Программӕ 12 январӕй райдайгӕ къуырийӕн
12 ЯНВАРӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
□ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ:
□ Хъусынгӕнджыты скъола:
Библийӕ кӕсӕм: Райдиан 6–10
№ 1: Матфейы 10:1–23
№ 2: Ӕнӕуынгӕ аргъуан арӕзт у Чырыстийыл (td 2А)
№ 3: Уарзӕгой Хуыцауы писмо (lr 2 сӕр)
□ Хъусын кӕныны фембӕлд:
5 мин. Хъусинӕгтӕ.
10 мин. Раст зӕрдӕйы уагимӕ лӕггад кӕнын хорз у. Ныхас хъусджытимӕ. Йесо Чырысти нын фӕзминаг у, уымӕн ӕмӕ кӕмӕн хъусын кодта, уыдоны нымадта, ӕххуыс кӕнын кӕмӕн хъӕуы, ахӕм фыстыл (Матф. 9:36–38). Кӕд Анани райдианы Савлмӕ ацӕуын нӕ уӕндыд, уӕд стӕй йӕ хъуыды цӕй фӕрцы аивта? (Ап. хъ. 9:13–15). Раст зӕрдӕйы уаг ын кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? (Ап. хъ. 9:17). Мах та нӕ участокы адӕмимӕ раст зӕрдӕйы уагимӕ цӕмӕн хъуамӕ ныхас кӕнӕм? Раст зӕрдӕйы уаг нын куы уа, уӕд нӕ уацамындыл хорзырдӕм куыд фӕзындзӕн? Цыбыр интервью иу-дыууӕ хъусынгӕнӕгимӕ: раст зӕрдӕйы уаг сын кӕй ис, уый фӕрцы уацамынды ӕнтыстджын сты.
10 мин. Куыд пайда кӕнӕм чиныгӕй «Рассуждение с помощью Писаний»? Ныхас кӕны уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг кӕнӕ ӕндӕр хистӕр нӕлгоймаг. Йӕ ныхас арӕзт у чиныгыл «Рассуждение», 7, 8 фф.
10 мин. «Адӕмӕн хорз хабар чи хъусын кӕндзӕн?»a
[Фиппаинаг]
a Дӕ разныхас хъуамӕ уа минутӕй къаддӕр, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.