Чырысти ӕцӕгӕй чи у, уый зынгзӕрдӕйӕ дзур
Йесо Чырысти ӕцӕгӕй чи у, уый иннӕтӕн раст ӕмбарын кӕнын куы зонӕм, уӕд ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайдзыстӕм. Чырысти у «бындуры сӕйраг дур», ома ӕцӕг уырнындзинад амад кӕуыл цӕуы, уыцы бындур (Еф. 2:20). Ӕнӕ уымӕй нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс нӕ уыдаид (Хъуыд. 4:12). Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй алчидӕр ӕмбара, Хуыцау уый уылты йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уый. Бирӕтӕ ӕууӕндынц мӕнг ахуырӕдтыл. Хъыгагӕн, уыцы адӕм сӕхи ӕнӕхай кӕнынц, Чырыстийыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн Хуыцауы Ныхас зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй ӕвӕры, уыдонӕй. Рӕстдзинад куы уарзӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, Чырысти ӕцӕгӕй чи у, Хуыцаумӕ цы бар дары ӕмӕ Хуыцау йӕ фӕндтӕ уый уылты куыд ӕххӕст кӕны, уыдӕттӕ. Ды дӕр Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг адӕмӕн зынгзӕрдӕйӕ дзурдзынӕ, Чырысти ӕцӕгӕй чи у, уый?