СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ
1945–1990 Бирӕты рӕстдзинадмӕ ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (3 хай)
Тох поро-имӕ
Фыццаг бабырстой Коиндумӕ ӕввахс хъӕумӕ. Уым нӕлгоймӕгты къорд Библи ахуыр кодтой ӕмӕ ӕдзух ӕмбырды фембӕлдтӕм цыдысты. Киси адӕмыхатты нӕлгоймӕтӕн сӕ фылдӕр уыдысты хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст сусӕг ӕхсӕнад поро-йы уӕнгтӕ. Библи чи ахуыр кодта, уыдон дӕр раздӕр уыдысты уыцы ӕхсӕнады. Миссионер Джеймс Менсӕ фӕци Галаады скъола ӕмӕ уый дӕр лӕггад кодта Сьерра-Леонейы. Уый дзуры: «Библи чи ахуыр кодта, уыдон хӕйрӕджытимӕ баст ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕныныл куы нал разы кодтой, уӕд поро-йы хистӕр мӕстӕй рафыхт. Ӕмӕ йӕ адӕмимӕ уыцы нӕлгоймӕгты фӕнадтой, сӕ исбон сын фӕдавтой, сӕ хӕдзӕрттӕ сын басыгътой, рӕхыстӕй сӕ сбастой ӕмӕ сӕ хъӕды ныууагътой, цӕмӕй уым ӕххормагӕй амардаиккой. Киси адӕмыхатты хистӕр поро-йы уӕнгты ардыдта, Библи чи ахуыр кодта, уыдоныл. Фӕлӕ уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕд карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр фидар фӕлӕууыдысты».
Коиндуйы ӕфсымӕртӕ сӕ хъаст пъӕлицӕмӕ куы бахастой, уӕд поро-йы хистӕры, йе ’мбӕлтты ӕмӕ киси адӕмыхатты хистӕры ӕрцахстой. Стӕй сын стӕрхон кодтой ӕмӕ сӕ карзӕй бафхӕрдтой, киси адӕмыхатты хистӕрӕн та радтой иу азы бӕрц. Ацы хабар тынг бирӕтӕ базыдтой ӕмӕ ногтӕ фембӕлдтӕм ныфсджындӕрӕй цӕуын райдыдтой. Фӕстӕдӕр киси адӕмыхатты хистӕрӕн йӕ зӕрдӕ фӕфӕлмӕндӕр ӕмӕ йӕ фылдӕр базонын бафӕндыд. Хицау цы территорийӕн уыд, уым районон конгресс куы уыди, уӕд конгресдзауты суазӕг кодта ӕмӕ сын стыр хъуг дӕр балӕвар кодта.
Поро-йы иннӕ хистӕртӕ та ӕндӕрхуызон тох кодтой – хинӕй хъавыдысты «закъоны фӕрцы фыдхъуыддӕгтӕ аразын» (Пс. 94:20). Политиктӕй поро-йы ӕхсӕнады чи уыд, уыдон парламентмӕ хъаст бахастой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар мауал уыдаид. Чарлз Чаппелл дзуры: «Фӕлӕ киси адӕмыхатты хистӕр нӕ сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ загъта, немӕ Библи дыууӕ азы бӕрц кӕй ахуыр кӕны. Уый загъта, зӕгъгӕ, нӕ организаци политикӕйӕ дард лӕууы, адӕмы кӕсын ӕмӕ фыссын ахуыр кӕны ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕгъдауджын уой. Стӕй ма йӕ ныфс кӕй ис, иу бон Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй суыдзӕн. Парламентӕй ма ӕндӕр чидӕр йӕ фарс куы рахӕцыд ӕмӕ куы загъта, зӕгъгӕ, ӕз дӕр Библи ахуыр кодтон, уӕд ничиуал ницы загъта».
«Дӕ Хуыцау дын бахӕрын кӕнӕд!» – мӕстӕй-иу ӕй мардтой
Сусӕг ӕхсӕнӕдтӕ чи ныууагъта, уыдонӕн сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты. Коиндуйӕ иу ӕрыгон лӕппуйӕн, Джонатан Селлуйӕн, йӕ фыдӕлтӕ цыппар фӕлтӕры уыдысты жужу-дзуары лӕгтӕ. Ӕмӕ уый дӕр хъуамӕ суыдаид дзуары лӕг. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд ныууагъта хӕйрӕджытимӕ баст ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ сын нывӕндтӕ дӕр нал хаста. Йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ тынг карзӕй цыдысты. Скъоламӕ йӕ нал уагътой ӕмӕ-иу ӕмбырдмӕ куы ацыди, уӕд-иу ын хӕринаг нал радтой. «Дӕ Хуыцау дын бахӕрын кӕнӕд!» – мӕстӕй-иу ӕй мардтой. Фӕлӕ Джонатан фидар фӕлӕууыд ӕмӕ ӕххормагӕй дӕр никуы баззад, стӕй кӕсын ӕмӕ фыссын дӕр сахуыр. Фӕстӕдӕр ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта ӕмӕ тынг цин кодта, йӕ мад рӕстдзинады фӕндагыл кӕй слӕууыд, ууыл.
Рӕстдзинад базыдтой ӕндӕр рӕтты дӕр
1960 азы ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ уыди Бойы, Фритауны, Киссийы, Коиндуйы, Лунсары, Магбуракайы, Макенийы, Моямбайы, Порт-Локойы, Ватерлоойы ӕмӕ дард цӕгат Кабалайы. Уыцы аз хъусынгӕнджытӕ фӕфылдӕр сты: уыдысты 182 ӕмӕ систы 282. Ганӕ ӕмӕ Нигерийӕ ӕрцыд бирӕ сӕрмагонд пионертӕ, цӕмӕй ӕмбырдтӕн баххуыс кодтаиккой.
Ногтӕн сӕ фылдӕр уыдысты дыууӕ адӕмыхаттӕй: крио, цардысты Фритауны ӕмӕ йӕ алыварс, ӕмӕ киси, цардысты Скӕсӕн провинцийы. Фӕлӕ хорз хабар куыд парахат кодта, афтӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ дӕр рӕстдзинадмӕ цыдысты: куранко, лимбӕ ӕмӕ темне – цӕгаты; менде – хуссары, ӕмӕ ӕндӕртӕ.
1961 азы Фритауны «Скӕсӕн» ӕмбырд Йегъовӕйӕн Паддзахады зал снывонд кодта. Уый фӕстӕ, Коиндуйы цы ӕмбырд уыд, уый дӕр Йегъовӕйӕн снывонд кодта, 300 адӕймагӕн бынат кӕм уыд, ахӕм зал, уыди самандурӕй арӕзт. Уыцы залы ма уагътой конгресстӕ дӕр. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ 40 хистӕр нӕлгоймаджы фӕхуыдтой Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты скъоламӕ. Ахӕм скъола Сьерра-Леонейы фыццаг хатт уыд. Уыцы диссаджы аз ӕфсымӕртӕ зиу сарӕзтой ӕмӕ парахат кодтой «Библи – Ног дунейы тӕлмац». Зиуы рӕстӕг сын тынг бирӕ бантыст.
1961 азы Сьерра-Леонейы фыццаг хатт уыд Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты скъола. Уильям Нуши (фӕстаг рӕнхъы, астӕуӕй), Чарлз Чаппелл (астӕуккаг рӕнхъы, рахизырдыгӕй дыккаг), Ревӕ Чаппелл (раззаг рӕнхъы, рахизырдыгӕй ӕртыккаг)
Бӕрӕг уыд, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кодта. 1962 азы 28 июлы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ бӕстӕты цы юридикон оргӕнӕй пайда кӕнынц – Ӕппӕтдунеон Библииртасджыты Ассоциаци – уый Сьерра-Леонейы хицауад регистраци скодта.
Гвиней йӕ дуӕрттӕ байгом кодта
Ныр та не ’ргом аздахӕм сыхаг Гвинеймӕ (раздӕр хуынди Францийы Гвиней). 1958 азы размӕ цалдӕр ӕфсымӕры уыцы бӕстӕйы балцы уыдысты ӕмӕ-иу цыбыртӕй кӕмӕндӕрты хорз хабар радзырдтой. Фӕлӕ нӕ Францийы колониалон хицауад хъусын кӕнын нӕ уагъта. 1958 азы хабӕрттӕ фӕивтой – Гвиней Францийы ӕфсондз йӕхицӕй раппӕрста ӕмӕ сси хӕдбар республикӕ.
Уыцы аз фӕстӕдӕр Манюэль Дього, 30 азы бӕрц кӕуыл цыд, ахӕм ӕфсымӕр Дагомейӕ (ныр Бенин), кусын райдыдта, алюмини кӕм къахтой, ахӕм шахтӕйы Фриайы. Ацы горӕт сӕйраг горӕт Конакрийӕ цӕгатырдӕм у 80 километры дарддӕр. Манюэль зыдта французаг ӕвзаг. Йӕ размӕ уыцы ран никуы ничи хъусын кодта ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд адӕмӕн хорз хабар дзурын. Манюэль Францийы филиалмӕ ныффыста, цӕмӕй йын литературӕ ӕрӕрвыстаиккой ӕмӕ йын сӕрмагонд пионертӕ баххуыс кодтаиккой. Йӕ писмойы кӕрон ныффыста: «Ӕз Йегъовӕмӕ кувдзынӕн, цӕмӕй ацы хъуыддагӕн раарфӕ кӕна, уымӕн ӕмӕ ам дуне адӕмы фӕнды рӕстдзинад базонын».
Францийы филиалӕй Манюэльмӕ ныффыстой, ныфсытӕ йын бавӕрдтой ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Гвинейы фылдӕр рӕстӕг баззайа. Филиал ма йын фехъусын кодта, сӕрмагонд пионерты йӕм кӕй арвитдзысты, цӕмӕй йын хъусын кӕныны хъуыддаджы баххуыс кӕной. Манюэль ахӕм ныхӕсты фӕстӕ тынг бафидар, ӕмӕ Фриайы зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта суанг йӕ мӕлӕты онг. Амарди 1968 азы.
1960 азы Конакримӕ зоналон цӕстдарӕг Уилфред Гуч куы ӕрцыд, уӕд федта, уым дыууӕ африкаг ӕфсымӕры кӕй хъусын кодта. Ӕфсымӕр Гуч загъта, цӕмӕй Гвинеймӕ йӕ хъус дара Францийы филиал нӕ, фӕлӕ Сьерра-Леонейы филиал. Ацы хабар ӕрцыд 1961 азы 1 мартъийы ӕмӕ иу мӕйы фӕстӕ Гвинейы горӕт Конакрийы фӕзынд фыццаг ӕмбырд.
Библийы рухс бакалд уымӕл хъӕдтӕм
Хорз хабар ахӕццӕ хуссар Гвинеймӕ дӕр. Киси адӕмыхаттӕй Фаллӕ Гбондо цард Либерийы, фӕлӕ ӕрыздӕхт йӕ райгуырӕн хъӕу Фодедумӕ, Гекедуйӕ скӕсӕнырдӕм у 13 километры бӕрц. Фаллӕ йемӕ ӕрласта чиныг «Ӕнӕхай кӕмӕй фесты, уыцы дзӕнӕтӕй, ногӕй чи ралӕудзӕн, уыцы дзӕнӕтмӕ». Кӕсын нӕ зыдта, фӕлӕ йӕ бон уыди чиныджы нывтӕ иннӕтӕн ӕмбарын кӕнын. Фаллӕ дзуры: «Чиныджы фӕрцы-иу хорз аныхас кодтам. Адӕм ӕй хуыдтой „Адам ӕмӕ Евӕйы чиныг“».
Фаллӕ аздӕхт Либеримӕ, донаргъуыд райста ӕмӕ фӕстӕдӕр сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Мӕй дыууӕ хатты Фодедумӕ цыд, цӕмӕй Библи ахуыр кодтаид, 30 адӕймаджы кӕм уыд, ахӕм къордимӕ. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йемӕ лӕггад кӕнын райдыдта сӕрмагонд пионер Борбор Сейсей, уый дӕр уыди Либерийӕ, киси адӕмыхаттӕй. Иумӕ къорд сарӕзтой Гекедуйы дӕр. Уыцы дыууӕ къордӕй ӕмбырдтӕ рауад.
Киси адӕмыхаттӕй Ӕвдисӕнтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, ӕмӕ сӕ хистӕртӕ бафиппайдтой, ӕгъдауджын кӕй уыдысты, уый. Ӕвдисӕнтӕ уӕззау куыст кодтой, уыдысты ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ, кӕм цардысты, уыцы хъӕуты иннӕты дӕр разӕнгард кодтой, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цардаиккой. Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ Фодедуйы Паддзахады зал саразын куы сфӕнд кодтой ӕмӕ уый тыххӕй киси адӕмыхатты хистӕртӕн куы загътой, уӕд сын уайтагъд 3 гектары зӕхх радтой. Гвинейы фыццаг Паддзахады зал арӕзт ӕрцыд 1964 азы райдианы.
Змӕстытӕ Конакрийы
Уыцы рӕстӕг Конакрийы адӕм сызмӕнтыны ’ввонг уыдысты. Уый тыххӕй хицауады кусджытӕ фӕсарӕйнӕгтыл дызӕрдыг кӕнын райдыдтой. Галаады скъола чи фӕци, цыппар ахӕм миссионерӕн визӕтӕ нал радтой ӕмӕ сӕ сӕ бӕстӕйӕ арвыстой. Ганӕйӕ дыууӕ ӕфсымӕрыл цыдӕртӕ ӕрымысыдысты ӕмӕ сӕ дыууӕ мӕйы бӕрц ахӕстоны фӕдардтой.
Куы сӕ рауагътой, уӕд та дзы иуы, Эмманюэль Авусу-Ансӕйы, ногӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ахӕстоны тынг ӕвзӕр уавӕрты дардтой. Эмманюэль ахӕстоны чъизи камерӕйӕ фыста: «Мӕ уырнындзинад фидар у, фӕлӕ ӕппынӕдзухдӕр тӕвднизӕй тыхсын. Фӕлӕ уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕстаг мӕй 67 сахаты хъусын кодтон, ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнын, уыдонӕй дӕр дыууӕйӕ райдыдтой хорз хабар хъусын кӕнын». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд. Фондз мӕйы фӕстӕ ӕфсымӕр Авусу-Ансӕйы ахӕстонӕй рауагътой ӕмӕ йӕ Сьерра-Леонемӕ арвыстой. Конакрийы баззад ӕрмӕстдӕр иу хъусынгӕнӕг.
1969 азы Конакрийы змӕстытӕ куы ӕрсабыр сты, уӕд та сӕрмагонд пионертӕ ӕрцыдысты. Хицауадӕй бар ракуырдтой, цӕмӕй Паддзахады залы ӕмбырд кодтаиккой ӕмӕ сӕ регистраци скодтаиккой. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ 30 адӕймаджы райдыдта алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын.
Фыццаг рӕстӕг ӕфсымӕртӕ хъавгӕйӕ хъусын кодтой, уымӕн ӕмӕ тарстысты, куы сӕ ӕрцахсой, уымӕй. Фӕлӕ куы фӕныфсджындӕр сты, уӕд зӕрдиагдӕрӕй архайын райдыдтой. 1973 азы дӕргъы сӕ гыццыл ӕмбырд байуӕрста 6 000 трактаты. Фӕстӕдӕр хъусынгӕнджытӕ журналтӕ парахат кӕнын райдыдтой алыхуызон куыстуӕтты. Сабыргай-сабыргай хицауады кусджытӕ ӕмӕ адӕм ӕмбарын райдыдтой, цы куыст кӕнӕм, уый ӕмӕ йын аргъ кодтой. Ӕфсымӕрты фӕразондзинад ӕмӕ фыдӕбон арфӕгонд ӕрцыд: 1993 азы 15 декабры «Гвинейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты чырыстон ӕмбырд» закъонмӕ гӕсгӕ регистраци скодтой.