Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb24 сентябрь 6–7 фф.
  • 23–29 сентябры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 23–29 сентябры
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
mwb24 сентябрь 6–7 фф.

23–29 СЕНТЯБРЫ

ПСАЛОМТӔ 88, 89

22 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр нӕй

(10 мин.)

Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы (Пс 89:14; w17.06 28 ф., 5 абз.).

Йегъовӕйы хицаудзинады фарс чи у, уыдон сты амондджын (Пс 89:15, 16; w17.06 29 ф., 10, 11 абз.).

Йегъовӕйы хицаудзинад уыдзӕн ӕнустӕм (Пс 89:34–37; w14 15/10 10 ф., 14 абз.).

Цалдӕр нывы: ӕфсымӕр хъуыды кӕны, Йегъовӕ разамынд куыд дӕтты, уый куыд хицӕн кӕны, ацы дунейы куыд дӕттынц разамынд, уымӕй. 1. Политик сценӕйӕ дзуры ӕмӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ быцӕу кӕнынц. 2. Ӕмбырды ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийыл цин кӕнынц.

Йегъовӕ разамынд куыд дӕтты, уый ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайдзыстӕм ӕмӕ никӕй фарс уыдзыстӕм

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 89:37. Дзырдтӕ «иузӕрдион» ӕмӕ «ӕууӕнкджын» кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц? (cl-U 281 ф., 4, 5 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.): Пс 89:1–24 (th 11 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Чырыстон диныл хӕст чи нӕу, ахӕм адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 5 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн зӕгъ, дӕ бон ын кӕй у равдисын, адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый (th 9 урок).

6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.). Раныхас: ijwbq 181. Темӕ «Библийы цӕй тыххӕй ис фыст?» (th 2 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

94 зарӕг

7. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ сты ӕппӕты хуыздӕр

(10 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, Библийы ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй ӕмӕ бинонты царды тыххӕй цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон ӕгӕр карз сты ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ ничиуал цӕры. Дӕу фидарӕй уырны, Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын хуыздӕр кӕй у? (Ис 48:17, 18; Ро 12:2).

    Къам видеороликӕй «Цӕмӕн мӕ уырны? Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕй хуыздӕр ницы ис». Уго ӕмӕ Кларӕ.
  • Ацы дунейы адӕм куыд цӕрынц, афтӕ цӕрын нӕ цӕуылнӕ фӕнды? (Йер 10:23; 17:9; 2Кр 11:13–15; Еф 4:18, 19).

  • Нывтӕ видеороликӕй «Цӕмӕн мӕ уырны? Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕй хуыздӕр ницы ис» 1. Планшеты фыст ис jw.org. 2. Уго метройы цӕуы ӕмӕ йӕ телефоны Библи кӕсы. 3. Кларӕ кувы.
  • Хуыздӕр цӕмӕн у, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын? (Ин 3:16; Ро 11:33; Тит 1:2).

Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдон чи ницӕмӕ дары, уыцы адӕм «Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (1Кр 6:9, 10). Фӕлӕ Хуыцауы коммӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Цӕмӕн мӕ уырны? Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕй хуыздӕр ницы ис». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдон нӕ куыд хъахъхъӕнынц?

8. Ӕркӕсинаг фарстатӕ

(5 мин.)

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.): bt 15 урок, 15–20 абз.

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 133 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын