Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2006 азы 26 июнӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2006 азы 1 майӕ райдайгӕ къуырийӕ 26 июнӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Цы у хъӕлӕсы уаг ивын ӕмӕ уый цӕмӕн хъӕуы? (be 111 ф., фӕлгӕттӕ).
2. Раныхасы рӕстӕджы нӕ бон куыд у, кӕм тагъддӕр дзурын, кӕм та – сындӕгдӕр? (be 112 ф., 3 абз.–113 ф., 2 абз., фӕлгӕт).
3. Цы нын фӕахъаз уыдзӕн, цӕмӕй нӕ раныхас зӕрдиагӕй дзурӕм ӕмӕ уый цӕмӕн хъӕуы? (be 115 ф., 1 абз.–116 ф., 3 абз., фӕлгӕттӕ).
4. Иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ нӕ зӕрдӕйы хъарм цӕмӕн хъӕуы ӕвдисын ӕмӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн? (be 118 ф., 2 абз.–119 ф., 5 абз.).
5. Искӕимӕ ныхасгӕнгӕйӕ уӕнгтӕ ӕмӕ цӕсгомы змӕлд цӕмӕн хъӕуы, уый бамбарын кӕн (Матф. 12:48, 49) (be 121 ф., фӕлгӕттӕ).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Иовы чиныг Иегъовӕйы куыд кадджын кӕны ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ куыд бӕрзонд кӕны? (bsi06 13 ф., 39, 41 абз.).
7. Псаломтӕ ӕууӕнчы аккаг кӕй сты, уый цӕмӕй зыны? (bsi06 16 ф., 10 абз.–17 ф., 11 абз.).
8. Ӕмбисӕндты 13:16 дзырд «ӕмбаргӕдзинад» цы нысан кӕны? Бамбарын ӕй кӕн (w04-U 7.15. 28 ф., 3, 4 абз.).
9. Хуыцауы сыгъдӕг уд нын куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ уый цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна? (Иоан. 14:25, 26) (be 19 ф., 2, 3 абз.).
10. Йесо куыд ӕрцӕуы ӕмӕ Матфейы 16:28 Йесо цавӕр «ӕрцыды» кой кӕны? (w04 1.3. 24 ф., фӕлгӕт).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Иовы 42:1–6 Иов Иегъовӕйӕн цы дзуапп радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
12. Адӕмыхӕттытӕ цы «дзӕгъӕл фӕнд кӕнынц», уый цы у? (Пс. 2:1, 2).
13. Цавӕр бындуртӕ ӕрцӕудзысты хӕлд? (Пс. 10:3, НД).
14. Ӕнӕрвӕссон адӕймагӕн «уӕлдайджынтӕй» фыст куыд ӕрцӕуы? (Пс. 30:24).
15. 39 псалом нын цавӕр удӕнцой дӕтты, цӕмӕй фӕразӕм нӕ тӕригъӕдджын буары ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ ацы цардӕвӕрды алыхуызон бӕллӕхтӕн? (Пс. 39:1, 2, 5, 12).