Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb25 сентябрь 12–13 фф.
  • 13–19 октябры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 13–19 октябры
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
mwb25 сентябрь 12–13 фф.

13–19 ОКТЯБРЫ

ЕККЛЕСИАСТ 7, 8

39 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоны фидар кӕнӕм

(10 мин.)

Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй-иу бафидар кӕнай, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоны (Ек 7:2; w22.01 16 ф., 9 абз.).

Чи фӕзиан, уыцы адӕймаджы хорз миниуджыты кой-иу кӕн ӕмӕ-иу афтӕмӕй зианджынты бафидар кӕн (Ек 7:1; w19.06 24 ф., 15 абз.).

Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонимӕ-иу кув (w17.07 15 ф., 16 абз.).

Лӕг ӕмӕ ус бабӕрӕг кодтой, йӕ бинойнаг кӕмӕн фӕзиан, уыцы ӕфсымӕры. Иумӕ къамтӕм кӕсынц ӕмӕ мысынц, сӕ рӕстӕг куыд хорз ӕрвыстой, йӕ бинойнаг удӕгас куы уыд, уӕд.

ДӔ ЗӔРДЫЛ ДАР: зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдон ӕрмӕст фыццаг рӕстӕг нӕ фӕхъӕуы фидар кӕнын, фӕлӕ уый фӕстӕ дӕр (w17.07 16 ф., 17–19 абз.).

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ек 7:20–22. Ацы стихтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу бамбарӕм, чи нӕ фӕхъыг кодта, уыцы адӕймагимӕ ууыл аныхас кӕнын хъӕуы ӕви нӕ? (w23.03 31 ф., 18 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ек 8:1–13 (th 10 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Базон, адӕймаджы цӕуыл фӕндид аныхас кӕнын ӕмӕ йӕм иннӕ хатт кӕд ӕрбацӕудзынӕ, ууыл баныхас кӕнут (lmd 2 урок, 4 пункт).

5. Ныхас райдайын

(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД (lmd 2 урок, 3 пункт).

6. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн

(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн нӕ сайтӕй jw.org исты равдис (lmd 9 урок, 4 пункт).

7. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.) Равдыст: ijwfq 50 статья. Темӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зианы ӕгъдӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсынц?» (th 17 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

151 зарӕг

8. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл фидарӕй ӕууӕнд

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Къам видеороликӕй «Йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, уыцы сылгоймӕгты фӕзмут! Марфӕ». Лазӕр райгас ӕмӕ Марфӕ ӕмӕ Марийӕ йӕ размӕ цингӕнгӕйӕ фезгъорынц.

Йегъовӕ нын цы зынаргъ лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй иу у, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфс. Уымӕй бӕрӕг сты Йегъовӕйы миниуджытӕ – йӕ тых, йӕ зонд, стӕй, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ махӕй алкӕйдӕр кӕй уарзы, уый (Ин 3:16).

Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд ӕгӕр нӕ мӕт кӕндзыстӕм, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоныл, фӕлӕ фылдӕр хъуыды кӕндзыстӕм, фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, ууыл (2Кр 4:16–18). Уыцы ныфсы фӕрцы нӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн, нӕ фӕдыл куы фӕзилынц, рынчын куы вӕййӕм кӕнӕ ныл зиан куы ӕрцӕуы, уӕд (1Фс 4:13). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл куы не ’ууӕндӕм, уӕд ӕцӕг амондджын нӕ уыдзыстӕм (1Кр 15:19). Хорз уаид, дӕ разы нысан куы сӕвӕрис, цӕмӕй ноджы тынгдӕр ӕууӕндай, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл.

Бакӕсут Иоанны 11:21–24. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Цӕмӕй бӕрӕг уыд, Марфӕйы фидарӕй кӕй уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый?

  • Йӕ уырнындзинады тыххӕй арфӕгонд куыд ӕрцыд? (Ин 11:38–44).

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, уыцы сылгоймӕгты фӕзмут! Марфӕ». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфс нын ахсджиаг цӕмӕн у?

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ноджы тынгдӕр ӕууӕндай, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл?

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb 26, 27 сӕргӕндтӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 124 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын