20–26 ОКТЯБРЫ
ЕККЛЕСИАСТ 9, 10
30 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Дӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕс
(10 мин.)
Зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу (Ек 9:11; w13 15/8 14 ф., 20, 21 абз.).
Мах зонӕм, Хӕйрӕджы дунейы хӕрам хъуыддӕгтӕй хызт кӕй нӕ уыдзыстӕм (Ек 10:7; w19.09 4 ф., 10 абз.).
Йегъовӕ нын цы лӕвӕрттӕ скодта, уыдоныл-иу хъуамӕ цин кӕнӕм, суанг зын рӕстӕджыты дӕр (Ек 9:7, 10; w11 15/10 8 ф., 1, 2 абз.).
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Ек 9:5. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы? (lff 29 урок, 1 пункт)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.) Ек 10:1–20 (th 11 урок)
4. Ныхас райдайын
(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Ныхас кӕныс, ӕнкъардхуыз чи у, ахӕм адӕймагимӕ (lmd 3 урок, 4 пункт).
5. Ныхас райдайын
(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаг мӕт кӕны, алцыдӕр зынаргъдӕр кӕй кӕны, ууыл. Йемӕ аныхас кӕн брошюрӕйы «Адӕмы уарз» «Уӕлӕмхасӕн А»-йы цы темӕтӕ ис, уыдонӕй иуыл (lmd 4 урок, 4 пункт).
6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын
(5 мин.) lff 17 урок, рубрикӕтӕ «Цы базыдтай», «Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн», «Дӕ нысан» (lmd 12 урок, 3 пункт).
47 зарӕг
7. Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, бӕллӕх дыл куы ӕрцӕуа, уӕд
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Алы бон дӕр алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм. Фӕлӕ хатт зындзинӕдтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕуынц ӕмӕ нӕ фӕзонӕм, куыд бакӕнӕм, уый ӕмӕ сӕ нӕ бон сфӕразын уыдзӕн ӕви нӕ, уый дӕр. Ахӕм рӕстӕг нын чи баххуыс кӕндзӕн?
Цыфӕнды зын уавӕры ма бахауӕм, уӕддӕр-иу нын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн (Ис 33:6). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ нын уӕд ӕххуыс кӕндзӕн (Ӕм 11:2). Бӕллӕх ныл куы ’рцӕуа, уӕд нӕ рӕстӕг хъӕудзӕн, цӕмӕй-иу раст уынаффӕтӕ рахӕссӕм, нӕхиуыл кӕнӕ, кӕй уарзӕм, ууыл-иу батыхсӕм. Стӕй ма рӕстӕг хъӕудзӕн, цӕмӕй-иу нӕхимӕ ӕрцӕуӕм (Ек 4:6).
Йегъовӕ нӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уылты кӕй бафидар кӕны, уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ се ’ххуысыл сразы уӕм кӕнӕ-иу сӕ ӕххуыс ракурӕм. Дӕ зӕрдыл дар, хотӕ ӕмӕ дӕ ’фсымӕртӕ тынг кӕй уарзынц ӕмӕ сын дӕуӕн баххуыс кӕнын ӕхсызгон кӕй уыдзӕн.
Бакӕсут 2 Коринфӕгтӕм 4:7–9. Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Ӕмбырдтӕм цӕуын, Библи кӕсын ӕмӕ хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы, суанг зын куы уа, уӕддӕр?
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Йегъовӕ куыд баххуыс кодта Гэри ӕмӕ Бет Септерӕн?
Хотӕ ӕмӕ сын ӕфсымӕртӕ куыд ӕххуыс кодтой?
Гэри ӕмӕ Беты цӕвиттонӕй ма цӕуыл ахуыр кӕныс?
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.) lfb 28 сӕргонд, разныхас 6 хаймӕ ӕмӕ 29 сӕргонд