Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2010 азы 28 июнӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 3 майӕ 28 июнмӕ Скъолайы цы хӕслӕвӕрдтӕ уыд, уыдоныл.
1. Давид Авениры мӕлӕтыл кӕй фӕмаст кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (2 Сам. 3:31–34) (w05 01.06. 30 ф., 4 абз., ирон.; w06 01.08. 13 ф., 9, 10 абз., ирон.).
2. 2 Самуилы 6:8, 9 цы фыст ис, уымӕй зондӕн цы райсӕн ис? (w05 01.06. 30 ф., 7 абз., ирон.).
3. 2 Самуилы 8:2 ныхӕстӕ нын нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕнынц? (w05 01.06. 30 ф., 9 абз., ирон.).
4. Давид Мемфивосфейы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый куыд рабӕрӕг ӕмӕ уый махыл куыд хъуамӕ фӕзына? (2 Сам. 9:7) (w02 01.06. 14 ф., 5 абз., ирон.).
5. Гефаг Иттай ӕмӕ паддзах Давид кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ дардтой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (2 Сам. 15:19–22) (w09 15.05. 27, 28 фф.).
6. Сивӕ Мемфивосфейӕ цытӕ фӕдзырдта, уыдон мӕнг кӕй уыдысты, уый кӕцӕй зонӕм? (2 Сам. 16:1–4) (w02 01.03. 10 ф., 11 абз., фиппаинаг, ирон.).
7. Ацӕргӕ Верзели Давидӕн цӕмӕн загъта, цӕмӕй йӕ бӕсты йемӕ Кимгамы акодтаид? (2 Сам. 19:33–37) (w07 01.06. 25 ф., 13 абз., ирон.).
8. Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад Давиды куыд сбӕрзонд кодта? (2 Сам. 22:36) (w07 01.11. 5 ф., 2 абз., уырыс.; w04 01.11. 31 ф., ирон.).
9. Давид ма ӕгас куы уыди, уӕд ын Адони йӕ бынат бацахсынмӕ цӕмӕн хъавыд? (1 Пад. 1:5) (w05 01.07. 19 ф., 5 абз., ирон.).
10. Йегъовӕ Соломоны куывд цӕмӕн фехъуыста? (1 Пад. 3:9) (w05 01.07. 20 ф., 7 абз., ирон.).