Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb25 ноябрь 12–13 фф.
  • 15–21 декабры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 15–21 декабры
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
mwb25 ноябрь 12–13 фф.

15–21 ДЕКАБРЫ

ИСАЙ 9, 10

77 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Ӕмбисонды рухсы» тыххӕй пехуымпарад

(10 мин.)

«Ӕмбисонды рухс» фендзысты Галилейӕйы (Ис 9:1, 2; Мф 4:12–16; w25.06 12 ф., 12 абз.).

Йесойы ахуырӕдтӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айса, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты ӕмӕ цин кӕндзысты (Ис 9:3; w01 1/8 11 ф., 19, 20 абз.).

Йесойы ахуырӕдтӕ пайда хӕсдзысты ӕнустӕм (Ис 9:4, 5; ip-1-U 128, 129 фф., 20, 21 абз.).

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуимӕ иу нӕлгоймагӕн ӕмӕ йӕ лӕппуйӕн сӕ хӕдзары раз хорз хабар хъусын кӕнынц. Сӕ ныхас сын фехъуыста, сӕ рӕзты чи фӕцӕуы, уыцы сылгоймаг; йе уӕхскыл стыр дурын.

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ис 9:6. Йесойы «Диссаджы уынаффӕгӕнӕг» схонӕн цӕмӕн ис? (w25.07 10 ф., рамкӕ)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ис 10:1–14 (th 11 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаг ӕндӕр диныл хӕст у (lmd 1 урок, 4 пункт).

5. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн

(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагимӕ уый размӕ цы буклетыл райдыдтай ныхас кӕнын, ууыл йемӕ дарддӕр аныхас кӕн (lmd 9 урок, 3 пункт).

6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.) Равдыст: ijwfq 49 статья. Темӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырӕдтӕй иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕивтой?» (th 12 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

95 зарӕг

7. Рухс ирдӕй-ирддӕр кӕны

(5 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Мигъӕй ӕмбӕрзт хъӕды сӕрмӕ хур скаст.

Йегъовӕйы организаци ӕдзух размӕ цӕуы. Мах та? Ӕркӕсӕм, Йегъовӕйы организаци размӕ кӕй цӕуы, уый цавӕр ӕртӕ хъуыддагӕй у бӕрӕг ӕмӕ нын уый цы пайда хӕссы, уымӕ.

  • Ныффысс, Библийы ахуырӕдтӕ хуыздӕр ӕмбарын цӕй фӕрцы райдыдтам ӕмӕ нын уый цы пайда ӕрхаста (Ӕм 4:18).

  • Ныффысс, абон куыд хъусын кӕнӕм, цӕмӕй ӕнтыстджындӕр уӕм ӕмӕ нын уый куыд ӕххуыс кӕны Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынӕн (Мф 28:19, 20).

  • Ныффысс, нӕ организацийы цавӕр ивындзинӕдтӕ ’рцыд ӕмӕ нын уый фӕрцы цы бантыст (Ис 60:17).

8. «Нӕ организацийӕн цы бантыст» (декабрь)

(10 мин.) Равдис ацы ВИДЕОРОЛИК.

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb разныхас 8 хаймӕ ӕмӕ 44, 45 сӕргӕндтӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 92 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын