СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ
1945–1990 Рӕстдзинадмӕ бирӕты ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (1 хай)
Галаадӕй миссионертӕ ӕрцыд
1947 азы Фритаунмӕ ӕрцыдысты, Галаады скъола чи фӕци, ӕртӕ ахӕм миссионеры. Уыдон уыдысты Чарлз Фицпатрик, Джордж Ричардсон ӕмӕ Хьюберт Грешем. Фӕстӕдӕр цы бирӕ миссионертӕ ӕрцыд, уыдонӕй ацы ӕфсымӕртӕ уыдысты фыццӕгтӕ.
Миссионертӕ федтой, бынӕттон хъусынгӕнджыты тынг кӕй фӕндыд хъусын кӕнын, фӕлӕ сӕ хъуыди ӕххуыс, цӕмӕй адӕмы ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхстаиккой (Матф. 28:20). Ӕмӕ сын миссионертӕ дӕр амонын райдыдтой, цы ис саразӕн, цӕмӕй адӕймаджы фылдӕр базонын бафӕнда ӕмӕ куыд хъӕуы искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын. Бамбарын ма сын кодтой, ӕмбырды фембӕлдтӕ уадзын куыд хъӕуы ӕмӕ организаци куыд архайы, уый дӕр. Уилберфорсы мемориалон залы ауагътой стыр ӕмбырд. Миссионертӕ цин кодтой – ӕрбацыди 450 адӕймаджы! Фӕстӕдӕр миссионертӕ къуыри иу бон рахицӕн кодтой, цӕмӕй журналтӕ парахат кодтаиккой. Хъусынгӕнджытӕ фӕныфсджындӕр сты, кӕй сӕ сахуыр кодтой, уый фӕрцы ӕмӕ ӕмбырдмӕ дӕр фылдӕр адӕм цӕуын райдыдта.
Фӕлӕ миссионертӕн климӕт нӕ бӕззыд. 1948 азы филиал фыста: «Сьерра-Леонейы климӕт тынг зын фӕразӕн у. Афӕдзы ӕрдӕг дзы фӕуары къӕвда ӕмӕ уыцы уӕззау тӕрккъӕвда фӕуары ӕнӕрлӕугӕйӕ. Иуӕй-иу хатт дыууӕ къуырийы дӕр йӕ уарынӕй нӕ банцайы. Хус рӕстӕг та сулӕфӕнтӕ нӕ вӕййы ӕмӕ тынг уымӕл вӕййы». Сьерра-Леонемӕ европӕйӕгтӕй фыццаг чи ӕрцыд, уыдон ӕй схуыдтой «урсцъар адӕмы уӕлмӕрд». Тӕфсӕг, тӕвдниз ӕмӕ ӕндӕр тропикон низтӕ тынг парахат уыдысты. Миссионертӕ иу иннӕйы фӕдыл рынчын кодтой ӕмӕ-иу сӕ уырдыгӕй ацӕуын дӕр бахъуыди.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый бынӕттон хъусынгӕнджыты мӕты ӕфтыдта. Фӕлӕ сӕ къухтӕ не ’руагътой. 1947–1952 азты хъусынгӕнджыты нымӕц фӕфылдӕр, 38 адӕймагӕй систы 73. Фритауны цур горӕт Ватерлоойы зынгзӕрдӕ пионерты фыдӕбоны фӕрцы фӕзынд ног ӕмбырд. Библи чи ахуыр кодта, ахӕм ног къордтӕ фӕзынд Фритауны цур горӕттӕ Кисси ӕмӕ Веллингтоны. Куыд зынди, афтӕмӕй Сьерра-Леонейы нырма бирӕ адӕм базыдтаиккой рӕстдзинад. Уымӕн цы баххуыс кодтаид?
Бафидар сӕ кодта
1952 азы ноябры Фритауны наулӕууӕны рахызт бӕрзонд къӕсхуыр нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ ных сарӕзта, адӕм ӕмызмӕлд кӕм кодтой, уыцы горӕтмӕ. Уый уыд америкаг ӕфсымӕр Милтон Хеншель, цыди йыл 30 азы бӕрц. Ӕрцыд сӕйраг хайадӕй ӕмӕ загъта: «Тынг бадис кодтон, ахӕм стыр ӕмӕ сыгъдӕг горӕт фенгӕйӕ. Дунейы бирӕ бӕстӕты горӕттӕй бирӕ сыгъдӕгдӕр уыди. [...] Асфальт уынгтӕ, стыр дуканитӕ, ног машинӕтӕ ӕмӕ дуне адӕм».
Ӕфсымӕр Хеншель ацыд Фритауны миссионерты хӕдзармӕ, зындгонд Бӕмбӕгбӕласӕй уыд дыууӕ кварталы дарддӕр. Уым ӕм чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы ӕфсымӕртӕн загъта, Сьерра-Леонейӕн фылдӕр кӕй ӕххуыс кӕндзысты. Иннӕ хуыцаубоны Уилберфорсы мемориалон залы ӕрӕмбырд 253 адӕймаджы ӕмӕ диссаджы хъусинӕгтӕ фехъуыстой: Сьерра-Леонейы уыдзӕн филиал, районон цӕстдарӕг ӕмӕ районон конгресстӕ; Киссийы фӕзындзӕн ног ӕмбырд ӕмӕ провинциты ноджы фылдӕр хъусын кӕндзысты. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фырцинӕй зӕххыл дӕр нал хӕцыдысты!
Ӕфсымӕр Хеншель загъта: «Алырдыгӕй хъуысти „куше“, ома „тынг хорз“! Ӕфсымӕртӕ тынг амондджын уыдысты. Залӕй апырх сты талынджы... иуӕй-иутӕ заргӕ дӕр кодтой».
Ӕрӕджы чи ӕрцыд, уыцы миссионер Уильям Нушийы снысан кодтой ног филиалы цӕстдарӕгӕй. Уильям раздӕр куыста Иугонд Штатты казиноты крупьейӕ. Ӕвдисӕн куы сси, уӕд йӕ куыст ныууагъта ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдта. Йӕ цард афтӕ кӕй фӕивта, уый тыххӕй йӕ Сьерра-Леонейы хъусынгӕнджытӕ тынг бауарзтой ӕмӕ йын аргъ кодтой.