Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 6/06 3 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
km 6/06 3 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Июнь: чиныг «Ахуыр кӕн Номдзыд Ахуыргӕнӕгӕй». Адӕймаг куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд ын раттӕн ис чиныг «Бинонты амонды сусӕгдзинад». Июль ӕмӕ август: ӕмбырды цы 32-фарсон брошюрӕтӕ ис, уыдон. Сентябрь: чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры». Архай, адӕймагмӕ фыццаг хатт куы бацӕуай, уӕд йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Чиныг кӕмӕндӕриддӕр радтай, уыдонмӕ ногӕй бацу, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай.

◼ Июлы фондз сабат ӕмӕ хуыцаубоны кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ уый тынг хорз фадат у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнынӕн.

◼ Кинонывыл «Фӕсивӕды фарстытӕ. Куыд ис ссарӕн ӕцӕг хӕлӕрттӕ?» ныхас цӕудзӕн сентябры хъусын кӕныны фембӕлдтӕй иуы. Кӕд хъӕуы, уӕд сӕ уӕ бон у рафыссын ӕмбырды уылты, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр.

◼ 2006 азы 19 февралы Гатчинӕйы (Ленинграды облӕст) Иегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады зал. Программӕмӕ байхъуыста 136 адӕймаджы.

◼ Ӕппӕт ӕмбырдтӕ ӕмӕ хицӕн къордтӕй курӕм, цӕмӕй 2007 азӕн рафыссой къӕлиндартӕ, «Ӕрвылазон чингуытӕ», къаннӕг чингуытӕ «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ», 2006 азы 1 июлӕй фӕстӕдӕр нӕ. Кӕс фиппаинаг ног публикациты тыххӕй фыстӕджы «Хъусинаг ӕппӕт ӕмбырдтӕн дӕр», 2006 азы 10 апрелӕй.

◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, нӕ филиалы бӕрны цы бӕстӕтӕ ис, уым нын фӕстаг мӕйты уацамынды цы бантыст, уый тыххӕй. 2006 азы февралы Сомихы уыди 1 251 ӕххӕстрӕстӕг пионеры, зӕгъӕн ис, алы ӕвдӕм хъусынгӕнӕг дӕр пионер у. Азербайджаны февралы Библи ахуыр кодтой 903 адӕймагимӕ, зӕгъӕн ис, алы хъусынгӕнӕгмӕ дӕр дзы хауы 1,7 Библийы ахуыры. Беларусы февралы паддзахады хъусынгӕнджытӕ уыдысты 3 910, фӕд-фӕдыл дзы дыккаг хатт ис уыйбӕрц хъусынгӕнджытӕ. Гуырдзыстоны дӕр февралы уыд 15 761 хъусынгӕнӕджы, уымӕй уӕлдай ма октябрӕй фӕстӕмӕ алы мӕй дӕр фылдӕр кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ ӕмӕ февралы уыдысты 1 934 адӕймаджы. Хъазахстаны февралы уыд 14 889 хъусынгӕнӕджы ӕмӕ 1 614 пионеры. Хъыргъызстан дӕр зӕрдӕ барухс кодта, февралы дзы 564 ӕххӕстрӕстӕг пионеры кӕй уыд, уымӕй. Зӕгъӕн ис ӕмӕ дзы алы ӕвдӕм хъусынгӕнӕг дӕр у пионер. Цин кӕнӕм, Уӕрӕсейы 2005 азы ноябрӕй фӕстӕмӕ алы мӕй дӕр ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ кӕй фылдӕр кӕнынц, ууыл. Февралы уыдысты 17 333. Нӕ территорийы иннӕ бӕстӕты дӕр хорз ӕнтыстытӕ ис. Уымӕй бӕрӕг у, ацы фӕстаг бонты Иегъовӕ йӕ адӕмы зӕрдиаг лӕггадӕн кӕй арфӕ кӕны.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын