Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr19 сентябрь 1–15 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • 2–8 СЕНТЯБРЫ
  • 9–15 СЕНТЯБРЫ
  • 16–22 СЕНТЯБРЫ
  • 23–29 СЕНТЯБРЫ
  • 30 СЕНТЯБРЫ – 6 ОКТЯБРЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
mwbr19 сентябрь 1–15 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

2–8 СЕНТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЗУТТӔГТӔМ 7, 8

«Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм»

(Дзуттӕгтӕм 7:1, 2) Уыцы Мелхиседек уыд Салимы паддзах, Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын. Авраам паддзӕхты куы ныццагъта, уӕд уый йӕ размӕ рацыди ӕмӕ йын раарфӕ кодта, 2 ӕмӕ йын Авраам радта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уымӕй дӕсӕм хай. Мелхиседек у «Рӕстдзинады паддзах»,– йӕ ном ын куы ратӕлмац кӕнай, уӕд афтӕ у йӕ нысаниуӕг,– стӕй ма у Салимы паддзах дӕр, ома «Фарны паддзах».

it-U «Мелхиседек», 1, 2 абз.

Мелхиседек

Уыди рагон горӕт Салимы паддзах ӕмӕ Йегъовӕйы, «Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын» (Рд 14:18, 22). Мелхиседек уыди, Библийы фыццаг кӕй кой ис, уыцы сауджын; уыцы бынат ахста нӕ эрӕйы размӕ 1933 азы онг. Мелхиседек Салимы паддзах кӕй уыд (уыцы ном нысан кӕны «фарн»), уымӕ гӕсгӕ йӕ апостол Павел схуыдта «Фарны паддзах», йӕ номы нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ та «Рӕстдзинады паддзах» (Дзт 7:1, 2). Рагон Салим уыди, фӕстӕдӕр Иерусалим арӕзт кӕм ӕрцыд, уыцы бынаты; ном «Иерусалим» арӕзт у ном «Салимӕй» ӕмӕ хатт Иерусалим афтӕ фӕхонынц (Пс 76:2).

Аврам (Авраам) Кедорлаомерыл ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыцы паддзӕхтыл куы фӕуӕлахиз, уӕд ӕрцыд Шавейы дӕлвӕзмӕ, кӕнӕ та «Паддзахы дӕлвӕзмӕ». Мелхиседек уырдӕм ӕрхаста «дзул ӕмӕ сӕн» ӕмӕ Авраамӕн раарфӕ кодта: «Иунӕг Стыр Хуыцау Аврамӕн раарфӕ кӕнӕд, раарфӕ йын кӕнӕд арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг! Арфӕгонд уӕд Иунӕг Стыр Хуыцау, уый дын де знӕгты радта дӕ къухмӕ!» Ӕмӕ йын уӕд Аврам, «цыдӕриддӕр ӕм уыди, уымӕй радта дӕсӕм хай», ома тохы «йӕ къухы цы мулк бафтыд, уымӕн йӕ хуыздӕрӕй» (Рд 14:17–20; Дзт 7:4).

(Дзуттӕгтӕм 7:3) Бӕрӕг нӕу, Мелхиседекӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад чи сты, уый. Йӕ фыдӕлтӕ чи сты, йе та кӕд райгуырд ӕмӕ кӕд амард, уый дӕр никуы ис фыст, фӕлӕ йӕ Хуыцау йӕ Фырты хуызӕн кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ у сауджын ӕнустӕм.

it-U «Мелхиседек», дӕлсӕргонд «В каком смысле Мелхиседек не имел „ни начала дней, ни конца жизни“?», 1 абз.

Мелхиседек

Куыд ӕмбаргӕ у, Мелхиседек кӕд райгуырд ӕмӕ кӕд амард, уый дӕр никуы ис фыст, зӕгъгӕ?

Мелхиседекы тыххӕй Павел диссаджы хъуыды загъта: «Бӕрӕг нӕу, Мелхиседекӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад чи сты, уый. Йӕ фыдӕлтӕ чи сты, йе та кӕд райгуырд ӕмӕ кӕд амард, уый дӕр никуы ис фыст, фӕлӕ йӕ Хуыцау йӕ Фырты хуызӕн кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ у сауджын ӕнустӕм» (Дзт 7:3). Иннӕтау Мелхиседек дӕр райгуырд ӕмӕ стӕй амард. Фӕлӕ Фыстады ницы ис фыст йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады тыххӕй, йӕ фыдӕлты ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты тыххӕй, стӕй кӕд райгуырд ӕмӕ кӕд амард, уый тыххӕй дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Мелхиседек амыдта Йесо Чырыстимӕ – уый сауджын уыдзӕн ӕнустӕм. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Мелхиседекы размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр суаджын нӕ уыд. Чырыстийы хабар дӕр афтӕ у – уый хуызӕн сауджын йӕ размӕ дӕр никуы уыд ӕмӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй йӕ фӕстӕ дӕр нӕ уыдзӕн. Чырысти уыд Иудӕйы мыггагӕй ӕмӕ паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй, уымӕ гӕсгӕ сауджын уый тыххӕй не сси, ӕмӕ йын уыцы бынат бынӕн баззад; уыцы иу рӕстӕг сауджын ӕмӕ паддзах кӕй уыд, уый дӕр ын бынӕн нӕ баззад. Паддзах ӕмӕ сауджын уыди, Йегъовӕ йын дзырд кӕй радта, уый тыххӕй.

(Дзуттӕгтӕм 7:17) Уымӕн ӕмӕ Фыстад иу ран афтӕ зӕгъы: «Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм».

it-U «Мелхиседек», дӕлсӕргонд «Прообраз Христа как священника»

Мелхиседек

Амыдта, Чырысти сауджын кӕй уыдзӕн, уымӕ. Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдты Йегъовӕ Давиды «Хицауӕн» расомы кодта: «Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм!» (Пс 110:1, 4). Ацы псаломмӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕ зыдтой, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ уыцы иу рӕстӕг сауджын дӕр ӕмӕ паддзах дӕр кӕй уыдзӕн. Дзуттӕгтӕм фыстӕджы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, ацы пехуымпарады Йесойы кой кӕй цӕуы. Апостол Павел загъта: «Йесо – ӕнустӕм Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын чи сси, уый» (Дзт 6:20; 5:10; кӕс СОГЛАШЕНИЕ).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Дзуттӕгтӕм 8:3) Алы хистӕр сауджын дӕр уый тыххӕй ӕвӕрд ӕрцӕуы, цӕмӕй кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕсса, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уымӕ дӕр уыдаид, нывондӕн цы ’рхастаид, уый.

w00 1/9 8 ф., 11 абз.

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цыд, уыцы нывӕндтӕ

11 «Алы хистӕр сауджын ӕвӕрд цӕуы, цӕмӕй хӕсса лӕвӕрттӕ ӕмӕ нывӕндтӕ»,– загъта апостол Павел (Дзуттытӕм 8:3). Банысан кӕнын хъӕуы, Павел рагон Израилы хистӕр сауджын цы нывӕндтӕ хаста, уыдон кӕй адих кодта дыууӕ къордыл: «лӕвӕрттыл» ӕмӕ «нывӕндтыл», кӕнӕ «тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтыл» (Дзуттытӕм 5:1). Адӕм лӕвӕртты руаджы ӕвдисынц сӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ бузныгдзинад. Афтӕ ма лӕвӕрттӕ фӕкӕнынц искӕимӕ хӕлар ахастытӕ скӕнынӕн, искӕй зӕрдӕ ссарынӕн кӕнӕ хорзӕх райсынӕн (Уӕвынад 32:20; Фӕсномыг ныхӕстӕ 18:16). Уӕдӕ Закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ цыд хаст, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ уыдысты «лӕвӕрттӕ» Хуыцауы зӕрдӕ ссарынӕн ӕмӕ йӕ хорзӕх райсынӕн. Закъоны сӕрты-иу чи ахызт, уый та хъуыд йӕ рӕдыд сраст кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй хаст цыдысты «нывӕндтӕ тӕригъӕдты тыххӕй». Библийы фыццаг фондз чиныджы, уӕлдай дӕр та Рацыд, Левит ӕмӕ Нымӕцты чингуыты бирӕ дзырдӕуы алыхуызон нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгты тыххӕй. Уыдӕттӕй алцы бамбарын ӕмӕ бахъуыды кӕнын ӕнцон нӕу, фӕлӕ нӕ уӕддӕр ӕркӕсын хъӕуы, алыхуызон нывӕндты тыххӕй сӕйрагдӕр цы хъӕуы зонын, уымӕ.

(Дзуттӕгтӕм 8:13) уыцау афтӕ кӕй загъта, «ног бадзырд», зӕгъгӕ, уымӕй равдыста, раздӕры бадзырд йӕ тыхы кӕй нал ис. Ӕмӕ йӕ тыхы цы нал ис ӕмӕ цы фӕзӕронд кӕны, уый та тагъд фесӕфдзӕн.

it-U «Соглашение», дӕлсӕргонд «Как соглашение Закона стало „отжившим“?»

Бадзырд

Закъоны бадзырд йӕ тыхы цӕуылнӕуал уыд?

Закъоны бадзырд, зӕгъӕн ис, йӕ тыхы нал уыд, Хуыцау пехуымпар Йеремийы уылты куы фехъусын кодта, ног бадзырд кӕй сараздзӕн, уӕд (Йер 31:31–34; Дзт 8:13). Нӕ эрӕйы 33 азы Закъоны бадзырд йӕ тыхы нал уыд, Чырысти хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй амард, уый тыххӕй (Кл 2:14) ӕмӕ ног бадзырдӕй ивд ӕрцыд (Дзт 7:12; 9:15; Хъд 2:1–4).

Библийӕ бакӕсинаг

(Дзуттӕгтӕм 7:1–17) Уыцы Мелхиседек уыд Салимы паддзах, Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын. Авраам паддзӕхты куы ныццагъта, уӕд уый йӕ размӕ рацыди ӕмӕ йын раарфӕ кодта, 2 ӕмӕ йын Авраам радта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уымӕй дӕсӕм хай. Мелхиседек у «Рӕстдзинады паддзах»,– йӕ ном ын куы ратӕлмац кӕнай, уӕд афтӕ у йӕ нысаниуӕг,– стӕй ма у Салимы паддзах дӕр, ома «Фарны паддзах». 3 Бӕрӕг нӕу, Мелхиседекӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад чи сты, уый. Йӕ фыдӕлтӕ чи сты, йе та кӕд райгуырд ӕмӕ кӕд амард, уый дӕр никуы ис фыст, фӕлӕ йӕ Хуыцау йӕ Фырты хуызӕн кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ у сауджын ӕнустӕм. 4 Ахъуыды-ма кӕнут, мыггаджы хистӕр Авраам, йӕ къухы цы мулк бафтыд, уымӕн йӕ хуыздӕрӕй дӕсӕм хай кӕмӕн радта, уыцы адӕймаг куыд кадджын уыди. 5 Раст у, Левийы фырттӕй сауджынтӕ чи свӕййы, уыдон Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ адӕмӕй, ома се ’фсымӕртӕй, исой дӕсӕм хай, кӕд уыдон Авраамы байзӕддӕгтӕ сты, уӕддӕр. 6 Фӕлӕ уыдоны мыггагӕй чи нӕ уыд, уый та дӕсӕм хай райста Авраамӕй ӕмӕ раарфӕ кодта, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕн. 7 Ӕмӕ уый та алкӕддӕр афтӕ вӕййы: уӕлдӕр чи у, уый фӕарфӕ кӕны, дӕлдӕр чи у, уымӕн. 8 Фыццаг уавӕры дӕсӕм хай дӕттынц, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыдонӕн, дыккаджы та – Фыстад афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы, уый цӕры, зӕгъгӕ, уымӕн. 9 Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Авраамы уылты дӕсӕм хай радта Леви дӕр, йӕхицӕн дӕсӕм хай кӕмӕн дӕттынц, уый, 10 уымӕн ӕмӕ уый уыд Авраамы байзӕддаг, кӕд, Мелхиседек Авраамы размӕ куы рацыд, уӕд гуырд нӕма уыди, уӕддӕр. 11 Уӕдӕ Левийы фырттӕй сауджынтӕ чи уыдысты, уыдоны лӕггады фӕрцы,– уый та уыд Хуыцауы адӕмӕн лӕвӕрд Закъоны ахсджиаг фӕзилӕн,– ӕцӕгдӕр куы уыдаид ӕххӕстдзинадмӕ ӕрцӕуӕн, уӕд ма ӕндӕр, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн чи у, ахӕм сауджын цӕмӕн хъуыди? 12 Ӕмӕ иугӕр сауджынты лӕггад ивд цӕуы, уӕд ивинаг у закъон дӕр, 13 уымӕн ӕмӕ адӕттӕ кӕй тыххӕй загъд сты, уыцы адӕймаг уыд ӕндӕр мыггагӕй – уыцы мыггагӕй нывондхӕссӕны раз ничи лӕггад кодта. 14 Алчидӕр ӕй зоны, нӕ Хицау кӕй рацыд Иудӕйы мыггагӕй, ӕмӕ уыцы мыггагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй та Моисей ницы загъта. 15 Ӕмӕ уый ноджы бӕлвырддӕр та уымӕй зыны, ӕмӕ кӕй фӕзынд ӕндӕр сауджын – Мелхиседекы хуызӕн сауджын. 16 Уый сауджын сси, зӕххон хъуыддӕгтимӕ баст чи у, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, фесафӕн кӕмӕн нӕй, уыцы цард ын цы тыхы фӕрцы ис, уымӕ гӕсгӕ. 17 Уымӕн ӕмӕ Фыстад иу ран афтӕ зӕгъы: «Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм».

9–15 СЕНТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЗУТТӔГТӔМ 9, 10

«Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон... уыд»

(Дзуттӕгтӕм 9:12–14) ӕрмӕстдӕр иу хатт бахызт сыгъдӕг бынатмӕ, ӕцӕг, сӕгътӕ ӕмӕ уӕнгуыты тугимӕ нӕ, фӕлӕ йӕхи тугимӕ, ӕмӕ нын ӕрхаста ӕнусон ирвӕзындзинад. 13 Кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг ӕмӕ дыгӕрдыджы фӕнык афтӕ сыгъдӕг кӕнынц, ӕмӕ, чи фӕчъизи, уыдоныл сӕ куы бапырх кӕнынц, уӕд сӕ буар чъизи нал вӕййы, 14 уӕд цы зӕгъӕн ис, ӕнусон сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхи Хуыцауӕн ӕнӕфау нывондӕн чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы тугӕй та? Уыцы туг нын ссыгъдӕг кӕндзӕн нӕ цӕсгом мард хъуыддӕгтӕй, цӕмӕй лӕггад кӕнӕм удӕгас Хуыцауӕн!

it-U «Прощение», 6 абз.

Хатыр кӕнын

Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ-иу адӕймаг Хуыцауы ныхмӕ кӕнӕ искӕй ныхмӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый йын-иу цӕмӕй хатыргонд ӕрцыдаид, уый тыххӕй уал-иу фыццаг, Закъон куыд дзырдта, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ рӕдыд сраст кодтаид, ӕмӕ-иу стӕй, арӕхдӕр куыд уыди, афтӕ Йегъовӕйӕн нывонды тугӕй ӕрхастаид (Лв 5:5–6:7). Уымӕ гӕсгӕ Павел ахӕм уагӕвӕрд ныффыста: «О, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ алцыдӕр сыгъдӕг кӕны тугӕй, ӕмӕ туг куы нӕ ныккӕла, уӕд тӕригъӕдтӕ хатыргонд нӕ цӕуынц» (Дзт 9:22). Фӕлӕ уӕддӕр нывондӕн цы фос хастой, уыдоны туг адӕймаджы йӕ тӕригъдтӕй бынтон нӕ сыгъдӕг кодта ӕмӕ Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг нӕ уыд (Дзт 10:1–4; 9:9, 13, 14). Хуыцау зӕрдӕ цы ног бадзырдӕй бавӕрдта, уый фӕрцы та тӕригъӕдтӕ хатыргонд цыдысты Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы (Йер 31:33, 34; Мф 26:28; 1Кр 11:25; Еф 1:7). Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд равдыста, тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар ын кӕй ис, паралич кӕй ныццавта, ахӕм лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд (Мф 9:2–7).

(Дзуттӕгтӕм 9:24–26) Уымӕн ӕмӕ Чырысти, ӕцӕг сыгъдӕг бынаты нывмӕ гӕсгӕ адӕймаджы къухӕй конд чи ’рцыд, уыцы сыгъдӕг бынатмӕ нӕ бацыд, фӕлӕ комкоммӕ уӕларвмӕ, ӕмӕ ныр уый ис уӕлӕрвты, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз. 25 Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ, цӕмӕй йӕхи бирӕ хӕттыты ӕрхӕсса нывондӕн, хистӕр сауджын алы аз дӕр сыгъдӕг бынатмӕ йӕхи тугимӕ нӕ, фӕлӕ фосы тугимӕ куыд бацӕуы, афтӕ. 26 Афтӕ куы уаид, уӕд ӕй дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ уый ацы дуджы кӕрон йӕхи раргом кодта ӕрмӕстдӕр иу хатт, цӕмӕй, йӕхи нывондӕн ӕрхӕсгӕйӕ, тӕригъӕдӕн кӕрон скӕна.

cf-U 183 ф., 4 абз.

«Дарддӕр дӕр мӕ фӕдыл цу»

4 Библийы ницы фыст ис, Чырысти уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд ыл куыд бацин кодтой ӕмӕ йӕ Фыдимӕ куыд фембӕлд, уый тыххӕй. Фӕлӕ Библийы раджы фыст ӕрцыд, куы аздӕхтаид, уӕд уӕлӕрвты цы хъуамӕ ’рцыдаид, уый. Фынддӕс ӕнусӕй фылдӕр Израилы адӕм уыдтой, алы аз дӕр-иу хистӕр сауджын Сыгъдӕггӕнӕн бон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ кӕй бацыд ӕмӕ-иу нывонды тугӕй бадзырды чырыны раз кӕй бапырх кодта. Уыцы бон-иу хистӕр сауджын амыдта Мессийӕмӕ. Чырысти кӕронмӕ сӕххӕст кодта, хистӕр сауджыныл цы хӕс уыд, уый, уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт ӕмӕ ӕппӕты сыгъдӕгдӕр ӕмӕ кадджындӕр бынаты Йегъовӕйы раз йӕ нывонды аргъимӕ куы ӕрлӕууыд, уӕд (Дзт 9:11, 12, 24). Цымӕ йӕ Йегъовӕ райста?

(Дзуттӕгтӕм 10:1–4) Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон кӕй у, фӕлӕ уыцы хорздзинӕдтӕ сӕхӕдӕг йӕ мидӕг кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕ, ӕдзухдӕр азӕй-азмӕ кӕй хӕссынц, уыцы нывӕндтӕй, Хуыцауӕн чи кувы, уыдоны алцӕмӕй ӕххӕст никуы скӕндзысты. 2 Афтӕ куы уаид, уӕд нывӕндтӕ нал хӕссиккой, уымӕн ӕмӕ сӕ чи хӕссы, уыдон иу хатт ссыгъдӕг уаиккой, ӕмӕ сӕм афтӕ нал кӕсид, ӕмӕ тӕригъӕдджын сты. 3 Уыцы нывӕндтӕ та сын азӕй-азмӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц сӕ тӕригъӕдтӕ, 4 уымӕн ӕмӕ галты ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕггӕнӕн нӕй.

it-U «Совершенство», дӕлсӕргонд «Совершенство Моисеева закона», 1 абз.

Ӕххӕстдзинад

Моисейы закъон ӕххӕст уыд. Хуыцау Моисейы уылты Израилӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ сауджынтӕ уыдаид ӕмӕ фосы нывӕндтӕ хастаиккой. Уыцы Закъон Хуыцау радта ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххӕст уыд. Фӕлӕ апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй куыд ныффыста, афтӕмӕй, нӕдӕр Закъон, нӕдӕр сауджынтӕ, нӕдӕр фосы нывӕдтӕ, Закъоны дӕлбар чи уыд, уыцы адӕмы алцӕмӕй ӕххӕст нӕ кодтой (Дзт 7:11, 19; 10:1). Закъон тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй нӕ сӕрибар кодта, фӕлӕ ма тӕригъӕд ноджы тынгдӕр ӕргом кодта (Ро 3:20; 7:7–13). Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыдысты, Хуыцау сӕ цӕй тыххӕй радта, уымӕн; «Закъон сси сывӕллонгӕсы хуызӕн», цӕмӕй адӕмы кодтаид Чырыстимӕ; Закъон «фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон» уыд (Га 3:19–25; Дзт 10:1). Уӕдӕ куыд ӕмбаргӕ сты Павелы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыд Закъонӕй алцыдӕр ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Закъонӕн йӕ бон нӕ уыд, цӕмӕй сӕ бынтондӕр фервӕзын кодтаид»? (Ро 8:3). Ӕвӕццӕгӕн, Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хистӕр сауджынӕн (Закъонмӕ гӕсгӕ-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ нывонды тугимӕ чи бацыд, уымӕн) йӕ бон нӕ уыд, кӕмӕн лӕггад кодта, уыдоны «бынтондӕр фервӕзын кӕнын». Афтӕ зӕгъӕн ис, Дзуттӕгтӕм 7:11, 18–28 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ. Аароны хадзарвӕндагӕй цы сауджынтӕ уыд, уыдон цы нывӕндтӕ хастой, уыдон адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнджытыл нымад уыдаиккой. Фӕлӕ сӕ уыцы нывӕндтӕ бынтондӕр нӕ сӕрибар кодтой, тӕригъӕдджын кӕй сты, уыцы хъуыдыйӕ. Апостол уый бамбарын кодта, афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «уыцы нывӕндтӕ, Хуыцауӕн чи кувы, уыдоны алцӕмӕй ӕххӕст никуы скӕндзысты», ома «сӕ цӕсгом бынтондӕр ссыгъдӕг уа», уый гӕнӕн кӕй нӕ уыдзӕн (Дзт 10:1–4; абар Дзт 9:9). Хистӕр сауджынӕн йӕ бон нӕ уыд ахӕсты аргъ бафидын, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдӕй бынтондӕр фервӕзын кодтаид. Уымӕн гӕнӕн ис, Чырысти ӕппынӕдзух сауджыны хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕны ӕмӕ йӕ цард нывондӕн кӕй радта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы (Дзт 9:14; 10:12–22).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Дзуттӕгтӕм 9:16, 17) Бадзырд арӕзт куы ’рцӕуы, уӕд, бадзырд чи саразы, уыцы адӕймаджы фӕхъӕуы амӕлын, 17 уымӕн ӕмӕ бадзырдӕн тых ис ӕрмӕстдӕр йӕ мӕлӕты фӕстӕ. Бадзырд чи сарӕзта, уый цалынмӕ ӕгас у, уӕдмӕ та йын тых нӕй.

w92-U 1/3 31 ф., 4–6 абз.

Кӕсджыты фарстатӕ

Павел загъта, цӕмӕй Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн бадзырд йӕ тыхы бацыдаид, уый тыххӕй чидӕр йӕ цард кӕй хъуамӕ радтаид. Уымӕн цӕвиттон у Закъоны бадзырд. Моисей уыд ӕхсӕны лӕг, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ Израилы адӕмы ’хсӕн бадзырд арӕзт ӕрцыдаид. Уыцы хъуыддаджы Моисейӕн ахсджиаг бынат уыд ӕмӕ израилӕгтӕн ӕххуыс кодта, Хуыцауимӕ бадзырд куы скодтой, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Моисей Закъоны бадзырд сарӕзта, кӕд ӕй Йегъовӕ радта, уӕддӕр. Цымӕ Моисейы йӕ туг ныккалын хъуыд, цӕмӕй бадзырд йӕ тыхы бацыдаид, уый тыххӕй? Нӕ. Моисейы туджы бӕсты хастой фосы туг (Дзт 9:18–22).

Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис, Йегъовӕ уӕларвон Израилимӕ кӕй сарӕзта, уыцы ног бадзырды тыххӕй та? Йесо Чырысти уыди Ӕхсӕны лӕг Йегъовӕ ӕмӕ уӕларвон Израилы ’хсӕн. Кӕд уыцы бадзырд Йегъовӕ скодта, уӕддӕр Чырыстийыл арӕзт уыд. Фӕлӕ Чырысти ӕрмӕст Ӕхсӕны лӕг нӕ уыди. Зӕххыл куы царди, уӕд уыди, уыцы бадзырд фыццаг кӕимӕ хъуамӕ скодтаид, уыдонимӕ (Лк 22:20, 28, 29). Уымӕй уӕлдай ма йӕ бон уыд нывонд ӕрхӕссын, цӕмӕй уыцы бадзырд фидаргонд ӕрцыдаид. Уыцы нывонд фосы нывӕндты хуызӕн нӕ уыд – уый уыди ӕххӕст адӕймаджы цард. Уымӕ гӕсгӕ Павел загъта, зӕгъгӕ, Чырысти уыди, ног бадзырд чи сарӕзта, уый. Чырысти уӕларвмӕ куы ацыд ӕмӕ мах тыххӕй Хуыцауы раз куы ӕрлӕууыд, уӕд ног бадзырд йӕ тыхы бацыд (Дзт 9:12–14, 24).

Кӕд Павел афтӕ загъта, зӕгъгӕ, Моисей ӕмӕ Чырысти бадзырдтӕ сарӕзтой, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕй афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ уыцы бадзырдтӕ уыдон ӕрхъуыды кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау сфидар кодта. Уыцы дыууӕ адӕймаджы уыдысты ӕхсӕны лӕгтӕ, цӕмӕй бадзырдтӕ фидаргонд ӕрцыдаиккой. Дыууӕ бадзырд аразгӕйӕ дӕр хъуыди цард раттын – Моисейы царды бӕсты фосы цард, Чырысти та йӕхи цард радта, ног бадзырд кӕимӕ хъуамӕ сарӕзтаид, уыдоны тыххӕй.

(Дзуттӕгтӕм 10:5–7) Уымӕ гӕсгӕ Чырысти, дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ, загъта: «„Дӕу нывонд ӕмӕ кувинаг нӕ хъуыд, фӕлӕ мын ӕрцӕттӕ кодтай буар. 6 Судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ дӕуӕн дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты“. 7 Ӕмӕ уӕд ӕз загътон: „О Хуыцау, ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ, мӕн тыххӕй чиныджы тыхтоны куыд фыст у, афтӕ“».

it-U «Крещение», дӕлсӕргонд «Крещение Иисуса в воде», 2 абз.

Донаргъуыд

Лука ныффыста, донаргъуыды рӕстӕг Йесо Хуыцаумӕ кӕй куывта (Лк 3:21). Дзуттӕгтӕм фыстӕджы та фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти «дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ» (куы райгуырд уӕд нӕ, уымӕн ӕмӕ уӕд йӕ бон нӕ уыд ацы ныхӕстӕ бакӕсын ӕмӕ зӕгъын, фӕлӕ донаргъуыд куы иста ӕмӕ лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд) загъта, Псалом 40:6–8 (LXX) стихты цы ныхӕстӕ ис, ахӕм ныхӕстӕ. Чырысти загъта: «Дӕу нывонд ӕмӕ кувинаг нӕ хъуыд, фӕлӕ мын ӕрцӕттӕ кодтай буар... О Хуыцау, ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ, мӕн тыххӕй чиныджы тыхтоны куыд фыст у, афтӕ» (Дзт 10:5–9). Йесо райгуырд, Хуыцау Закъоны бадзырд кӕимӕ сарӕзта, уыцы адӕмы ’хсӕн (Рц 19:5–8; Га 4:4). Уӕдӕ Йесо Иоаннмӕ донаргъуыд исынмӕ куы ’рбацыд, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕ Хуыцауимӕ бадзырды уыд. Йесо сарӕзта, Закъонмӕ гӕсгӕ цы хъуыд, уымӕй фылдӕр. Чырысти цӕттӕ уыд йӕ Фыд Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ, ӕмӕ уый тыххӕй «ӕрцӕттӕ кодта» йӕхи буар – уый фӕрцы Закъонмӕ гӕсгӕ фосы нывӕндтӕ хӕссын нал хъуыдаид. Апостол Павел загъта: «Мах растдӕр уыцы „фӕндонмӕ“ гӕсгӕ ссыгъдӕг стӕм, Йесо Чырысти йӕхи ӕрмӕстдӕр иу хатт нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы» (Дзт 10:10). Чырыстийы тыххӕй ма Фыды фӕндон уый мидӕг уыд, цӕмӕй Паддзахады тыххӕй хъусын кодтаид, ӕмӕ Йесо уыцы куыстмӕ цӕттӕ уыд (Лк 4:43; 17:20, 21). Йегъовӕ разы уыд, йӕ Фырт ын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕй ӕмӕ йӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта ӕмӕ загъта: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Мч 1:9–11; Лк 3:21–23; Мф 3:13–17).

Библийӕ бакӕсинаг

(Дзуттӕгтӕм 9:1–14) Раздӕры бадзырдӕн уыди йӕхи домӕнтӕ, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй, стӕй йын зӕххыл уыд сыгъдӕг бынат дӕр. 2 Арӕзт дзы уыд цатыры фыццаг уат, уым уыди цырагъдарӕн, стӕй стъол ӕмӕ нывонд дзултӕ. Уый хуыйны «Сыгъдӕг бынат». 3 Цатыры дыккаг ӕмбӕрзӕны фӕстӕ та уыди, «Ӕппӕты сыгъдӕг бынат» чи хуыйны, уыцы уат. 4 Уым уыди сызгъӕрин будсудзӕн ӕмӕ бадзырды чырын, алырдыгӕй дӕр ӕмбӕрзт уыди сызгъӕринӕй. 5 Бадзырды чырыны мидӕг уыд сызгъӕрин дурын маннӕимӕ ӕмӕ Аароны лӕдзӕг – дидинӕг чи рафтыдта, уый, стӕй, бадзырд цы къӕйдуртыл фыст уыди, уыдон дӕр. Бадзырды чырынӕн йӕ сӕрыл та уыди кадджын херувимтӕ – уыдон чырыны сӕр, фидыды бынат, сӕ аууонӕй ӕмбӕрзтой. Фӕлӕ ныртӕккӕ уыдӕттыл бӕстон дзурыны рӕстӕг нӕу. 6 Афтӕ арӕзт чи уыди, уыцы цатыры фыццаг уатмӕ сауджынтӕ цӕуынц ӕдзухдӕр, Хуыцауы раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ. 7 Дыккаг уатмӕ та афӕдз иу хатт бацӕуы ӕрмӕстдӕр хистӕр сауджын, цӕугӕ та бакӕны тугимӕ, ӕмӕ йӕ ӕрхӕссы йӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракӕнынц, уыдоны тыххӕй дӕр. 8 Уӕдӕ нын Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмбарын кӕны, цалынмӕ фыццаг цатыр йӕ бынаты лӕууыди, уӕдмӕ сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуӕн кӕй нӕ уыд. 9 Уыцы цатыр фӕсномыгӕй амоны абоны рӕстӕгмӕ, ӕмӕ уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хӕссынц кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ. Фӕлӕ уыцы кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕн ахӕм тых нӕй, ӕмӕ сӕ чи хӕссы, уыдонӕн сӕ цӕсгом бынтондӕр ссыгъдӕг уа. 10 Уыдон баст сты ӕрмӕстдӕр хӕрд, нуӕзт ӕмӕ сыгъдӕг кӕныны алыхуызон ӕгъдӕуттимӕ. Уыцы закъӕттӕ хаудысты, адӕймаг буарӕй сыгъдӕг уа, уыдӕттӕм ӕмӕ уыдысты бӕлвырд рӕстӕгмӕ, цалынмӕ Хуыцау хъуыддӕгтӕ не сраст кодтаид, уӕдмӕ. 11 Фӕлӕ Чырысти – ныртӕккӕ цы хорздзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдон чи хъуамӕ ӕрхастаид, уыцы хистӕр сауджын – куы фӕзынд, уӕд уый кадджындӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр цатырыл, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕу, ахӕм, ома ӕндӕр хуызы конд цатырыл, 12 ӕрмӕстдӕр иу хатт бахызт сыгъдӕг бынатмӕ, ӕцӕг, сӕгътӕ ӕмӕ уӕнгуыты тугимӕ нӕ, фӕлӕ йӕхи тугимӕ, ӕмӕ нын ӕрхаста ӕнусон ирвӕзындзинад. 13 Кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг ӕмӕ дыгӕрдыджы фӕнык афтӕ сыгъдӕг кӕнынц, ӕмӕ, чи фӕчъизи, уыдоныл сӕ куы бапырх кӕнынц, уӕд сӕ буар чъизи нал вӕййы, 14 уӕд цы зӕгъӕн ис, ӕнусон сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхи Хуыцауӕн ӕнӕфау нывондӕн чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы тугӕй та? Уыцы туг нын ссыгъдӕг кӕндзӕн нӕ цӕсгом мард хъуыддӕгтӕй, цӕмӕй лӕггад кӕнӕм удӕгас Хуыцауӕн!

16–22 СЕНТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЗУТТӔГТӔМ 11

«Уырнындзинад ахсджиаг у»

(Дзуттӕгтӕм 11:1) Уырнындзинад та уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты.

w16.10 27 ф., 6 абз.

Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыс, уый хъуыддагӕй ӕвдис

6 Уырнындзинад цы у, уый тыххӕй Библийы фыст ис Дзуттӕгтӕм 11:1. (Бакӕс ӕй.) Уый баст у, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, дыууӕ ахӕм хъуыддагимӕ. 1) Уырнындзинад у, «адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа», уый. «Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕ» хауынц, Хуыцау нын зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ чи нӕма ’рцыд, уыцы хабӕрттӕ, зӕгъӕм, фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ног дуне кӕй ралӕудзӕн, уый. 2) Уырнындзинад у, адӕймаг «бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты». Мах зонӕм, Йегъовӕ Хуыцау, Йесо Чырысти, зӕдтӕ ӕмӕ уӕларвон Паддзахад ӕцӕгдӕр кӕй сты, кӕд сӕ нӕ бон фенын нӕу, уӕддӕр (Дзут. 11:3). Цымӕ цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ нӕ бон цӕстӕй фенын цы нӕу, уыдӕттыл ӕцӕгдӕр кӕй ӕууӕндӕм? Нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй. Ӕнӕ уымӕй нӕ уырнындзинад ӕцӕг уырнындзинад нӕ уыдзӕн.

(Дзуттӕгтӕм 11:6) Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны.

w13 1/11 11 ф., 2–5 абз.

Хуыцау арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн

Дӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын? Павел ныффыста: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй». Апостол Павел афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ ӕнӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнын зын у, фӕлӕ, ӕнӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн кӕй нӕй. Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнынӕн тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕм уырнындзинад уа.

Нӕ уырнындзинад цавӕр хъуамӕ уа, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм? Ахӕм уырнындзинадӕн ӕнӕмӕнг сты дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг: хъуамӕ нӕ уырна, «Хуыцау кӕй ис», уый. Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕ куыд хъуамӕ барухс кӕнӕм, кӕй ис, ууыл куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд? Фӕлӕ ӕцӕг уырнындзинад ӕрмӕст уый нӕу, Йегъовӕ кӕй ис, уый дӕр уырна, уымӕн ӕмӕ уый хӕйрӕджыты дӕр уырны (Иаковы 2:19). Хуыцау ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый нӕ куы уырна, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ хъуыддӕгтӕй, ома, Хуыцауы куыд фӕнды, нӕ цард афтӕ куы аразӕм, уымӕй (Иаковы 2:20, 26).

Дыккаг: мах «хъуамӕ уырна», Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй «арфӕ кӕны». Ӕцӕг уырнындзинад кӕмӕ ис, уый фидарӕй зоны, Хуыцауы куыд фӕнды, йӕ цард афтӕ аразыныл куы архайа, уӕд йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:58). Фӕлӕ кӕд дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны, цӕмӕй нын арфӕ кӕна, уӕд ын йӕ зӕрдӕ куыд барухс кӕндзыстӕм? (Иаковы 1:17; 1 Петры 5:7). Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ Хуыцау адӕмыл нӕ тыхсы, нӕ сын арфӕ кӕны ӕмӕ хӕларзӕрдӕ нӕу, уыцы адӕймаг ӕцӕг Хуыцауы нӕ зоны.

Йегъовӕ кӕмӕн арфӕ кӕны? Зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн, зӕгъгӕ, загъта апостол Павел. Библи тӕлмацгӕнджытӕ кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, иу ахӕм чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, грекъаг ӕвзагӕй дзырдбаст «зӕрдиагӕй агурын»-ӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды уый нӕу, ӕмӕ Хуыцауы ссарыныл кӕнӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоныныл архайай, фӕлӕ йын зӕрдиагӕй лӕггад кӕныныл архайай. Ӕндӕр чиныджы та фыст ис, зӕгъгӕ, грекъаг ӕвзаджы ацы мивдисӕг цы формӕйы ис, уый амоны, адӕймаг ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъуамӕ архайа. Йегъовӕ арфӕ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ чи уарзы ӕмӕ йын зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдонӕн (Матфейы 22:37).

(Дзуттӕгтӕм 11:33–38) Уыдон-иу сӕ уырнындзинады фӕрцы басастой ӕнӕхъӕн паддзахӕдтӕ, архайдтой рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, домбӕйтты дзыхтӕ-иу сӕхгӕдтой, 34 арт сыл нӕ тых кодта, аирвӕзтысты-иу карды комӕй, уыдысты лӕмӕгъ, фӕлӕ-иу систы тыхджын, хӕсты-иу систы хъӕбатыр, знаджы ӕфсӕдтӕ-иу лидзӕг фӕкодтой. 35 Сылгоймӕгтӕн чи амард, уыдон ӕгас кодтой. Иннӕты та фыдмард акодтой, уымӕн ӕмӕ ницавӕр аргъӕй сразы сты сӕхи ссӕрибар кӕныныл, цӕмӕй сын хай уа хуыздӕр райгасӕй. 36 Иннӕтӕй та хынджылӕг кодтой, ехсӕй-иу сӕ фӕнадтой, ӕмӕ ма-иу сӕ рӕхыстӕй дӕр сбастой ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны дӕр бакодтой. 37 Дуртӕй-иу сӕ амардтой, бахаудысты-иу фӕлварӕнты, хырхӕй-иу сӕ афастой, кардӕй-иу сӕ фыдмард акодтой, фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты цыдысты, ӕййӕфтой хъуагдзинӕдтӕ, зындзинӕдтӕ, ӕфхӕрд. 38 Дуне кӕй аккаг нӕ уыд, уыдон ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты рахау-бахау кодтой, лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты скъуыдты ӕмбӕхстысты.

w16.10 23 ф., 10, 11 абз.

Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уымӕй дӕ фидар ныфс уӕд

10 Дзуттӕгтӕм 11 сӕры ма апостол Павел ныффыста: «Сылгоймӕгтӕн чи амард, уыдон ӕгас кодтой. Иннӕты та фыдмард акодтой, уымӕн ӕмӕ ницавӕр аргъӕй сразы сты сӕхи ссӕрибар кӕныныл, цӕмӕй сын хай уа хуыздӕр райгасӕй» (Дзут. 11:35). Бирӕтӕ-иу стыр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты, фӕлӕ-иу Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдта, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у мӕрдты ӕгас кӕнын. Зӕгъӕм, Навуфейы ӕмӕ Захарийы, Хуыцаумӕ кӕй хъуыстой ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кодтой, уый тыххӕй дуртӕй амардтой. Фӕлӕ уыдон зыдтой, Йегъовӕ сӕ фидӕны фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты (1 Пад. 21:3, 15; 2 Аз. 24:20, 21). Данелы та ныппӕрстой, ӕххормаг домбӕйттӕ кӕм уыд, уыцы дзыхъмӕ. Йе ’мбӕлтты та йын арты баппӕрстой. Цӕйнӕфӕлтау мӕнг хуыцӕуттӕн бакуывтаиккой, фӕлтау цӕттӕ уыдысты мӕлӕтмӕ дӕр. Уыдон фидарӕй ӕууӕндыдысты, Йегъовӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй бахай кӕндзӕн ӕмӕ сын уыцы зындзинӕдты фидар фӕлӕууынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн (Дзут. 11:33, 34; Дан. 3:16–18, 20, 28; 6:13, 16, 21–23).

11 Сӕ уырнындзинады тыххӕй пехуымпартӕй бирӕтӕй «хынджылӕг кодтой... ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны дӕр бакодтой». Афтӕ уыд, зӕгъӕм, Михей ӕмӕ Йеремийы хабар. Чидӕртӕ та, зӕгъӕм, Илийа, «ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты рахау-бахау кодтой, лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты скъуыдты ӕмбӕхстысты». Се ’ппӕт дӕр зындзинӕдтӕн бафӕрӕзтой, уымӕн ӕмӕ, «цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕй сӕ фидар ныфс... уыд» (Дзут. 11:1, 36–38; 1 Пад. 18:13; 22:24–27; Йер. 20:1, 2; 28:10, 11; 32:2).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Дзуттӕгтӕм 11:4) Йӕ уырнындзинады фӕрцы Авел Хуыцауӕн ӕрхаста Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау йӕ кувинӕгтӕ айста, ӕмӕ йын уымӕй бамбарын кодта, рӕстгӕнӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амард, уӕддӕр ма йӕ уырнындзинады фӕрцы ныр дӕр дзуры.

it-U «Вера», дӕлсӕргонд «Примеры веры в древности», 1 абз.

Уырнындзинад

Рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ. Павел «ӕвдисӕнтӕ» кӕй схуыдта (Дзт 12:1), уыцы адӕмы уырнындзинадӕн уыд фидар бындур. Зӕгъӕм, Авел зыдта, Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, «байзӕддаг» кӕй фӕзындзӕн ӕмӕ «калмӕн» йӕ сӕр кӕй ныцъцъӕл кӕндзӕн. Йӕхи цӕстӕй уыдта, Йегъовӕ Едемы йӕ ныййарджытӕн цы тӕрхон рахаста, уый кӕй ӕххӕст кодта. Адам ӕмӕ йӕ бинонты къӕбӕр самал кӕныны тыххӕй хъуыди уӕззау фыдӕбон кӕнын, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕлгъыст уыд, ӕмӕ йыл сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг зади. Стӕй ма Авел уыдта, Евӕйы ӕдзухдӕр кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ лӕгимӕ уа, Адам та йӕ хӕрдмӕ скӕсын кӕй нӕ уагъта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ мад хъаст кодтаид, сывӕрджынӕй рыстытӕ кӕй ӕвзӕрста, уый тыххӕй. Едемы цӕхӕрадоны бахизӕны та лӕууыд херувимтӕ ӕмӕ дзы уыди, ӕппынӕдзух чи зылди ӕмӕ пиллон арт чи уагъта, ахӕм хъама (Рд 3:14–19, 24). Ӕппӕт уыцы «бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы» Авел фидарӕй зыдта, зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» кӕй фервӕзын кӕндзӕн адӕмы. Уымӕ гӕсгӕ «йӕ уырнындзинады фӕрцы Авел Хуыцауӕн ӕрхаста... хуыздӕр нывонд» ӕмӕ йын Каины нывондӕй стырдӕр аргъ уыд (Дзт 11:1, 4).

(Дзуттӕгтӕм 11:5) Йӕ уырнындзинады фӕрцы Енохы Хуыцау айста, ӕмӕ Енох мӕлӕт нӕ федта, ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕй айста, уымӕ гӕсгӕ йӕ ссарӕн никуыуал уыд. Фӕлӕ йын уый размӕ Хуыцау бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый.

wp17.1 12, 13

«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»

Уӕдӕ цымӕ Хуыцау Енохы афтӕ куыд «айста», ӕмӕ «мӕлӕт нӕ федта»? Ӕвӕццӕгӕн ын Йегъовӕ йӕ цард ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй йӕ йе знӕгтӕ фыдмард ма акодтаиккой. Фӕлӕ уал ын уый размӕ «Хуыцау бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый». Куыд? Йӕ мӕлӕты размӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, цӕстылуайӕны равдыста, фидӕны зӕххыл чи уыдзӕн, уыцы дзӕнӕт. Уымӕй Йегъовӕ Енохӕн бамбарын кодта, райгонд дзы кӕй у, уый, ӕмӕ Енох мӕрдвынӕй баци. Енохы ӕмӕ ма Хуыцауы ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Уыдон иууылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл» (Дзуттӕгтӕм 11:13). Уый фӕстӕ йын йе знӕгтӕ, чи зоны, йӕ мард агуырдтой, фӕлӕ йӕ «ссарӕн никуыуал уыд». Ӕвӕццӕгӕн ӕй Йегъовӕ цыдӕр фӕкодта, цӕмӕй дзы ма фӕхынджылӕг кодтаиккой кӕнӕ та йын табу кӕнын ма райдыдтаиккой.

Библийӕ бакӕсинаг

(Дзуттӕгтӕм 11:1–16) Уырнындзинад та уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты. 2 Раджы заманты чи цард, уыдон сӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кодтой, ӕмӕ, афтӕ кӕй уыди, уый сын Хуыцау бӕлвырд равдыста. 3 Нӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ мах ӕмбарӕм, дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый Хуыцау йӕ ныхасӕй кӕй скодта, ӕмӕ афтӕмӕй, цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ кӕй равзӕрдысты, цӕстӕй фенӕн цы нӕй, уымӕй. 4 Йӕ уырнындзинады фӕрцы Авел Хуыцауӕн ӕрхаста Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау йӕ кувинӕгтӕ айста, ӕмӕ йын уымӕй бамбарын кодта, рӕстгӕнӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амард, уӕддӕр ма йӕ уырнындзинады фӕрцы ныр дӕр дзуры. 5 Йӕ уырнындзинады фӕрцы Енохы Хуыцау айста, ӕмӕ Енох мӕлӕт нӕ федта, ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕй айста, уымӕ гӕсгӕ йӕ ссарӕн никуыуал уыд. Фӕлӕ йын уый размӕ Хуыцау бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый. 6 Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны. 7 Хуыцау Нойы, нырма цӕстӕй фенӕн цы нӕ уыд, уыдӕтты тыххӕй куы бафӕдзӕхста, уӕд ӕм йӕ уырнындзинады фӕрцы разынд Хуыцауы тас, ӕмӕ сарӕзта нау йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн. Йӕ уырнындзинадӕй уый дунейӕн стӕрхон кодта, ӕмӕ йӕ уырнындзинады фӕрцы бынӕн райста рӕстгӕнӕджы ном. 8 Хуыцау Аврааммӕ куы фӕсидт, уӕд ӕм уый йӕ уырнындзинады фӕрцы байхъуыста, йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд, бынӕн кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы зӕхмӕ. О, уый ацыд, кӕд ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта, уӕддӕр. 9 Уый йӕ уырнындзинады фӕрцы, Хуыцау ын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым цард ӕцӕгӕлонау, цыма искӕй зӕхх уыди, афтӕ. Царди цатырты Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ – уыдонӕн дӕр Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Авраамӕн цӕмӕй бавӕрдта зӕрдӕ, уымӕй. 10 Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ. 11 Афтӕ Саррӕйӕн дӕр, кӕд уыцы кары нал уыд, ӕмӕ йын сывӕллон райгуыра, уӕддӕр, йӕ уырнындзинады фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд уыцы хъару, ӕмӕ йын зӕнӕг рацӕуа, уымӕн ӕмӕ йын зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн. 12 Ӕмӕ афтӕмӕй иу адӕймагӕй,– уымӕй дӕр, зӕнӕг ын рацӕуа, уый гӕнӕн кӕмӕн нал уыд, уымӕй,– рацыд, арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты ӕмӕ денджызы был змис цас ис, уыйбӕрц цот – банымайӕн сын нӕ уыд. 13 Уыдон иууылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл, кӕд сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр. Фӕлӕ сӕ дардӕй уыдтой ӕмӕ сыл цин кодтой, стӕй ӕргом дзырдтой, кӕм цардысты, уыцы зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй сты. 14 Уымӕн ӕмӕ афтӕ чи дзуры, уыдон уымӕй ӕвдисынц, сӕхи чи уыдзӕн, уыцы цӕрӕнбынат зӕрдиагӕй кӕй агурынц. 15 Уӕвгӕ, цы ранӕй рацыдысты, уый куы мысыдаиккой, уӕд сӕ бон уыдаид фӕстӕмӕ аздӕхын дӕр. 16 Фӕлӕ уыдон тырнынц хуыздӕр ранмӕ, уӕлӕрвты цы ис, уыимӕ баст чи у, уыцы ранмӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр худинаг нӕ фӕкӕсы, уыдон ӕм, нӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, куы фӕкувынц, уӕд – горӕт дӕр ма сын ӕрцӕттӕ кодта.

23–29 СЕНТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЗУТТӔГТӔМ 12, 13

«Йегъовӕ зонд куы фӕамоны, уӕд уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг вӕййы»

(Дзуттӕгтӕм 12:5) фӕлӕ уӕ бынтондӕр ферох, Хуыцау уын йӕ фырттау цы ныффӕдзӕхста, уый: «Мӕ хъӕбул, Йегъовӕ дын зонд куы амона, уӕд ӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы уайдзӕф кӕна, уӕд дӕхимӕ ма ныхъхъус,

w12 15/3 29 ф., 18 абз.

«Фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» ма кӕн

18 Ӕхсызгон нын чи нӕ уыд, ахӕм уынаффӕ. Чи зоны нын уынаффӕ радтой ӕмӕ ныр иуцасдӕр рацыд, фӕлӕ йыл уӕддӕр хъуыды кӕнӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма ныр дӕр мӕсты кӕнӕ ӕнкъард кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй та адӕймаг йӕхимӕ дӕр ныхъхъусы (Дзут. 12:5). Уӕлдай нӕу, уынаффӕмӕ ӕппындӕр нӕ байхъуыстам ӕви йӕм фыццаг байхъуыстам, фӕлӕ йыл стӕй нӕ къух ауыгътам – афтӕмӕй нӕхи ӕнӕхай фӕкодтам, уыцы уынаффӕ нын цы пайда ӕрхастаид, уымӕй. Ахӕм уавӕры хуыздӕр уаид, Соломон куыд загъта, афтӕ бакӕнын: «Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ суадз. Хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уымӕй кӕнгӕ у» (Ӕмб. 4:13). Зӕгъӕм, машинӕ чи фескъӕры, уый йӕ хъус фӕдары фӕндаджы амонӕнтӕм. Уӕдӕ-иу мах дӕр афтӕ уынаффӕмӕ байхъусӕм, спайда-иу дзы кӕнӕм ӕмӕ-иу дарддӕр размӕ цӕуӕм (Ӕмб. 4:26, 27; бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:12, 13).

(Дзуттӕгтӕм 12:6, 7) уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны, ӕмӕ йӕ фырттыл кӕй нымайы, уыдонӕй алкӕй дӕр бафхӕры». 7 Сымах фидар кӕй лӕуут, уый фӕрцы ахуыр кӕнут раст зондыл. Хуыцау сымахӕн у, фыд йӕ фырттӕн куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ ахӕм фырт ис, ӕмӕ йын йӕ фыд зонд ма бацамона?

w12 1/7 21 ф., 3 абз.

«Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд“»

Йӕ сывӕллӕтты чи уарзы, ахӕм фыд сын зонд фӕамоны, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа (Ефесӕгтӕм 6:4). Кӕд сын зонд иуӕй-иу хатт фидарӕй фӕамоны, уӕддӕр тъӕпп ӕмӕ рӕхуыстӕй нӕ. Нӕ уӕларвон Фыды дӕр иуӕй-иу хатт бахъӕуы махӕн зонд бацамонын. Фӕлӕ нын зонд фӕамоны фӕлмӕнӕй, тызмӕгӕй нӕ, фӕлӕ. Чырысти дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн фӕлмӕн. Иу хъуыддагмӕ-иу сын се ’ргом кӕд цалдӕр хатты раздӕхта, суанг-иу уӕд дӕр семӕ тызмӕгӕй никуы ныхас кодта (Матфейы 20:20–28; Лукайы 22:24–30).

(Дзуттӕгтӕм 12:11) Раст у, адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ын ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг ӕм фӕкӕсы. Фӕлӕ уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг – раст хъуыддӕгтӕ.

w18.03 32 ф., 18 абз.

«Байхъусут зондамындмӕ, ӕмӕ суат зондджын»

18 Зондамынд хатт маст дӕр ӕрхӕссы, фӕлӕ адӕймагӕн ноджы стырдӕр маст ӕрхӕссы, Хуыцауы зондамындмӕ куы нӕ байхъусы, уый (Дзут. 12:11). Ӕркӕсӕм Каины ӕмӕ паддзах Седекийы цӕвиттонтӕм. Каин йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт куы федта ӕмӕ йӕ марынвӕнд куы скодта, уӕд ӕй Хуыцау бафӕдзӕхста: «Цӕуыл смӕсты дӕ ӕмӕ дӕхи цӕуыл ныттар кодтай? Хорздзинад аразын куы райдайай, уӕд дӕ не сбӕрзонд кӕндзынӕн? Фӕлӕ хорздзинад аразын куы нӕ райдайай, уӕд тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл ӕмӕ дӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Фӕлӕ йыл ды фӕуӕлахиз уыдзынӕ?» (Райд. 4:6, 7). Каин Йегъовӕйы зондамындмӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ йе ’фсымӕры амардта. Ӕмӕ уый тыххӕй цӕрӕнбонты стыр хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста (Райд. 4:11, 12). Каин Йегъовӕмӕ куы байхъуыстаид, уӕд йӕхи ахӕм масты хай нӕ бакодтаид.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Дзуттӕгтӕм 12:1) Уӕдӕ нӕ алыварс уыйбӕрц ӕвдисӕнтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый ӕмӕ нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд, ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм,

w11 15/9 18 ф., 11 абз.

Нӕ фӕндагыл фӕразонӕй згъорӕм

11 Павел Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджыты схуыдта «ӕвдисӕнты... стыр мигъ». Уыдон сӕ мӕлӕты онг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, чырыстӕттӕн дӕр сӕ бон кӕй у цыфӕнды зын уавӕрты дӕр иузӕрдионӕй баззайын. Уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕ уыдысты, сӕ фӕндагыл кӕронмӕ чи азгъордта, ахӕм згъорджыты хуызӕн. Ӕмӕ дзуттаг чырыстӕттӕ сӕ цӕвиттоныл куы хъуыды кодтаиккой, уӕд сӕ уый ныфс бауагътаид, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй бауыдаид сӕ фӕндагыл кӕронмӕ фӕразонӕй згъорын. Ӕмӕ уый ныфс уадзы мах дӕр.

(Дзуттӕгтӕм 13:9) Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Зӕрдӕ фидар кӕнын хъӕуы алыхуызон хӕринӕгтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхӕй, уымӕн ӕмӕ хӕринӕгтӕ ницы пайда ӕрхастой, чи сыл бафтыд, уыдонӕн.

br1-U 14 ф., 10 абз.

Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нывӕндтӕ хӕсс

10 Дзуттӕгтӕ хъуамӕ къӕрцхъус уыдаиккой, цӕмӕй сӕ дзуттаг дины «алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ... сӕ фӕдыл ма асайдтаиккой» (Галатӕгтӕм 5:1–6). Зӕрдӕ ахӕм ахуырӕдты фӕрцы нӕ фидар кӕны, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы, цӕмӕй рӕстдзинадыл фидар хӕцӕм. Ӕвӕццӕгӕн, чидӕртӕ быцӕу кодтой алыхуызон хӕринӕгтӕ ӕмӕ нывӕндты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Павел загъта, зӕгъгӕ, «хӕринӕгтӕ ницы пайда ӕрхастой, чи сыл бафтыд, уыдонӕн». Уырнындзинад фидар уыдзӕн, Хуыцауыл иузӕрдион куы уӕм ӕмӕ дзы ахӕсты аргъы тыхӕй бузныг куы уӕм, уӕд; цавӕрдӕр хӕринагыл ӕгӕр тыхсын ӕмӕ цавӕрдӕр бон бӕрӕг кӕнын ницы пайда у (Ромӕгтӕм 14:5–9). Уымӕй уӕлдай, Чырыстийы нывонды фӕрцы левитты нывӕндтӕ хӕссын нал хъуыд (Дзуттӕгтӕм 9:9–14; 10:5–10).

Библийӕ бакӕсинаг

(Дзуттӕгтӕм 12:1–17) Уӕдӕ нӕ алыварс уыйбӕрц ӕвдисӕнтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый ӕмӕ нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд, ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм, 2 уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Сӕйраг Разамонӕгмӕ ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны, уымӕ, ома Йесомӕ, лӕмбынӕг кӕсгӕйӕ. Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс. 3 О, йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр чи кодта, уыцы тӕригъӕдджынты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн чи бафӕрӕзта, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут, цӕмӕй ма бафӕллайат ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕтта. 4 Уыцы тӕригъӕды ныхмӕ тохгӕнгӕйӕ сымах афтӕ нӕма хӕцыдыстут, ӕмӕ уӕ туг ныккӕла, 5 фӕлӕ уӕ бынтондӕр ферох, Хуыцау уын йӕ фырттау цы ныффӕдзӕхста, уый: «Мӕ хъӕбул, Йегъовӕ дын зонд куы амона, уӕд ӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы уайдзӕф кӕна, уӕд дӕхимӕ ма ныхъхъус, 6 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны, ӕмӕ йӕ фырттыл кӕй нымайы, уыдонӕй алкӕй дӕр бафхӕры». 7 Сымах фидар кӕй лӕуут, уый фӕрцы ахуыр кӕнут раст зондыл. Хуыцау сымахӕн у, фыд йӕ фырттӕн куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ ахӕм фырт ис, ӕмӕ йын йӕ фыд зонд ма бацамона? 8 Кӕд уын, алы сывӕллонӕн дӕр зонд куыд фӕамонынц, афтӕ зонд ничи амоны, уӕд та фырттӕ не стут, фӕлӕ дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ. 9 Стӕй нӕ алкӕмӕн дӕр уыди зӕххон фыд. Уыдон-иу нын зонд амыдтой, ӕмӕ сӕ мах нымадтам. Ӕмӕ уӕд, сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи сси нӕ Фыд, уый коммӕ та куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм, кӕд ӕмӕ нӕ цард уымӕй аразгӕ у? 10 Уыдон нын цыбыр рӕстӕджы дӕргъы, сӕхимӕ раст куыд каст, афтӕ амыдтой зонд, уый та нын зонд амоны нӕхи пайдайӕн, цӕмӕй йӕ сыгъдӕгдзинадӕй хайджын уӕм. 11 Раст у, адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ын ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг ӕм фӕкӕсы. Фӕлӕ уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг – раст хъуыддӕгтӕ. 12 Уӕдӕ бафидар кӕнут, йӕ къухтӕ чи ӕруагъта ӕмӕ йӕ уӕрджытӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ сты, уыдоны. 13 Ӕмӕ уӕхицӕн аразут раст фӕндӕгтӕ, цӕмӕй къуылыхӕн йӕ къах ма фелвӕса, фӕлӕ сдзӕбӕх уа. 14 Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл архайут ӕмӕ уымӕ тырнут, цӕмӕй сыгъдӕг уат, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Хицауы ничи фендзӕн. 15 Уӕ хъус лӕмбынӕг дарут, цӕмӕй уӕ Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, стӕй цӕмӕй уе ’хсӕн маргджын уидаг тау ма суадза ӕмӕ уын мацы бӕллӕхтӕ ракӕна ӕмӕ дзы бирӕтӕ ма фӕхъӕстӕ уой, 16 стӕй ма цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа хӕтаг кӕнӕ, Исавау Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм – уый хистӕр фырты бартӕ баивта хӕринаджы къусыл. 17 Куы йӕ зонут, уый фӕстӕ ма йӕ бӕргӕ фӕндыд, цӕмӕй арфӕдзинадӕй уымӕн дӕр хай уыдаид, фӕлӕ йын дзы ницы рауад, уымӕн ӕмӕ кӕд йӕ фыдӕн цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, уӕддӕр йӕ фӕндӕн фӕивӕн нал уыди.

30 СЕНТЯБРЫ – 6 ОКТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИАКОВЫ 1, 2

«Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтмӕ цы ’ркӕны?»

(Иаковы 1:14) Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый.

g17.4-U 14

Фӕлварӕн

Адӕймагӕн фӕлварӕн свӕййы, йӕхимӕ йӕ цы фелвасы, уый, уӕлдайдӕр та, раст цы нӕу, ахӕм цыдӕр. Зӕгъӕм, дуканимӕ бацыдтӕ ӕмӕ цыдӕр дӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Уайтагъд ахъуыды кодтай, дӕ бон ӕй адавын кӕй у ӕмӕ дӕ кӕй не ’рцахсдзысты. Фӕлӕ дын де ’фсарм «нӕ», зӕгъгӕ, дзуры! Дӕ сӕрӕй уыцы ’взӕр хъуыды асырдтай ӕмӕ дарддӕр ацыдтӕ. Афтӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууыдтӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕ.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

Адӕймаг цӕмӕдӕр куы сцыбӕл вӕййы, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ’взӕр адӕймаг у. Библи ӕмбарын кӕны, не ’ппӕт дӕр фӕлварӕны кӕй бахауӕм (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Сӕйрагдӕр вӕййы, ахӕм рӕстӕг нӕхи куыд фӕдарӕм, уый. Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнын райдайынц, раст цы нӕу, ууыл ӕмӕ абон уа ӕви райсом, уӕддӕр фӕрӕдийынц. Иннӕтӕ та ахӕм хъуыдытӕ уайтагъд фӕсурынц сӕ сӕрӕй.

«Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый» (Иаковы 1:14).

(Иаковы 1:15) Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ, ӕмӕ тӕригъӕд та, иугӕр ӕрцыд, уӕд ӕркӕны мӕлӕтмӕ.

g17.4-U 14

Фӕлварӕн

Библи ӕмбарын кӕны, тӕригъӕдмӕ цы ӕркӕны, уый. Иаковы 1:15 стихы фыст ис: «[Ӕвзӕр] фӕнд та уидаг куы ауадзы [комкоммӕ «фӕнд куы банхъӕлцау вӕййы», фиппаинаг], уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ». Ӕндӕр ныхӕстӕй, адӕймаг ӕвзӕр фӕндтыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд ын йӕхиуыл фӕхӕцын зындӕр вӕййы ӕмӕ уый гӕнӕн нӕ вӕййы, ӕмӕ тӕригъӕд ма сараза, сывӕрджын сылгоймаг ма ныййара, уымӕн гӕнӕн куыд нӕ вӕййы, афтӕ. Фӕлӕ нӕ бон у, цӕмӕй ӕвзӕр фӕндты цагъартӕ ма суӕм, фӕлӕ сын хицау уӕм.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Иаковы 2:1) Ме ’фсымӕртӕ, хъулон митӕ куы кӕнат, уӕд цымӕ афтӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕууӕндут нӕ кадджын Хицау Йесо Чырыстийыл?

w18.08 10 ф., 11 абз.

Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕн

11 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм хъуамӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Йегъовӕ адӕймагӕн аргъ кӕндзӕн ӕви нӕ, уый, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, ууыл баст нӕу. Стӕй, адӕймаг йӕ хӕлар уыдзӕн ӕви нӕ, уый дӕр, цы йӕм ис ӕмӕ йӕм цы нӕй, уымӕй аразгӕ нӕу. Кӕд Йесо афтӕ загъта, зӕгъгӕ, «зын уыдзӕн хъӕздыгӕн уӕларвон паддзахадмӕ бацӕуын», уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ӕппындӕр нӕ уыдзӕн (Матф. 19:23). Йесо ма афтӕ дӕр загъта: «Амондджын стут, мӕгуыртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах у Хуыцауы паддзахад» (Лук. 6:20). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мӕгуыр адӕм се ’ппӕт дӕр Йесойы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ уӕлдай арфӕгонд ӕрцыдысты. Мӕгуыртӕй Йесойы фӕдылдзӕуӕг чи сси, ахӕмтӕ бирӕ нӕ уыд. Уӕдӕ никӕй бон у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ, адӕймаг Хуыцауы хӕлар уыдзӕн ӕви нӕ, уый, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр у, уымӕй кӕнгӕ у.

(Иаковы 2:8) Уӕдӕ кӕд паддзахы закъон ӕххӕст кӕнут, Фыстытӕ куыд зӕгъынц, афтӕ, зӕгъгӕ, «иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ», уӕд тынг хорз аразут.

it-U «Закон», дӕлсӕргонд «Царский закон»

Закъон

«Паддзахы закъон». Иннӕ закъӕттимӕ абаргӕйӕ «паддзахы закъон» ахсджиагдӕр ӕмӕ кадджындӕр у, паддзах адӕмы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ (Иак 2:8). Закъоны бадзырды сӕйрагдӕр уыд уарзондзинад; фӕдзӕхст, «иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (паддзахы закъон) уыди, ӕгас Закъон дӕр ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕ дӕр кӕуыл лӕууынц, уыцы фӕдзӕхстытӕй дыккаг (Мф 22:37–40). Кӕд абон чырыстӕттӕ Закъоны бадзырды дӕлбар не сты, уӕддӕр ног бадзырдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной Паддзах Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырт, Паддзах Йесо Чырыстийы, закъон.

Библийӕ бакӕсинаг

(Иаковы 2:10–26) Закъон ӕгасӕй дӕр чи ӕххӕст кӕны, фӕлӕ ӕрмӕст иу хъуыддаджы чи фӕрӕдийы, уый фехалы ӕппӕт закъӕттӕ дӕр. 11 Афтӕ чи загъта: «Ма хӕт», уый ма афтӕ дӕр загъта: «Ма амар». Ӕмӕ уӕдӕ кӕд хӕтгӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ адӕмы марыс, уӕд закъонхалӕг дӕ. 12 Уӕдӕ дзургӕ дӕр ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнут, сӕрибар адӕмы закъонмӕ гӕсгӕ чи уыдзӕн тӕрхонгонд, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. 13 Фӕлмӕнзӕрдӕ чи нӕу, уымӕ тӕрхоны дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыдзысты. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг та, тӕрхон ын куы кӕной, уӕд фӕуӕлахиз уыдзӕн. 14 Ме ’фсымӕртӕ, исчи афтӕ куы зӕгъа, мӕнмӕ ис уырнындзинад, зӕгъгӕ, хъуыддагӕй та куы ницы ’вдиса, уӕд уый цы пайда у? Ахӕм уырнындзинад ӕй фервӕзын кӕндзӕн? 15 Ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕн, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый куы нӕ уа ӕмӕ хӕринагхъуаг куы ӕййафа, 16 ӕмӕ йын сымахӕй исчи афтӕ куы зӕгъа, дзӕбӕх у, дӕхи хъарм дар ӕмӕ дӕхи хӕрдцух ма уадз, зӕгъгӕ, цы хъуаг у, уый та йын куы нӕ ратта, уӕд ын уый цы пайда у? 17 Уӕдӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у. 18 Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та – хъуыддӕгтӕ. Равдис мын дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад равдисдзынӕн мӕ хъуыддӕгтӕй». 19 Уырны дӕ, иу Хуыцау кӕй ис? Уый хорз у. Фӕлӕ уырнгӕ хӕйрӕджыты дӕр кӕны, ӕмӕ фыртӕссӕй ризынц. 20 Фӕлӕ дӕ уый фӕнды зонын, ӕнӕзонд адӕймаг, ӕмӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй ницы у? 21 Нӕ фыдӕл Авраам рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, йӕ фырт Исахъы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд? 22 Дӕхӕдӕг ӕй уыныс, йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕй цыдысты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй йӕ уырнындзинад кӕронмӕ кӕй сфӕлтӕрдта. 23 Ӕмӕ сӕххӕст, Фыстад цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл», ӕмӕ хуынд ӕрцыд «Йегъовӕйы хӕлар». 24 Куыд уынут, афтӕмӕй адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕуы йӕ хъуыддӕгты фӕрцы, ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ. 25 Хӕтаг сылгоймаг Раав дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, ӕрвыст лӕгты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕндӕр фӕндагыл куы арвыста, уӕд? 26 О, буар ӕнӕ улӕфтӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын