Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
4–10 НОЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 ИОАННЫ 1–5
«Ма уарзут дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый»
(1 Иоанны 2:15, 16) Ма уарзут дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы, 16 уымӕн ӕмӕ дунейы цыдӕриддӕр ис: тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын,– уыдон Фыдӕй не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.
Йесойы фӕзмут
13 Чи зоны исчи зӕгъы, зӕгъгӕ, ацы дунейы алцы ӕвзӕр нӕу. Афтӕ дӕр фӕуӕд, фӕлӕ ацы дуне ӕмӕ йӕ зӕрдӕлхӕнӕнтӕ адӕймаджы Иегъовӕйы фӕндагӕй ӕнцонтӕй фӕиппӕрд кӕнынц. Стӕй ацы хӕлд дунейы, Хуыцаумӕ цы баввахс кӕна, ахӕмӕй ницы ис. Уымӕ гӕсгӕ дунейы цы ис, уый куы бауарзӕм, фӕнды, ӕвзӕр схонӕн кӕй нӕй, ахӕм цыдӕртӕ, уӕд нӕхи фыдбылызы ӕппарӕм (1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы дунейы зӕрдӕлхӕнӕнтӕн сӕ фылдӕр сты ӕвзӕр – сафынц адӕмы. Хылтӕ, ӕнӕуаг митӕ ӕмӕ мулкыл хӕлоф цы кинотӕ ӕмӕ телеравдыстыты бӕрзонд кӕнынц, уыдонмӕ куы кӕсӕм, уӕд сыл сахуыр уыдзыстӕм, ӕвзӕр нӕм ӕвзӕр нал кӕсдзӕн, ӕмӕ иуафон махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм бабӕлдзӕн. Нӕхи, йе стырдӕр мӕт йӕ цардуавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕнӕ бирӕ ӕхца бакусын кӕмӕн у, ахӕм адӕмыл куы бӕттӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдӕттыл дзурдзӕн (Матфейы 6:24; 1 Коринфӕгтӕм 15:33).
(1 Иоанны 2:17) Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм.
Ахъуыды кӕн, цавӕр адӕймаг хъуамӕ уай
18 «Дунейы цы ис», уыдӕттӕй нын цӕмӕй фӕлварӕн мацы суа, уый тыххӕй ма ноджыдӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Иоанны ныхӕстӕ: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоан. 2:17). Хӕйрӕджы дунемӕ куы акӕсай, уӕд цыма ӕнустӕм дӕр лӕудзӕн, афтӕ зыны. Фӕлӕ иубон йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Хӕйрӕджы дунейы цы ис, уыдӕттӕй ӕнустӕм ницы фӕлӕудзӕн. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ Хӕйрӕг ницӕмӕй асайдзӕн.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(1 Иоанны 2:7, 8) Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ӕз уӕм ног фӕдзӕхст нӕ фыссын, фӕлӕ рагон фӕдзӕхст, райдианӕй кӕй зонут, уый. Ацы рагон фӕдзӕхст у, сымах кӕй фехъуыстат, уыцы ныхас. 8 Уӕвгӕ уӕм ног фӕдзӕхст дӕр фыссын, Чырысти кӕй ӕххӕст кодта ӕмӕ сымах дӕр кӕй ӕххӕст кӕнут, уыцы фӕдзӕхст, уымӕн ӕмӕ талынг фӕивгъуыйы ӕмӕ ӕцӕг рухс ныридӕгӕн рухс кӕны.
Йегъовӕйы амындтыл ис ӕууӕндӕн
14 Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ нын нӕ зӕрдыл арӕх лӕууын кӕнынц, кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзӕм. Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытӕй дыккаг у, «иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матф. 22:39). Йесойы ӕфсымӕр Иаков та уарзондзинад схуыдта «паддзахы закъон» (Иак. 2:8). Апостол Иоанн ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ӕз уӕм ног фӕдзӕхст нӕ фыссын, фӕлӕ рагон фӕдзӕхст, райдианӕй кӕй зонут, уый» (1 Иоан. 2:7, 8). Ацы ныхӕстӕй, «рагон фӕдзӕхст», зӕгъгӕ, Иоанны цы зӕгъын фӕндыд? Иоанн дзырдта, чырыстӕттӕ кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой, уыцы фӕдзӕхсты тыххӕй. Уыцы фӕдзӕхст «рагон» уымӕн схуыдта, ӕмӕ йӕ Йесо радта «райдианӕй», ома, Иоанн йӕ фыстӕг куы фыста, уымӕй цалдӕр дӕсазы размӕ. Фӕлӕ уыцы фӕдзӕхст «ног» дӕр уыд схонӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр, ног уавӕрты, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты хъуыдаид удуӕлдай уарзт ӕвдисын. Абон Хуыцау мах дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕрау хиуарзон ма уӕм, фӕлӕ иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзӕм. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм!
(1 Иоанны 5:16, 17) Исчи йе ’фсымӕры, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд аразгӕ куы фена, уӕд йе ’фсымӕры тыххӕй кувӕд, ӕмӕ Хуыцау уыцы ӕфсымӕрӕн ратдзӕн цард. Ӕз ам дзурын, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд чи ракодта, уыдоны тыххӕй. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд. Ӕмӕ ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, цӕмӕй, ахӕм тӕригъӕд чи ракодта, уыцы адӕймаджы тыххӕй кува Хуыцаумӕ. 17 Алы ӕвзӕр хъуыддаг дӕр у тӕригъӕд, фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд.
it-U «Прощение», 10 абз.
Хатыр кӕнын
Нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй-иу иннӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна, ӕмӕ нӕ бон у суанг ӕнӕхъӕн ӕмбырды тыххӕй дӕр кувын. Израилы адӕм тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд Моисей се ’ппӕты тыххӕй дӕр куывта, цӕмӕй сын Йегъовӕ ныххатыр кодтаид, ӕмӕ йын уый йӕ куывд фехъуыста (Нм 14:19, 20). Соломон Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодта, уӕд уый дӕр куывта, цӕмӕй-иу Йегъовӕ йӕ адӕмӕн хатыр кодтаид, тӕригъӕд-иу куы сарӕзтаиккой ӕмӕ-иу куы ӕрфӕсмон кодтаиккой, уӕд (1Пд 8:30, 33–40, 46–52). Дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд Ездрӕ адӕмы номӕй Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕргом дзырдта. Йӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ куывд ӕмӕ, дзуттӕгтӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон сӕ сразӕнгард кодтой сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзынмӕ, цӕмӕй сын Йегъовӕ ныххатыр кодтаид (Езд 9:13–10:4, 10–19, 44). Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн Иаков загъта, цӕмӕй-иу фӕдзурой ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, ӕмӕ йын уыдон скувой, ӕмӕ, «кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын... хатыргонд ӕрцӕудзысты» (Иак 5:14–16). Фӕлӕ, «мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд», ома сыгъдӕг тыхы ныхмӕ тӕригъӕд, зонгӕ-зонын чи сараза, уымӕн хатыргонд не ’рцӕудзӕн. Ахӕм адӕймаджы тыххӕй чырыстӕттӕ хъуамӕ ма кувой (1Ин 5:16; Мф 12:31; Дзт 10:26, 27; кӕс ГРЕХ; ДУХ).
Библийӕ бакӕсинаг
(1 Иоанны 1:1–2:6) Фыссӕм уӕм, царддӕттӕг дзырд чи уыди, уый тыххӕй – уый уыди райдианӕй фӕстӕмӕ, мах ын фехъуыстам йӕ ныхӕстӕ, федтам ӕй нӕхи цӕстӕй, лӕмбынӕг ӕм кастыстӕм ӕмӕ йӕ нӕхи къухтӕй сгӕрстам. 2 О, махӕн раргом ӕнусон цард, ӕмӕ йӕ мах федтам, уыцы царды тыххӕй ӕвдисӕн лӕууӕм ӕмӕ уын уый тыххӕй хъусын кӕнӕм. Уыцы ӕнусон цард цӕуы нӕ Фыдӕй ӕмӕ махӕн раргом. 3 Кӕй федтам ӕмӕ кӕй фехъуыстам, уый тыххӕй дзурӕм сымахӕн дӕр, цӕмӕй сымах дӕр немӕ иудзинады уат. Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр иумӕ иудзинады стӕм нӕ Фыдимӕ ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ. 4 Ӕмӕ уӕм ацы ныхӕстӕ уымӕн фыссӕм, цӕмӕй нӕ цинӕн кӕрон ма уа. 5 Мах ацы хабар уымӕй фехъуыстам ӕмӕ йӕ сымахӕн дӕр дзурӕм: Хуыцау у рухс ӕмӕ йӕм талынгӕй ӕппындӕр ницы ис. 6 Кӕд афтӕ дзурӕм, мах йемӕ иудзинады стӕм, зӕгъгӕ, цӕугӕ та талынджы кӕнӕм, уӕд сайгӕ кӕнӕм ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрӕм. 7 Фӕлӕ уый йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, мах дӕр кӕд афтӕ рухсы цӕуӕм, уӕд не ’хсӕн ис иудзинад ӕмӕ нӕ йӕ Фырт Йесойы туг сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр. 8 Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты рӕстдзинад нӕй. 9 Кӕд нӕ тӕригъӕдтыл сӕттӕм, уӕд нын сӕ Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ алы фыддзинадӕй дӕр ссыгъдӕг кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый у иузӕрдион ӕмӕ рӕстаг Хуыцау. 10 Фӕлӕ кӕд афтӕ дзурӕм, мах тӕригъӕд нӕ ракодтам, зӕгъгӕ, уӕд Хуыцауы ахӕм бынаты ӕвӕрӕм, цыма сайгӕ кӕны, ӕмӕ йӕ ныхас нӕ зӕрдӕты нӕй.
2 Мӕ хъӕбултӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм уымӕн фыссын, цӕмӕй тӕригъӕд ма ракӕнат. Фӕлӕ уӕ кӕд исчи тӕригъӕд ракодта, уӕд та нын Фыды раз ис ӕххуысгӕнӕг – рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти. 2 Уый у фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕгас дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр. 3 Кӕд ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕд ӕй зонӕм, кӕй йӕ базыдтам. 4 Афтӕ чи дзуры, ӕз ӕй базыдтон, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та йын йӕ фӕдзӕхстытӕ не ’ххӕст кӕны, уый сайгӕ кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад нӕй. 5 Фӕлӕ йын йӕ ныхас чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕймаг Хуыцауы ӕцӕгдӕр уарзы ӕххӕст уарзтӕй. Ӕмӕ йӕ уымӕй зонӕм, йемӕ иудзинады кӕй стӕм. 6 Афтӕ чи дзуры, ӕз йемӕ иудзинады дӕн, зӕгъгӕ, уый хъуамӕ цӕргӕ дӕр кӕна, Йесо куыд цард, афтӕ.
11–17 НОЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 ИОАННЫ 1–13; 3 ИОАННЫ 1–14; ИУДӔЙЫ 1–25
«Хъуамӕ тох кӕнӕм, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр цӕуӕм»
(Иудӕйы 3) Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагӕй мӕ фӕндыди сымахмӕ нӕ иумӕйаг ирвӕзындзинады тыххӕй ныффыссын, фӕлӕ хъӕугӕ хъуыддагыл банымадтон сымахӕн ныффӕдзӕхсын: сыгъдӕджытӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ лӕвӕрд цы уырнындзинад ӕрцыди, уый сӕрвӕлтау ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнут.
«Фидар кӕнут Хицауӕй»
8 Мах зонӕм Сайтаны фыдвӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ нын Фыстад ӕргом кӕны йӕ хӕстон хиндзинӕдтӕ (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Цӕвиттон, Хӕйрӕг рӕстаг адӕймаг Иовы йӕ фӕллӕйттӕй ӕнӕхай фӕкодта, йӕ сывӕллӕтты йын ныццагъта, йӕ усы йын йӕ ныхмӕ скодта, фыдниз ыл бафтыдта ӕмӕ йӕ йӕ ныфсӕвӕрӕг-зӕрдӕхалӕг ӕрдхӕрдты дзыхӕй уайдзӕфты бын фӕкодта. Уыцы мӕстытӕй Иовмӕ цӕрын дӕр нал цыд, афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ Хуыцау ныууагъта (Иов 10:1, 2). Сайтан Иовӕн цытӕ бакодта, махӕн кӕд ахӕм митӕ нӕ кӕны, уӕддӕр цы мӕстытӕ ӕвзарӕм, уыдоны руаджы йын зын нӕу йӕ фыдвӕндтӕ сӕххӕст кӕнын.
9 Нӕ уырнындзинад нын цы фӕцудын кӕна, ахӕм цыдӕртӕ ацы фӕстаг бонты бирӕ ис. Ныртӕккӕ адӕм мулкыл, исбоныл фесты, ӕмӕ сӕ Хуыцау нал ӕндавы. Газетты, журналты ӕмӕ киноты иудадзыгдӕр хъарынц ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ буары мондӕгтӕ суадзынӕн, цы не ’мбӕлы, ахӕм митӕ дӕр куы кӕна, уӕддӕр ын уый ӕхсызгондзинад йеддӕмӕ маст нӕ хӕссы. Уыйадыл бирӕтӕ систы «фылдӕр адджын цард уарзджытӕ, цӕйнӕфӕлтау Хуыцауы уарзджытӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Цӕмӕй мах дӕр ахӕм зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хъазуатонӕй «тох кӕнын... уырниады сӕрыл» (Иудӕйы 3, НФ).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Иудӕйы 4) Ӕз уӕ уый тыххӕй фӕдзӕхсын, ӕмӕ уе ’хсӕнмӕ ӕрбахъуызыдысты, Фыстадмӕ гӕсгӕ рагӕй дӕр ацы тӕрхон кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм ӕнӕхуыцау адӕймӕгтӕ. Уыдонӕн нӕ Хуыцауы стыр хорзӕх уый ӕфсон фӕци, цӕмӕй хӕлд митӕ кӕной, уыдон сӕ зӕрдӕ сивтой нӕ иунӕг Хицау Йесо Чырыстийыл, чи нӕ балхӕдта, ууыл.
(Иудӕйы 12) Уарзондзинады номыл цы куывдтӕ скӕнут, уым уемӕ минасгӕнгӕйӕ уыдон вӕййынц, доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхты хуызӕн. Уыдон сты, сӕхи ӕнӕфсармӕй чи ӕфсады, ахӕм фыййӕутты хуызӕн, дымгӕ дыууӕрдӕм кӕй рахӕсс-бахӕсс кӕны, ахӕм ӕнӕдон мигъты хуызӕн, дыргътонӕн афон дыргъ кӕуыл нӕй, бынтондӕр чи бахус ӕмӕ бындзарӕй кӕй срӕдывтой, ахӕм бӕлӕсты хуызӕн.
it-U «Пиры братской любви», 1 абз.
Уарзондзинады номыл куывдтытӕ
Уыцы куывдтытӕ куыд цыдысты ӕмӕ сӕ цас арӕх кодтой, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст (Иуд 12). Уыцы куывдтытӕ кӕнын нӕдӕр Йесо Чырысти бафӕдзӕхста, нӕдӕр йӕ апостолтӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнг нӕ уыд, стӕй уыцы ӕгъдау цӕрӕнбонтӕм хъуамӕ ма уыдаид. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ-иу уыцы куывдтытӕ скодтой хъӕздыг чырыстӕттӕ ӕмӕ-иу мӕгуыр чырыстӕтты фӕхуыдтой. Сидзӕртӕ, идӕдзтӕ, хъӕздгуытӕ ӕмӕ-иу мӕгуыртӕ иумӕ фынгыл фӕбадтысты ӕмӕ-иу фӕныхӕстӕ кодтой.
it-U «Скала», дӕлсӕргонд «Переносное значение», 4 абз.
Къӕдзӕх
Ӕндӕр грекъаг дзырд спила́с, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны, доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕх. Иудӕ ацы дзырдӕй спайда кодта, ӕмбырдмӕ чи ӕрбахъуызыд ӕмӕ иннӕты зондахастыл ӕвзӕрырдӕм чи ӕндӕвта, уыдоны кой кӕнгӕйӕ. Доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхтӕ наутӕн куыд тӕссаг сты, афтӕ тӕссаг уыдысты ӕмбырдтӕн уыцы адӕм. Иудӕ загъта: «Уарзондзинады номыл цы куывдтӕ скӕнут, уым уемӕ минасгӕнгӕйӕ уыдон вӕййынц, доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхты хуызӕн» (Иуд 12).
(Иудӕйы 14, 15) Уыдоны тыххӕй дзырдта Енох дӕр, Адамӕй ӕвдӕм: «Мӕнӕ, Йегъовӕ ӕрцыд йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ, 15 цӕмӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон скӕна ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм ӕнӕфсармӕй цы ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ дзы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ цы алы фыдтӕ дзырдтой, уыдоны сӕ фӕаххосджын кӕна!
«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»
Цавӕр хабар хъусын кодта Енох? «Мӕнӕ, Йегъовӕ ӕрцыд йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон скӕна ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм ӕнӕфсармӕй цы ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ дзы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ цы алы фыдтӕ дзырдтой, уыдоны сӕ фӕаххосджын кӕна!» (Иудӕйы 14, 15). Чи зоны, дӕ хъус ӕрдардтай, Енохы ныхӕстӕй афтӕ кӕй уайы, цыма ивгъуыд хабары кой кӕны. Уый фӕстӕ бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ дӕр афтӕ фыст ӕрцыдысты. Цӕмӕн? Пехуымпар-иу цӕй кой кодта, уый-иу ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй афтӕ загъта, цыма уӕдмӕ дӕр сӕххӕст ис (Исай 46:10).
«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»
Енохы уырнындзинады тыххӕй кӕсгӕйӕ, махӕн дӕр нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цы дунейы цӕрӕм, уымӕ цымӕ ӕз дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсын?» Енох хъӕбатырӕй цы тӕрхоны хабар хъусын кодта, уый хауы абоны дунемӕ дӕр. Енох куыд дзырдта, афтӕ Йегъовӕ ӕнӕхуыцау дунейыл Нойы бонты Доны хъаймӕт рауагъта. Уыцы хабар амоны, дунемӕ ноджы стырдӕр бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ (Матфейы 24:38, 39; 2 Петры 2:4–6). Енохы заман куыд уыд, афтӕ абон дӕр Хуыцау «йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ» ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕнӕхуыцау дунейӕн цы раст тӕрхон рахаста, уый кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Енох цы хабар хъусын кодта, уый нӕ алчидӕр хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ айса ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр дзура. Нӕ бинонтӕ ӕмӕ нӕ не ’мбӕлттӕ, чи зоны, не ’мбарынц, ӕмӕ нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма иунӕг стӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ Енохы никуы ныууагъта ӕмӕ абон дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты нӕ ныууадздзӕн!
Библийӕ бакӕсинаг
(2 Иоанны 1–13) Хистӕр нӕлгоймаг фыссы, Хуыцау кӕй равзӕрста, уыцы сылгоймагмӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм, зӕрдиагӕй кӕй уарзы, уыдонмӕ. Ӕмӕ уӕ канд ӕз нӕ уарзын, фӕлӕ, рӕстдзинад чи базыдта, уыдон се ’ппӕт дӕр. 2 Уарзгӕ та уӕ кӕнӕм, не ’ппӕты зӕрдӕты дӕр чи ис, уыцы рӕстдзинады тыххӕй, ӕмӕ уыцы рӕстдзинад немӕ уыдзӕн ӕнустӕм. 3 Мах хайджын уыдзыстӕм нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй, фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй ӕмӕ фарнӕй рӕстдзинад ӕмӕ уарзондзинадимӕ иумӕ. 4 Ӕз тынг цин кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ базыдтон, дӕ сывӕллӕттӕй чидӕртӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, нӕ Фыд нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 5 Ӕмӕ дӕ ныр, Хуыцау кӕй равзӕрста, уыцы сылгоймаг, курын, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзӕм. Ног фӕдзӕхст дӕм нӕ фыссын, фӕлӕ нӕм райдианӕй чи ис, уыцы фӕдзӕхст. 6 Уарзондзинад уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ нӕ Фыды фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм. Ӕмӕ йӕ райдианы куыд фехъуыстат, афтӕмӕй уыцы фӕдзӕхст у ахӕм: дарддӕр дӕр уарзондзинадмӕ гӕсгӕ цӕрут. 7 Уымӕн ӕмӕ дунейы фӕзынд бирӕ фӕлитойтӕ, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти адӕймагӕй не ’рцыд. Афтӕ чидӕриддӕр дзуры, уый у фӕлитой ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. 8 Уӕхимӕ кӕсут, мах цӕуыл фӕфыдӕбон кодтам, уымӕй ӕнӕхай куыд нӕ фӕуат, фӕлӕ уӕ хорзӕх ӕххӕстӕй куыд райсат. 9 Чырыстийы ахуырады сӕрты чи хизы ӕмӕ уыцы ахуырадыл фидар чи нӕ хӕцы, уый Хуыцауимӕ иудзинады нӕй. Уыцы ахуырадыл фидар чи хӕцы, уый та Фыдимӕ дӕр ӕмӕ Фыртимӕ дӕр ис иудзинады. 10 Исчи уӕм куы ’рцӕуа ӕмӕ уӕм ацы ахуырад куы не ’рхӕсса, уӕд ӕй уӕ хӕдзармӕ дӕр ма бауадзут ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут, 11 уымӕн ӕмӕ йын салам чи дӕтты, уый йын ӕмбал у йӕ фыдхъуыддӕгты. 12 Сымахӕн мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды, гӕххӕттыл уӕм сӕ фыссон, уый. Ныфс мӕ ис, кӕй уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уемӕ кӕй фӕныхас кӕндзынӕн, цӕмӕй уӕ цинӕн кӕрон ма уа. 13 Салӕмттӕ дын ӕрвитынц дӕ хойы сывӕллӕттӕ, Хуыцау кӕй равзӕрста, уый сывӕллӕттӕ.
18–24 НОЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАРГОМАД 1–3
«Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ»
(Раргомад 1:20) Мӕ рахиз къухы кӕй федтай, уыцы авд стъалыйы, стӕй уӕд авд сызгъӕрин цырагъдарӕны сусӕгдзинад у ахӕм: авд стъалыйы сты авд ӕмбырды зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та сты авд ӕмбырды.
Цавӕр зӕрдӕйы уаг дын ис?
8 Цӕмӕй нӕхи ахӕм зондӕй бахизӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Библийы Йесойы тыххӕй афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, «йӕ рахиз къухы ис авд стъалыйы». Уыцы «авд стъалыйы» сты сӕрст цӕстдарджытӕ, фӕлӕ ацы ныхӕстӕ ахӕссӕн ис хистӕр нӕлгоймӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Стъалытӕ Йесойы къухы кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыл йӕ бар цӕуы (Рарг. 1:16, 20). Йесо у ӕмбырды Хистӕр ӕмӕ йӕ хъус дары, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы ӕмӕ куыд фӕаразынц, уымӕ. Библийы ма фыст ис, «йӕ цӕстытӕ судзынц пиллон артау», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ алцыдӕр уыны. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕмӕн зонд бацамонын куы хъӕуа, уӕд Йесо ӕнӕмӕнгдӕр ууыл батыхсдзӕн, цӕмӕй йын уынаффӕ раттой йӕ афоныл, стӕй, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ (Рарг. 1:14). Мах та хъуамӕ, Йесойы «рахиз къухы» чи ис, уыцы цӕстдарджытӕн дарддӕр дӕр аргъ кӕнӕм. Павел ныффыста: «Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдиагӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу» (Дзут. 13:17).
(Раргомад 2:1, 2) Ефесы ӕмбырды зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы кӕмӕн ис ӕмӕ авд сызгъӕрин цырагъдарӕны ’хсӕн чи рацу-бацу кӕны, уый афтӕ зӕгъы: 2 „Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ фыдӕбон ӕмӕ дӕ фидардзинад. Зонын ӕй, ӕвзӕр адӕмӕн кӕй нӕ быхсыс ӕмӕ, йӕхи апостол чи хоны, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай ӕмӕ, сайгӕ кӕй кӕнынц, уый кӕй базыдтай.
Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕны, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна
11 Раргомады 2 ӕмӕ 3 сӕрты цы цӕстылуайӕны кой ис, уым дзырд цӕуы, Паддзах Йесо Чырысти кӕй кӕсы, Къаннӕг Азийы авд ӕмбырды цы цӕуы, уымӕ. Уыцы ӕмбырдты иумӕйагӕй цы цӕуы, Чырысти ӕрмӕст уый нӕ уыны. Ацы цӕстылуайӕны Йесо дзуры, алы ӕмбырды дӕр бӕлвырдӕй цы хъуыддӕгтӕ цыди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ ма бӕлвырд кӕйдӕрты кой дӕр кӕны. Стӕй ма уыцы ӕмбырдтӕй алкӕцыйӕ дӕр бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй ӕппӕлы кӕнӕ йын дӕтты бӕлвырд уынаффӕ. Ацы цӕстылуайӕн махӕн цӕуыл дзурӕг у? Уыцы авд ӕмбырды ӕвдисынц сӕрст чырыстӕтты 1914 азы фӕстӕ. Фӕлӕ кӕд Чырыстийы уынаффӕтӕ сӕйраджыдӕр сӕрст чырыстӕттӕм хауынц, уӕддӕр абон Хуыцауы адӕмы ӕмбырдтӕй алкӕцыйӕн дӕр сты пайда. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн абон дӕр йӕ Фырты уылты разамынд дӕтты. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын уыцы разамынд пайда ӕрхӕсса?
Иегъовӕйы организациимӕ ӕмдзыд кӕнӕм
20 Иегъовӕйы ӕппынӕдзух размӕ цӕуӕг организациимӕ ӕмдзыд кӕнынӕн хъӕуы аргъ кӕнын Йесо Чырыстийӕн, Хуыцау «ӕмбырды хистӕрӕй» кӕй снысан кодта, уымӕн (Ефесӕгтӕм 5:22, 23, НД). Нӕ хъус хъуамӕ ӕрдарӕм Исайы 55:4-ӕм стихы ныхӕстӕм: «Мӕнӕ! Ӕз [Иегъовӕ] ӕй радтон ӕвдисӕнӕй адӕмтӕн, раздзог ӕмӕ хицауӕй адӕмтӕн». Ӕцӕгӕй, Йесо зоны разамынд кӕнын. Уый зоны йӕ фысты, зоны сын сӕ хъуыддӕгтӕ. Къаннӕг Азийы авд ӕмбырды куы бӕрӕг кодта, уӕд фондз хатты загъта: «Зонын [дын] дӕ хъуыддӕгтӕ» (Раргомад 2:2, 19; 3:1, 8, 15). Йӕ Фыд Иегъовӕйау Йесо дӕр зоны, цӕуыл тыхсӕм, уый. Цалынмӕ Йесо, кувын куыд хъӕуы, уый бацамыдта, уӕдмӕ загъта: «Зоны уӕ Фыд, Уымӕй ракурыны размӕ хъуаг цӕмӕй стут, уый» (Матфейы 6:8–13).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Раргомад 1:7) Уый ӕрцӕудзӕн мигътимӕ, ӕмӕ йӕ алчидӕр йӕхи цӕстӕй фендзӕн. Фендзысты йӕ, чи йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрдиаг кӕндзысты ӕмӕ сӕхи хойдзысты. О, афтӕ уыдзӕн. Аммен.
Хуыцауы Паддзахад йе знӕгты ныццӕгъддзӕн
10 Тӕрхон хаст ӕрцӕудзӕн. Уый фӕстӕ Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕстыты раз ӕрцӕудзӕн иу хабар, ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕ ноджы фӕтыхджындӕр уыдзысты. Йесо загъта, зӕгъгӕ, уыдон «фендзысты Адӕймаджы Фырты мигътыл стыр тых ӕмӕ кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Мар. 13:26). Йесо ахӕм диссаджы хуызы йӕ тых куы равдиса, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ӕрцыд тӕрхон рахӕссынмӕ. Уыцы рӕстӕг цавӕр тӕрхон ӕрцӕудзӕн хаст, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уымӕн йӕ иннӕ хайӕ – фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй. (Бакӕс Матфейы 25:31–33, 46.) Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион чи уа, уыдон нымад ӕрцӕудзысты «фыстыл», ӕмӕ сӕ «сӕртыл схӕцдзысты», уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбардзысты, «сӕ ирвӕзындзинад [кӕй] ӕрхӕстӕг» (Лук. 21:28). Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕ та нымад ӕрцӕудзысты «сӕгътыл», ӕмӕ «сӕхи хойдзысты», уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбардзысты, «ӕнустӕм [кӕй] фесӕфдзысты» (Матф. 24:30; Рарг. 1:7).
(Раргомад 2:7) Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмбырдтӕн цы дзуры, уый: „Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргътӕй хӕрыны бар“.
Ахсджиаг хъуыдытӕ Раргомады чиныгӕй – 1 хай
2:7 – Цы у «Хуыцауы дзӕнӕт»? Ацы ныхӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕм ӕрвыст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ам дзӕнӕт, ӕвӕццӕгӕн, амоны дзӕнӕты хуызӕн уӕлӕрвтӕм – Хуыцау йӕхӕдӕг кӕм ис, уымӕ. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ райсдзысты хӕрзиуӕг: «царды бӕласы» дыргътӕй хӕрдзысты. Уыдон схайджын уыдзысты ӕнӕмӕлгӕ цардӕй (1 Кор. 15:53).
Библийӕ бакӕсинаг
(Раргомад 1:1–11) Ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ. Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ уыцы зӕды уылты уыдӕттӕ алыхуызон нысӕнттӕй равдыста йӕ цагъар Иоаннӕн. 2 Иоанн хъусын кодта, Хуыцау цы ныхас загъта ӕмӕ Йесо Чырысти цы дзырдта, уый тыххӕй, хъусын кодта, цытӕ федта, уыдӕтты тыххӕй. 3 Амондджын у, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы, уый, стӕй сӕм чи хъусы ӕмӕ дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕмгъуыды рӕстӕг ӕрхӕстӕг ис. 4 Иоанн фыссы Азийы авд ӕмбырдмӕ. Стыр хорзӕх ӕмӕ уын фарн, чи уыд, чи ис ӕмӕ чи ’рцӕуы, уымӕй ӕмӕ, йӕ паддзахбадӕны раз чи ис, уыцы авд ӕнӕуынгӕ тыхӕй 5 ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ – иузӕрдион Ӕвдисӕнӕй, мӕрдтӕй фыццаг чи райгас ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах чи у, уымӕй. Мах чи уарзы, нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ йӕ тугӕй чи ссӕрибар кодта 6 ӕмӕ нӕ йӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фыды паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи скодта, уый у стыр тыхы хицау, ӕмӕ йын кад уӕд ӕнустӕм дӕр! Аммен. 7 Уый ӕрцӕудзӕн мигътимӕ, ӕмӕ йӕ алчидӕр йӕхи цӕстӕй фендзӕн. Фендзысты йӕ, чи йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрдиаг кӕндзысты ӕмӕ сӕхи хойдзысты. О, афтӕ уыдзӕн. Аммен. 8 «Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ,– зӕгъы Йегъовӕ Хуыцау,– чи уыд, чи ис ӕмӕ чи ’рцӕуы, уый, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау». 9 Ӕз, уе ’фсымӕр Иоанн, Йесойы фӕдылдзӕуӕг кӕй дӕн, уый тыххӕй сымахау дӕн зын уавӕрты, сымахимӕ мын паддзахады ис хай ӕмӕ сымахау фидар лӕууын. Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдтон ӕмӕ Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодтон, уый тыххӕй ӕрвыст ӕрцыдтӕн, Патмос чи хуыйны, уыцы сакъадахмӕ. 10 Ӕз Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын дӕн ӕмӕ февзӕрдтӕн Хицау Йесойы боны, ӕмӕ мӕ фӕстӕ фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс, раст цыма сыкъауадындз ныууасыд, уыйау, 11 ӕмӕ мын уый загъта: «Цы уыныс, уый тыхтоны ныффысс ӕмӕ йӕ арвит авд ӕмбырдмӕ: Ефесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфимӕ ӕмӕ Лаодикимӕ».
25 НОЯБРЫ – 1 ДЕКАБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАРГОМАД 4–6
«Цыппар барӕджы рацыдысты»
(Раргомад 6:2) Ӕмӕ акастӕн, ӕмӕ федтон урс бӕх. Чи йыл бадт, уымӕ уыди ӕрдын. Лӕвӕрд ын ӕрцыд кадыхуд, ӕмӕ рацыд йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уа.
Цыппар барӕджы чи сты?
Урс бӕхыл чи бады, уыцы барӕг кӕмӕ амоны? Дзуапп ын ис Библийы, Раргомады чиныджы. Раргомады чиныг уыцы уӕларвон барӕджы хоны «Хуыцауы Дзырд» (Раргомад 19:11–13). Уый у Йесо Чырысти, Хуыцауы минӕвар (Иоанны 1:1, 14). Библи ма йӕ хоны «паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау» ӕмӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, у «Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг» (Раргомад 19:11, 16). Бӕрӕг у, Паддзахы бартӕ лӕвӕрд ын кӕй ис ӕмӕ Хъомысджын Ӕфсӕддон кӕй у. Чырысти йӕ тыхы фӕрцы йӕхи пайдайӕн ницы аразы ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан нӕ хӕссы. Фӕлӕ уӕддӕр ӕвзӕры фарстатӕ.
Цыппар барӕджы чи сты?
Уыцы барджытӕ кӕд рацыдысты? Фыццаг барӕг, Чырысти, рацыд, кадыхуд куы райста, уӕд (Раргомад 6:2). Йесо уӕлӕрвты Паддзахӕй ӕвӕрд кӕд ӕрцыд? Йӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд нӕ. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй йӕ цасдӕр рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, уыцы рӕстӕг кӕд хъуамӕ фӕуыдаид ӕмӕ уӕлӕрвты паддзахы бартӕ кӕд хъуамӕ райстаид, уый цӕмӕй базонӕн уыдзӕн, уый. Загъта сын, паддзахиуӕг кӕнын куы райдайа, уӕд дунейы уавӕртӕ цӕхгӕр кӕй фӕивдзысты – хӕстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизтӕ сарӕх уыдзысты (Матфейы 24:3, 7; Лукайы 21:10, 11). 1914 азы Фыццаг дунеон хӕст куы ныггуыпп кодта, уӕд рабӕрӕг, уыцы уӕззау рӕстӕг кӕй райдыдта. Уыцы рӕстӕг Библи хоны «фӕстаг бонтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1–5).
(Раргомад 6:4–6) Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, сырх-сырхид, бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырдзинад айсыны бар, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзи марой. Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыди стыр хъама. 5 Ӕртыккаг мыхуыр куы систа, уӕд фехъуыстон, херувимтӕй ӕртыккаг кӕй загъта: «Рацу!» Ӕмӕ акастӕн, ӕмӕ федтон сау бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ къухы уыди барӕнтӕ. 6 Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс, цыма цыппар херувимы ’хсӕнӕй чидӕр радзырдта: «Мӕнӕуы къус динарыл. Хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл. Оливӕйы сой ӕмӕ сӕнмӕ та ма бавнал».
Цыппар барӕджы чи сты?
Уыцы барӕг амоны хӕстмӕ. Уымӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй сабырдзинад цалдӕр адӕмыхаттӕй нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй айса. 1914 азы цы хӕст райдыдта, уым цал бӕстӕйы архайдта, уыйбӕрц иу хӕсты дӕр никуы. Йӕ фӕстӕ райдыдта Дыккаг дунеон хӕст, ӕмӕ уым та ноджы фылдӕр адӕм фӕцагъды. Иуӕй-иуты нымадмӕ гӕсгӕ, 1914 азӕй фӕстӕмӕ цы хӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ уыди, уыдоны фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр! Уӕдӕ цӕфтӕй ӕмӕ сахъатӕй чи баззад, уыдон дӕр къаддӕр нӕ уыдысты.
Цыппар барӕджы чи сты?
«Ӕмӕ федтон сау бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ къухы уыди барӕнтӕ. Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс, цыма цыппар херувимы ’хсӕнӕй чидӕр радзырдта: „Мӕнӕуы къус динарыл. Хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл. Оливӕйы сой ӕмӕ сӕнмӕ та ма бавнал“» (Раргомад 6:5, 6).
Ацы барӕг амоны ӕххормагдзинадмӕ. Цӕстылуайӕны кӕсӕм, хӕринаджы аргъ ӕнахуыр зынаргъ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Мӕнӕуы къусы (700 граммы) аргъ уыди иу динар. Фыццаг ӕнусы-иу адӕймаг иу динарыл куыста ӕнӕхъӕн бон! (Матфейы 20:2). Ахӕм аргъ уыди хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусӕн дӕр (2 килӕйы ӕмӕ 100 граммы), кӕд ӕмӕ-иу хъӕбӕрхор мӕнӕуӕй бирӕ асламдӕр уыди. Уӕдӕ ахӕм уавӕрты стыр бинонтӕ фӕдарӕн куыд уыди? Адӕмӕн ма загъд уыд, цӕмӕй фӕстауӕрц кодтаиккой, ӕнӕмӕнг сӕ цы хӕринӕгтӕ хъуыди, уыдоныл. Цӕстылуайӕны уыцы хӕринӕгтӕ барст цӕуынц оливӕйы сой ӕмӕ сӕнимӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг уыдон алы хӕдзары дӕр уыдысты.
(Раргомад 6:8) Ӕмӕ акастӕн, ӕмӕ федтон фӕлурс бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ ном уыди Мӕлӕт. Йӕ фӕдыл та цыд ингӕн. Ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххӕн йӕ цыппӕрӕм хай хъамайӕ, ӕххормагдзинадӕй, фыднизӕй ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕй марыны бар.
Цыппар барӕджы чи сты?
Цыппӕрӕм барӕг амоны, адӕм низтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхты тыххӕй кӕй цагъды кӕндзысты, уымӕ. 1914 азы райдианы сыстад фыдниз – грипп «испанкӕ», ӕмӕ дзы амард дӕсгай милуантӕ. Уыцы грипп бахӕцыд иу-500 милуан адӕймагыл, зӕгъӕн ис, уӕд зӕххыл чи цард, уыдонӕй алы ӕртыккаг адӕймаг дӕр фӕрынчын!
Фӕлӕ уыцы грипп уыди фыднизтӕн сӕ райдиан. Эксперттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй 20 ӕнусы 300 милуанӕй фылдӕр амардысты хӕбузнизӕй (оспа). Ӕмӕ кӕд абон медицинӕйӕн бирӕ ӕнтысы, уӕддӕр СПИД-ӕй, рӕуджыты низӕй, тӕфсӕгӕй амӕлынц милуантӕ.
Уӕдӕ хӕстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизтӕ хӕссынц мӕлӕт. Ингӕн йӕ амӕттӕгты ӕмбырд кӕны, ӕмӕ сӕ ныфс дӕр ницӕмӕй ис.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Раргомад 4:4) Паддзахбадӕны алыварс уыди дыууын цыппар паддзахбадӕны ӕмӕ сыл бадтис дыууын цыппар хистӕр лӕджы. Сӕ уӕлӕ уыди урс дарӕстӕ, сӕ сӕртыл та – сызгъӕрин кадыхудтӕ.
(Раргомад 4:6) Паддзахбадӕны раз ма уыд авгӕй денджызы хуызӕн цыдӕр, дзӕнхъайау ирд. Паддзахбадӕны хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар херувимы – разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр уыдысты цӕстытӕй йедзаг.
re-U 76, 77 фф., 8 абз.
Йегъовӕйы уӕларвон кадджын паддзахбадӕн
8 Иоанн зыдта, раджы заманты-иу сауджынты кӕй снысан кодтой Хуыцауы цатыры лӕггад кӕнынӕн. Уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, бадис кодта, цӕстылуайӕны цы федта, ууыл: «Паддзахбадӕны алыварс уыди дыууын цыппар паддзахбадӕны ӕмӕ сыл бадтис дыууын цыппар хистӕр лӕджы. Сӕ уӕлӕ уыди урс дарӕстӕ, сӕ сӕртыл та – сызгъӕрин кадыхудтӕ» (Раргомад 4:4). Иоанн цӕстылуайӕны сауджынты нӕ федта, фӕлӕ 24 хистӕр нӕлгоймаджы. Уыдон бадтысты паддзахбадӕнтыл ӕмӕ сӕ сӕртыл уыд паддзахы кадыхудтӕ. Чи сты уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ? Уыдон сты, чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ уӕлӕрвты кадджын бынӕтты ӕрбадын кодта, зӕрдӕ сын куыддӕриддӕр бавӕрдта, афтӕ. Уый кӕцӕй зонӕм?
(Раргомад 5:5) Фӕлӕ мын хистӕр лӕгтӕй иу загъта: «Ма ку. Мӕнӕ Домбай Иудӕйы мыггагӕй, Давиды бындзӕфхад, фӕуӕлахиз, ӕмӕ уый сисдзӕн тыхтоны авд мыхуыры ӕмӕ йӕ байгом кӕндзӕн».
cf-U 36 ф., 5, 6 абз.
«Мӕнӕ Домбай Иудӕйы мыггагӕй»
5 Домбай никӕмӕй фӕтӕрсы. Искуы домбаймӕ ӕввахс лӕууыдтӕ? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг сырддоны уыдтӕ ӕмӕ, домбай кӕм уыд, уыцы бынат ӕхгӕд уыд. Фӕлӕ уӕддӕр куыннӕ тарстаис. Уыцы стыр ӕмӕ тыхджын сырды цӕстытӕм кӕсгӕйӕ зынтӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ истӕмӕй фӕтӕрсдзӕн ӕмӕ алидздзӕн. Библийы фыст ис: «Домбай – цӕрӕгойтӕй ӕппӕты тыхджындӕр, никӕмӕй фӕтӕрсдзӕн» (Ӕм 30:30). Чырысти дӕр афтӕ тыхджын ӕмӕ хъӕбатыр у.
6 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Чырысти дӕр домбайау хъӕбатырдзинад куыд ӕвдыста ӕртӕ хъуыддаджы: рӕстдзинады фарс фидарӕй хӕцыд, рӕстӕй архайдта ӕмӕ, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕй нӕ тарст. Стӕй ма фендзыстӕм, махӕн не ’ппӕт дӕр,– хъӕбатыр стӕм ӕви нӕ,– нӕ бон кӕй у, цӕмӕй Чырыстийау хъӕбатыр уӕм.
Библийӕ бакӕсинаг
(Раргомад 4:1–11) Уый фӕстӕ федтон арвы дуар гомӕй, ӕмӕ, фыццаг цы хъӕлӕс фехъуыстон,– сыкъауадындзау чи нӕрыд,– уый мын загъта: „Ссу ардӕм ӕмӕ дын равдисон, цытӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдӕттӕ“. 2 Уӕд ӕз ӕвиппайды Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын дӕн ӕмӕ федтон ахӕм ныв: уӕлӕрвты лӕууы паддзахбадӕн, ӕмӕ паддзахбадӕныл чидӕр бады. 3 Чи йыл бадти, уымӕн йӕ хуыз уыд яшмӕйы ӕмӕ зынаргъ сырх дуры хуызӕн, паддзахбадӕны алыварс та уыди арвӕрдын, изумруды хуызӕн. 4 Паддзахбадӕны алыварс уыди дыууын цыппар паддзахбадӕны ӕмӕ сыл бадтис дыууын цыппар хистӕр лӕджы. Сӕ уӕлӕ уыди урс дарӕстӕ, сӕ сӕртыл та – сызгъӕрин кадыхудтӕ. 5 Паддзахбадӕнӕй цыди арвӕрттывдтытӕ, хъуысти дзы хъӕлӕстӕ ӕмӕ арвы нӕрын. Паддзахбадӕны раз та сыгъди авд цырагъы. Уыцы авд цырагъы ӕвдисынц Хуыцауы авд ӕнӕуынгӕ тыхы. 6 Паддзахбадӕны раз ма уыд авгӕй денджызы хуызӕн цыдӕр, дзӕнхъайау ирд. Паддзахбадӕны хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар херувимы – разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр уыдысты цӕстытӕй йедзаг. 7 Фыццаг херувим уыд домбайы хуызӕн, дыккаг – уӕныджы хуызӕн, ӕртыккагӕн йӕ цӕсгом уыд адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн, цыппӕрӕм та уыди тӕхгӕ цӕргӕсы хуызӕн. 8 Уыцы цыппар херувимӕй алкӕмӕн дӕр уыд фӕйнӕ ӕхсӕз базыры, алырдыгӕй ӕмӕ мидӕгырдыгӕй дӕр уыдысты цӕстытӕй йедзаг. Ӕхсӕвӕй-бонӕй улӕфт нӕ зонынц ӕмӕ дзурынц: „Сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у Йегъовӕ Хуыцау, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, чи уыд, чи ис ӕмӕ чи ’рцӕуы, уый“. 9 Ӕмӕ херувимтӕ, паддзахбадӕныл чи бады ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры, уымӕн кады, намысы ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ куы фӕдзурынц, 10 уӕд дыууын цыппар хистӕр лӕджы, паддзахбадӕныл чи бады ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры, уый раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йын бакувынц, паддзахбадӕны раз сӕ кадыхудтӕ ӕрӕппарынц ӕмӕ фӕзӕгъынц: 11 „О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд“».