Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/08 2 ф.
  • Фембӕлдты уыдзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фембӕлдты уыдзӕн
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Сӕргӕндтӕ
  • 11 августӕй райдайгӕ къуыри
  • 18 августӕй райдайгӕ къуыри
  • 25 августӕй райдайгӕ къуыри
  • 1 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
km 8/08 2 ф.

Фембӕлдты уыдзӕн

11 августӕй райдайгӕ къуыри

30 зарӕг

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Хъусджыты бафӕрс, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статьятӕй адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы фӕцӕудзӕн. Уацамынды дзы цавӕр хъуыдытӕй спайда кӕндзысты? Цавӕр фарстӕй райдайдзысты сӕ ныхас? Статьяйӕ кӕцы стих ис бакӕсӕн? Равдис, куыд ис журнал дӕттӕн, уый.

15 мин. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм ӕнӕ къуылымпыйӕ. Ныхас арӕзт у чиныгыл «Следуй за мной», 93 ф., 12, 13 абз.

20 мин. «Уацамынды „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ӕй арӕхстджынӕй пайда кӕныс?»a Интервью, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы рубрикӕтӕй искӕцыйӕ хорз чи пайда кӕны, ахӕм хъусынгӕнӕгимӕ. Ис равдыст бацӕттӕ кӕнӕн дӕр. Стӕй ма 2 абзацмӕ гӕсгӕ равдис, куыд ис Библи ахуыр кӕнын райдайӕн рубрикӕйӕ «Цы нын дзуры Чырысти» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», июль-сентябрь).

9 зарӕг

18 августӕй райдайгӕ къуыри

56 зарӕг

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕй». Аныхас кӕн статьяйыл «Ног районон конгрессы программӕ». Районон конгресс кӕд уыдзӕн, уый кӕд бӕрӕг у, уӕд ӕй фехъусын кӕн. Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй иннӕ къуыри семӕ ӕрбахӕссой «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (июль-сентябрь). Дзурдзыстӕм, уацамынды нӕ ныхас цӕмӕй райдайдзыстӕм, ууыл.

20 мин. Нӕ дарӕс ӕмӕ кондӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. Ныхас кӕны хистӕр нӕлгоймаг. Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕм дӕр хъуамӕ сыгъдӕг уой (Рац. 30:17–21; 40:30–32). Нӕ дарӕс ӕмӕ нӕ уындӕй фӕзминаг куы уӕм, уӕлдайдӕр уацамынды, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ йын кад хӕсдзыстӕм (1 Пет. 2:12). Афтӕ куы нӕ уа, уӕд адӕм «Хуыцауы ныхас» фаудзысты (Тит. 2:5). Радзур, дӕхӕдӕг кӕй зоныс, йе та нӕ литературӕйы фыст чи уыд, ахӕм хабар: хъусынгӕнӕгӕн йӕ конд ӕфсармыл дзурӕг кӕй уыд, уый йӕ уацамындыл хорзырдӕм фӕзынд.

15 мин. Сывӕллӕттӕ уӕндонӕй хъусын кӕнынц. Раныхас, тагъд та ахуыр кӕнын чи райдайдзӕн, уыцы сывӕллӕттӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн. Сывӕллӕтты баразӕнгард кӕн, цӕмӕй алы фадатӕй дӕр пайда кӕной ӕмӕ хорз хабар дзурой. Рӕстӕг куы амона, уӕд зӕгъ, цӕмӕй исчи радзура, скъолайы куыд фӕхъусын кӕны, уый тыххӕй.

13 зарӕг

25 августӕй райдайгӕ къуыри

79 зарӕг

15 мин. Хъусинӕгтӕ. Бакӕс ӕхцайы хыгъд ӕмӕ мысайнӕгты тыххӕй арфӕйы писмо. Аныхас кӕн статьяйыл «Иубонон конгрессы ног программӕ». Конгресс кӕд уыдзӕн, уый кӕд бӕрӕг у, уӕд ӕй фехъусын кӕн.

15 мин. Ӕркӕсинаг фарстатӕ.

15 мин. Цӕттӕ кӕн журналтӕ парахат кӕнынмӕ. Ныхас хъусджытимӕ. Цыбыртӕй аныхас кӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ыл (июль-сентябрь). Хъусджыты бафӕрс, адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы статья фӕцӕудзӕн ӕмӕ цӕмӕн. Уацамынды журналӕй цавӕр хъуыдытӕй спайда кӕндзысты? Цавӕр фарстӕй райдайдзысты сӕ ныхас? Статьяйӕ кӕцы стих ис бакӕсӕн? Равдис, куыд спайда кӕнӕн ис «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» цӕвиттонӕй. Хистӕр нӕлгоймаг цыбыртӕй равдисӕд, уӕ территорийы хуыздӕр чи уыдзӕн, уыцы статьямӕ гӕсгӕ куыд ис журнал дӕттӕн.

6 зарӕг

1 сентябрӕй райдайгӕ къуыри

47 зарӕг

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй августӕн уацамынды хыгъд раттой.

20 мин. «Уыдон рох не сты». Раныхас арӕзт у 2008 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 25–28 фӕрстыл. Ӕмбырдӕй зӕрӕдты хӕдзары чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты нӕмттӕ зӕгъ. Кӕд уӕм ахӕмтӕ нӕй, уӕд аныхас кӕн, статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдоныл, цӕмӕй ӕмбырд ӕххуыс кӕна, рынчын чи у кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй ӕмбырды хъуыддӕгты йӕ бон бирӕ аразын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн.

15 мин. Сентябры адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайдзыстӕм фыццаг бацыдӕй. Ныхас хъусджытимӕ. Сентябры дӕтдзыстӕм чиныг «Библи цы дзуры» ӕмӕ-иу бацархайдзыстӕм, цӕмӕй фыццаг бацыды рӕстӕг адӕймагимӕ цалдӕр абзацыл аныхас кӕнӕм. 2006 азы январы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 3–6 фӕрстыл цы уынаффӕтӕ уыд, уыдоныл аныхас кӕн ӕмӕ иу-дыууӕ цӕвиттоны равдис, фыццаг бацыдӕй адӕймагимӕ куыд ис Библи ахуыр кӕнын райдайӕн, уый.

38 зарӕг.

[Фиппаинаг]

a Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын