Стъалытау чи ӕрттивы, уыцы фӕсивӕд
1. Библи куыд ӕвдисы, чырыстӕттӕ бӕрӕг кӕй дардзысты, уый, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ абоны ӕрыгон чырыстӕттӕм куыд хауынц?
1 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах стут дунейы рухс» (Матф. 5:14, 16, НТ). Хохы сӕрыл цы горӕт ӕвӕрд ис ӕмӕ хуры тынтӕм чи ӕрттивы, уыйау уыдон дӕр хъуамӕ бӕрӕг дардтаиккой. Абон дӕр, сӕ ӕгъдауджын уагахаст ӕмӕ зӕрдиаг лӕггады руаджы, бирӕ ӕрыгон чырыстӕттӕ «стъалытау ӕрттивынц» ацы дунейы (Фил. 2:15, НТ; Мал. 3:18).
2. Цавӕр фадӕттӕй у дӕ бон пайда кӕнын, цӕмӕй дӕ ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ де ’мкъласонтӕн хъусын кӕнай?
2 Скъолайы. Куыд у дӕ бон скъолайы хъусын кӕнын? Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ уымӕн фадат ссарынц, къласы ныхас куы фӕцӕуы, зӕгъӕм, наркотикты, эволюцийы ӕмӕ терроризмы тыххӕй. Иу хо, къласы сын терроризмы тыххӕй ныффыссын куы бахӕс кодтой, уӕд йӕ уацмысы ныффыста, адӕмӕн се ’цӕг ныфс Хуыцауы Паддзахад кӕй у, уый тыххӕй. Ахуыргӕнӕг бадис кодта йӕ арфхъуыдыджын уацмысыл, йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди ӕмӕ йын нӕ хо Хуыцауы тыххӕй фылдӕр радзырдта.
3. Куыд у дӕ бон скъолайы стъалыйау рухс кӕнын дӕ уагахасты руаджы?
3 Ноджы ма иу фадат стъалытау рухс кӕнынӕн – хорз уагахаст ӕмӕ уӕздан уӕлӕдарӕс (1 Кор. 4:9; 1 Тим. 2:9). Де ’мкъласонтӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ куы уыной, дӕ хорз уагахастӕй бӕрӕг кӕй дарыс, уӕд сӕ чи зоны, кӕйдӕрты бафӕнда ӕцӕгад базонын, ӕмӕ дын фӕзындзӕн фадат хъусын кӕнынӕн (1 Пет. 2:12; 3:1, 2). Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ дарай дӕхи, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнцон ма уа, фӕлӕ дын Иегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кӕндзӕн (1 Пет. 3:16, 17; 4:14). Цӕмӕй дын хорз хабарыл аныхас кӕнынӕн фадат фӕзына, уый тыххӕй дӕ бон у урокты ’хсӕн нӕ литературӕ кӕсын. Кӕнӕ-иу ӕй иннӕтӕ кӕм уыной, ахӕм ран сӕвӕр.
4. Скъолайы хъусын кӕнын хорз цӕмӕн у?
4 Скъолайы дӕ рухс куы не ’мбӕхсай, уӕд дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ сӕрыстыр уыдзынӕ, Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уымӕй (Иер. 9:24). Стӕй ма дӕ уый хъахъхъӕнгӕ дӕр кӕны. Иу хо загъта: «Скъолайы мӕ дины тыххӕй кӕй фӕдзурын, уый руаджы мӕ иннӕтӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ фӕцӕудзӕн, уымӕ нӕ фӕамидин кӕнынц».
5. а) Иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ фылдӕр лӕггад кӕнын куыд райдайынц? ӕ) Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрыс?
5 Фылдӕр лӕггад кӕнын. Ӕрыгӕттӕй ма бирӕтӕ стъалытау ӕрттивынц, фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдайынц, уый фӕрцы. Иу ӕфсымӕр, скъола каст куы фӕци, уӕд райдыдта лӕггад кӕнын, хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кӕм хъуыди, ахӕм ран. Цы гыццыл ӕмбырды лӕггад кодта, уым уыд ӕрмӕстдӕр иу хистӕр нӕлгоймаг. «Тынг райгонд дӕн алцӕмӕйдӕр,– фыста уый йе ’мбалмӕ.– Ам хъусын кӕнын у стыр цины хос! Алы дуары раз дӕр 20 минуты бӕрц фӕныхас кӕнӕм – адӕм хъусынц, цыдӕриддӕр сын дзурӕм, уымӕ». Уыцы ӕфсымӕр ма загъта: «Бӕргӕ, нӕ фӕсивӕдӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон афтӕ бакӕнын куы уаид ӕмӕ ӕз цы ӕнкъарын, уый куы банкъариккой! Уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнай».
6. Де ’мбырды фӕсивӕдӕй цӕй тыххӕй дӕ сӕрыстыр?
6 Нӕ фӕсивӕд, куыд сӕрыстыр уӕ стӕм, ацы дунейы стъалытау кӕй ӕрттивут! (1 Фес. 2:20). Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ куы лӕггад кӕнай, уӕд райсдзынӕ «ныридӕгӕн, ацы заманы, фондзыссӕдз хатты фылдӕрӕй... ӕрцӕуинаг дунейы та – мыггагмӕйы цард» (Маркы 10:29, 30; 12:30, НТ).