕ (bsi02-1 3, 4 фф., 1–8 абз.)
№ 2: Екклесиаст 5:1–15
№ 3: Библийы ӕцӕгад зондджынтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй куыд ӕмбӕхст у? (Матф. 11:25)
№ 4: Библийӕ зыны Марийӕ ӕнӕцыд чызгӕй кӕй нӕ баззад (td 24Ӕ)
20 нояб. Библи кӕсын: Екклесиаст 7–12 16 (37) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хъӕугӕ дзырдтӕ кӕс тыхджындӕр хъӕлӕсӕй (be 150 ф., 3 абз.–151 ф., 3 абз.)
№ 1: Екклесиасты чиныг цы пайда у (bsi02-1 5, 6 фф., 15–19 абз.)
№ 2: Екклесиаст 9:1–12
№ 3: Фыдӕлтӕн кувын цӕуылнӕ хъӕуы? (td 37А)
№ 4: Хӕлӕг кӕнын ӕвзӕр цӕмӕн у?
27 нояб. Библи кӕсын: Соломоны зарӕг 1–8 67 (156) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дзырдты стырдӕр тых бавӕрыны мадзӕлттӕ (be 151 ф., 4 абз.–152 ф., 5 абз.)
№ 1: Разныхас Соломоны зарӕджы чиныгмӕ ӕмӕ цы пайда у (bsi02-1 6–8 фф., 1–4, 16–18 абз.)
№ 3: Чырыстӕттӕн сӕ дарӕс цӕмӕн хъуамӕ уа аив, сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсӕрмдзинадыл дзурӕг?
№ 4: Адӕмӕн нӕ бон у кад кӕнын, фӕлӕ кувын та хъӕуы ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн – цӕмӕн? (td 37Ӕ)
4 дек. Библи кӕсын: Исай 1–5 23 (48) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Библийы стихтӕ раст ӕмбарын кӕн (be 153 ф., 1 абз.–154 ф., 3 абз.)
№ 1: Разныхас Исайы чиныгмӕ (bsi02-1 8–10 фф., 1–8 абз.)
№ 2: Исай 3:1–15
№ 3: Цы нысан кӕны «бӕстысӕфт» (td 36А)
№ 4: bЧырыстӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ уой «сындӕг мӕсты кӕнынмӕ» (Иак. 1:19)
11 дек. Библи кӕсын: Исай 6–10 90 (204) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Стих цӕмӕн ӕрхастай, уый дзӕбӕх бамбарын кӕн (be 154 ф., 4 абз.–155 ф., 4 абз.)
№ 1: Пълан аразын куыд хъӕуы (be 39–42 фф.)
№ 2: Исай 10:1–14
№ 3: Хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
№ 4: Фӕстаг бонты бӕлвырдгӕнӕнтӕм хъус дарын (td 36Ӕ)
18 дек. Библи кӕсын: Исай 11–16 22 (47) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхас Фыстадыл араз (be 155 ф., 4 абз.–156 ф., 4 абз.)
№ 1: Ӕрыгӕттӕ – уӕ ныййарджыты уадзут, цӕмӕй уын уӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнынӕн ӕххуыс кӕной (w04-U 10.15. 20 ф., 1 абз.–22 ф., 3 абз.)
№ 2: Исай 11:1–12
№ 3: cФыццаг чырыстӕттӕ нӕ кодтой гуырӕнбонтӕ ӕмӕ Цыппурс (td 9А)
№ 4: Ӕцӕг чырыстӕттӕ Армагеддоны нӕ хӕцдзысты
25 дек. Библи кӕсын: Исай 17–23 25 (53) зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕмбарын кӕн, царды кӕм бахъӕудзӕн (be 157 ф., 1 абз.–158 ф., 1 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
[Фиппаинӕгтӕ]
a Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
b Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
c Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
d Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
e Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
f Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
g Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
h Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
i Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
j Ацы ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ равзар, бынӕттон уавӕрты спайда кӕнӕн кӕмӕй ис, цалдӕр ахӕм ахсджиаг хъуыдыйы.
k Ацы ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ равзар, бынӕттон уавӕрты спайда кӕнӕн кӕмӕй ис, цалдӕр ахӕм ахсджиаг хъуыдыйы.
l Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
a Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
b Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
c Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.