Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Май: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр». Дӕттӕн ма ис трактаттӕ «Чи у Иегъовӕ?», «Чи у Йесо Чырысти?» Ӕрымысӕн изӕры йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыцы адӕмӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ бацӕуыныл бацархай. Дӕ нысан уӕд семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Июнь: Чиныг «Кувут иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн», трактаттӕ «Ацы дуне фервӕздзӕн?» ӕмӕ «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Июль ӕмӕ август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Бацархай искӕимӕ фыццаг бацыдӕй Библи ахуыр кӕнын райдайын. Кӕд адӕймагмӕ ацы чиныг ис, уӕд ын цыбыртӕй равдис, куыд ис Библи ахуыр кӕнӕн. Октябрь: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн ратт трактат «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?» ӕмӕ бацархай семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл.
◼ Хистӕр нӕлгоймӕгты совет хъуамӕ ӕркӕса, 2006 азы 6 июлӕй ӕрдзон бӕллӕхтӕм цӕттӕ кӕныны тыххӕй цы писмо уыд, уымӕ, ӕмӕ базоной, алы хъусынгӕнӕгӕн дӕр ныр цы адрис ӕмӕ телефоны номыртӕ ис, уыдон. Ӕрдзон бӕллӕхтӕ арӕх кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты ма фӕхъӕуы ӕндӕр информаци дӕр, цӕмӕй ӕнӕнхъӕлӕджы исты хабар куы ’рцӕуа, уӕд хъусынгӕнджыты ссарӕн уа. Уымӕй уӕлдай ма хорз уаид, хъусынгӕнджытӕ-иу куы фӕхабар кӕниккой сӕ чиныгахуыры цӕстдарӕг кӕнӕ ӕндӕр хистӕр нӕлгоймагмӕ, бирӕ рӕстӕг хӕдзары кӕй нӕ уыдзысты, зӕгъӕм, кӕдӕмдӕр цӕуынц улӕфынмӕ кӕнӕ кусынмӕ, рынчындоны схуысдзысты ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 16.06.07 Таганрог; 10.11.07 Тверь; 24.11.07 Новокузнецк ӕмӕ станицӕ Курсавка (Стъарапъол); 25.11.07 станицӕ Подгорная (Стъарапъол); 09.12.07 Чехов (Мӕскуыйы обл.); 15.12.07 Элиста (Калмыки) ӕмӕ Чебоксары (2 залы); 22.12.07 Новошахтинск (Ростовы обл.); 23.12.07 Нефтекумск; 29.12.07 Омск, ул. Энтузиастов; 30.12.07 Челябинск; 05.01.08 Светлоград; 19.01.08 Новопавловск (Стъарапъол); 26.01.08 поселок Хор ӕмӕ Переяславка (Хабаровск).