Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb24 сентябрь 2–3 фф.
  • 2–8 сентябры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 2–8 сентябры
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
mwb24 сентябрь 2–3 фф.

2–8 СЕНТЯБРЫ

ПСАЛОМТӔ 79–81

29 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Йегъовӕйы кадджын ном кӕй уарзыс, уый дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд

(10 мин.)

Йегъовӕйы ном чи ӕгад кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадз (Пс 79:9; w17.02 9 ф., 5 абз.).

Йегъовӕйы ном агур (Пс 80:18; ijwbv 3 ф., 4, 5 абз.).

Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны, йӕ коммӕ чи кӕсы ӕмӕ йын йӕ ном чи уарзы, уыдоны (Пс 81:13, 16).

Ӕфсымӕр йе ’мкусӕгӕн улӕфты рӕстӕг нӕ сайты визиткӕ дӕтты.

Иннӕтӕн-иу зӕгъ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ ӕмӕ уӕд дӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы ном кадджын кӕндзынӕ

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 80:1. Библийы иуӕй-иу рӕтты Израилы мыггӕгтӕ се ’ппӕт Иосифы номӕй цӕмӕн хуыйнынц? (it-1-U 1052 ф., 2, 3 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.): Пс 79:1–80:7 (th 10 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(1 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 4 урок, 4 пункт).

5. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 4 урок, 3 пункт).

6. Ныхас райдайын

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 3 урок, 3 пункт).

7. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(5 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Кӕддӕр Библи ахуыр кӕныныл чи не сразы, ахӕм адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 8 урок, 3 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

10 зарӕг

8. «Уыдон [мын] мӕ ном кадджын кӕндзысты»

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф калын райдыдта Едемы цӕхӕрадоны. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмы дӕр ӕмӕ зӕдты дӕр хъӕуы ахсджиаг фарста аскъуыддзаг кӕнын – Йегъовӕйы ном рухс кӕндзысты ӕви нӕ.

Хӕйрӕг Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны, зӕгъӕм, дзуры, Йегъовӕ ӕгъатыр хицау кӕй у (Рд 3:1–6; Иов 4:18, 19). Стӕй ма дзуры, Йегъовӕйӕн уый тыххӕй кӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕнӕм (Иов 2:4, 5). Уымӕй уӕлдай ма милуангай адӕмы баууӕндын кодта, нӕ алыварс цы диссаджы ӕрдз ис, уый Йегъовӕ кӕй не сфӕлдыста (Ро 1:20, 21).

Ацы мӕнг ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафӕнды Йегъовӕйы фарс слӕууын ӕмӕ йӕ ном кадджын кӕнын! Йегъовӕ зыдта, йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй бафӕнддзӕн йӕ ном рухс кӕнын. (Абар Исай 29:23.) Дӕ бон куыд у уый аразын?

  • Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой (Ин 17:25, 26). Цӕттӕ у, Хуыцау кӕй ис, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссынмӕ. Стӕй адӕмӕн дзур йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй (Ис 63:7).

  • Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарз (Мф 22:37, 38). Йегъовӕйы коммӕ кӕс, уый дӕ пайдайӕн кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ дӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй (Ӕм 27:11).

Къамтӕ видеороликӕй «Уарзондзинады фӕрцы алцыдӕр сфӕраздзынӕ, кӕд скъолайы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕддӕр». 1. Ариэль къласы бады ӕмӕ йӕм йӕ къласаг лӕппу къухӕй амоны ӕмӕ йӕ фӕрсы, тырысайӕн цӕуылнӕ табу кӕны, уымӕй. 2. Ариэль Библи иртасы; чиныджы «Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм» 61 урок кӕсы. 3. Ариэль къласы раз лӕууы ӕмӕ сын Хуыцауы тыххӕй дзуры. 4. Диегойӕн йӕ къласаг электронон тамако дӕтты. 5. Диего планшеты ӕрмӕг агуры. 6. Диего скъолайӕ райгондӕй фӕцӕуы.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Уарзондзинады фӕрцы алцыдӕр сфӕраздзынӕ, кӕд скъолайы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕддӕр». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Ариэль ӕмӕ Диего Йегъовӕйы сӕрыл куыд дзырдтой?

  • Цӕмӕн сӕ бафӕндыд Йегъовӕйы сӕрыл рахӕцын?

  • Дӕ бон куыд у Ариэль ӕмӕ Диегойы бафӕзмын?

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.): bt 15 сӕр, 1–7 абз., разныхас 6 хаймӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 90 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын