ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
Хъусын кӕныны хъуыддаг не ’рлӕууыд
Миссионертӕ сусӕгӕй архайынц
Ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны бар куы нал лӕвӕрдтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ сын тынг зын рӕстӕджытӕ скодта. «Нӕ Паддзахады залтӕ нын сӕхгӕдтой ӕмӕ нӕ хъусын кӕнын нал уагътой,– дзуры иу миссионер-хо, Алмӕ Парсон.– Мӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой». Чидӕртӕ сӕ ӕнӕ куыстӕй баззадысты, кӕйдӕрты та-иу ахӕстоны сбадын кодтой. Алмӕ дарддӕр дзуры: «Фӕлӕ нын Йегъовӕ разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ нӕ хъахъхъӕдта, ӕмӕ уый нӕхиуыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бавзӕрстам». Ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы разамындыл сӕ зӕрдӕ кӕй дардтой, уый фӕрцы сӕ бон уыд дарддӕр сусӕгӕй архайын.
Иумӕ ӕмбырд кӕныны бар сын куы нӕ лӕвӕрдтой, уыцы рӕстӕджы тыххӕй Леннарт Джонсон дзуры: «Ӕфсымӕртӕ райдыдтой гыццыл къордтӕй хӕдзӕртты ӕмбырд кӕнын. Ахуыр-иу кодтам, къопигӕнӕн машинкӕйыл-иу (мимеограф) кӕй ныммыхуыр кодтам, уыцы статьятӕ „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ӕй. Уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр тынг аргъ кодтой, Йегъовӕ нын афтӕмӕй нӕ уырнындзинад кӕй фидар кодта, уымӕн».
Хъусын кӕнынӕн бар куы нал уыд, уӕд йӕ лӕггад чи нӕ ныууагъта, уыцы миссионерты ’хсӕн уыдысты Рой ӕмӕ Хуанитӕ Брандт
Уыцы рӕстӕг хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты алы къахдзӕфмӕ дӕр йӕ хъус дардта ӕмӕ сӕ ноджы тынгдӕр ӕфхӕрын райдыдта. Фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ нӕ фӕтарстысты. 1950 азы 15 сентябры министр Унгри Республикӕйы президентмӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты разамонӕг Ли Рой Брандты ӕмӕ сӕ иннӕ разамонджыты ардӕм арӕх ӕрбакӕнын кӕнӕм ӕмӕ сын ныффӕдзӕхсӕм, цӕмӕй адӕмӕн сӕ дины тыххӕй мауал дзурой ӕмӕ сӕ сӕ зондыл мауал аразой, уымӕн ӕмӕ сын ацы Республикӕйы закъонмӕ гӕсгӕ уыцы куыст кӕныны бар нал ис. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй нын нӕ ныхас не ’ххӕст кӕнынц. Алы бон дӕр нӕм бӕстӕйы алы рӕттӕй фӕхабар кӕнынц, уӕддӕр сӕ куыст сусӕгӕй кӕй кӕнынц. Афтӕмӕй хицауады бардзырдтӕ хынджылӕггаг кӕнынц». Йӕ писмойы кӕрон ныффыста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты «фӕсарӕйнаг сӕйраг разамонджыты» бӕстӕйӕ арвитын кӕй хъӕуы.
«Стыр ныфсы хос»
1950 азы кӕрон Доминиканы Республикӕмӕ ӕрцыдысты ӕфсымӕртӕ Норр ӕмӕ Хеншель. Уымӕй цасдӕры фӕстӕ миссионертӕй цалдӕры снысан кодтой Аргентинӕмӕ, Гватемалӕмӕ ӕмӕ Пуэрто-Рикомӕ. Иннӕтӕ та сӕхицӕн куыст ссардтой, цӕмӕй бӕстӕйы баззадаиккой. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Брандт райдыдта электрон компанийы кусын, чидӕртӕ та англисаг ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕй куыстой. 1951 азы «Ӕрвылазон чиныджы» уыцы миссионерты тыххӕй фыст уыд: «Уыцы бӕстӕйӕ кӕй нӕ ацыдысты, фӕлӕ кӕй баззадысты, уымӕй стыр ныфсы хос сты Хицауы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн – рӕстдзинад уыцы миссионертӕй чи базыдта, уыдонӕн. Уыдон тынг цин кӕнынц, миссионертӕ ахӕм хъӕбатыр кӕй разындысты ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы дарддӕр кӕй архайынц, ууыл».
Кӕй баззадысты, уымӕй стыр ныфсы хос уыдысты иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн
Дороти Лоренс уыди, миссионертӕй англисаг ӕвзаджы ахуыргӕнӕгӕй чи куыста, уыдонӕй иу. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдонимӕ Библи дӕр ахуыр кодта. Ӕмӕ афтӕмӕй цалдӕр адӕймагӕн баххуыс кодта рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн.
Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ма ӕндӕр цыдӕр ӕрымысыдысты, цӕмӕй дарддӕр хъусын кодтаиккой, кӕд сӕ фӕдыл зылдысты, уӕддӕр. Цӕмӕй-иу цӕсты ма хаудаиккой, уый тыххӕй-иу чингуытӕ хицӕн хӕйттыл адих кодтой ӕмӕ-иу сӕ сӕ хӕдӕтты дзыппыты хастой, бадыдагъ-иу сӕ кодтой, афтӕмӕй кӕнӕ та-иу сӕ хызынты хӕринӕгтимӕ нывӕрдтой. Уацамынды хыгъдты та-иу чингуытӕ, брошюрӕтӕ, журналтӕ, дыккаг бацыдтӕ ӕмӕ сахӕтты бӕсты фыстой хӕринӕгты нӕмттӕ: папайӕ, хъӕдур, ӕйчытӕ, къабуска ӕмӕ шпинат. Мимеографыл кӕй мыхуыр кодтой, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» экземпляртӕ та хуыдтой «маниокӕ» – уыцы бӕстӕйы иууылдӕр кӕй зонынц, уыцы зайӕгой.
Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг не ’рлӕууыд
1954 азы 16 июны Рафаэль Трухильо Ватиканимӕ бадзырд скодта. Уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ Доминиканы Республикӕйы католикон аргъуаны сауджынтӕн фӕзынд фылдӕр бартӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар куы нал лӕвӕрдтой, уӕдӕй рацыд цыппар азы бӕрц. Фӕлӕ уӕддӕр 1955 азмӕ Доминиканы Республикӕйы уыд 478 хъусынгӕнӕджы. Кӕд зын уавӕрты уыдысты, уӕд цымӕ уый гӕнӕн куыд уыд, ӕмӕ сӕ нымӕцыл афтӕ бирӕ бафтыдаид? 1956 азы «Ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд: «Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ нын Йегъовӕйы сыгъдӕг тых хъарутӕ дӕтты. Ӕфсымӕрты ’хсӕн иудзинад кӕй ис ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кӕй у, уый фӕрцы размӕ хъӕбатырӕй цӕуынц».
1955 азы июлы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад Трухильомӕ писмо ныффыста. Уыцы писмойы уыди нотариусы мыхуырӕвӕрд, ӕмӕ дзы бӕстон фыст уыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕфсадмӕ цӕуылнӕ цӕуынц, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы уыд ахӕм курдиат дӕр, цӕмӕй Трухильо, «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмӕ Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады ныхмӕ цы бардзырд радта, уый аивтаид». Цымӕ хабар куыд рауад?