Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2015 азы 23 февралӕй райдайгӕ къуырийы.
Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый Йесо Навины 17:4 стихӕй куыд зыны? (5 янв., w13 15/6 11 ф., 14, 15 абз. [bw535 11 ф., 14, 15 абз.]).
Йесо Навины 23:14 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон Йесо Навин афтӕ фидарӕй цӕмӕн загъта ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис? (12 янв., w07 1/11 28 ф., 19 абз.).
Бынӕн цы зӕххытӕ рахицӕн кодтой, уымӕй Иудӕйы мыггаг йӕ хай фыццаг цӕмӕн хъуамӕ райстаид? (Тӕрх. 1:2, 4) (19 янв., w05 1/3 14 ф., 5 абз.).
Варак йӕ ныхасыл цӕмӕн ныллӕууыд, цӕмӕй ус-пехуымпар Деворӕ йемӕ тохы быдырмӕ ацыдаид? (Тӕрх. 4:8) (19 янв., w05 1/3 15 ф., 4 абз.).
Гедеон цы нывондхӕссӕн скодта, уый «Йегъовӕ-Шалом» цӕмӕн схуыдта ӕмӕ мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Тӕрх. 6:23, 24) (26 янв., w14 15/2 22 ф., 9 абз. [bw542 22 ф., 9 абз.]).
Гедеон Ефремы хылмондаг фырттӕн цы дзуапп радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Тӕрх. 8:1–3) (2 фев., w05 1/3 16 ф., 4 абз.).
Йеффай дзырд куы лӕвӕрдта, уӕд йӕ зӕрды нывондӕн адӕймаджы ӕрхӕссын уыди? (Тӕрх. 11:30, 31) (9 фев., w05 1/3 16 ф., 1 абз.).
Тӕрхонгӕнджыты 11:35–37 стихтӕм гӕсгӕ Йеффайы чызгӕн, йӕ фыд цы дзырд радта, уый сӕххӕст кӕнын йӕ бон цӕй фӕрцы уыд? (9 фев., w11 15/12 20, 21 фф., 15, 16 абз. [bw517 20, 21 фф., 15, 16 абз.]).
Израилы паддзах куы нӕ уыд ӕмӕ, «алчидӕр... йӕхимӕ раст цы каст, уый» куы арӕзта, уӕд цымӕ бӕстӕ нӕ сӕмтъеры? Бамбарын ӕй кӕн (Тӕрх. 17:6) (16 фев., w05 1/3 17 ф., 7 абз.).
Вениамины мыггаг израилӕгты дыууӕ хатты куы ныццагъта, уыцы хабарӕй куыд зыны, Хуыцаумӕ кувын ӕппынӕдзух кӕй хъӕуы? (Тӕрх. 20:14–25) (23 фев., w11 15/9 32 ф., 1–4 абз. [bw514 32 ф., 1–4 абз.]).