Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb15 130 ф.–138 ф., 1 абз.
  • Хъуыди фылдӕр хъусынгӕнджытӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъуыди фылдӕр хъусынгӕнджытӕ
  • 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хорз хабар дард рӕттӕм дӕр бахӕццӕ
  • Ноджы фылдӕр миссионертӕ ӕмӕ ног филиал
  • «Македонимӕ-ма ӕрцу»
2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb15 130 ф.–138 ф., 1 абз.
Ныв 133 фарсыл

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Хъуыди фылдӕр хъусынгӕнджытӕ

Хорз хабар дард рӕттӕм дӕр бахӕццӕ

Фӕстӕдӕр Доминиканы Республикӕмӕ ӕрцыд ноджы фылдӕр миссионертӕ, зӕгъӕм, Пит Паскал, Эймос ӕмӕ Барбарӕ Паркер, Ричард ӕмӕ Белвӕ Стоддард (лӕггад кодтой Боливийы), стӕй Джесси ӕмӕ Линн Кантуэлл (Колумбийӕ). Уыцы миссионерты фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ ноджы тынгдӕр ацыд. 1973 азмӕ хабар афтӕ уыд, ӕмӕ горӕтты Библи бирӕтимӕ ахуыр кодтой, фӕлӕ хорз хабар дард рӕттӕм нӕма бахӕццӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ бацархайдтой, цӕмӕй хъӕуты цӕрӕг адӕм дӕр хорз хабар фехъуыстаиккой. Хъусынгӕнджытӕм куы фӕсидтысты, цӕмӕй дыууӕ мӕйы дӕргъы хъӕуты хъусын кодтаиккой, уӕд 19 пионеры зӕрдиагӕй сразы сты. 1973 азы декабрӕй 1977 азы январмӕ пионерты къордгай ӕрвыстой, хорз хабар бирӕтӕ кӕм нӕ фехъуыстой кӕнӕ та ӕппындӕр кӕм нӕ фехъуыстой, ахӕм рӕттӕм.

«Литературӕйы тыххӕй-иу райстам куы карчы цъиутӕ, куы ӕйчытӕ, куы та дыргътӕ»

Уыцы зиуы чи архайдта, уыцы пионертӕй иу загъта: «Адӕмимӕ-иу аныхас кодтам ӕмӕ-иу сын литературӕ ныууагътам, ӕмӕ-иу фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдоны-иу дыккаг бон бабӕрӕг кодтам. Хъӕууон цӕрджытӕм бирӕ ӕхца нӕ уыд, ӕмӕ-иу литературӕйы тыххӕй райстам куы карчы цъиутӕ, куы ӕйчытӕ, куы та дыргътӕ. Йегъовӕйӕн бузныг, ӕххормаг кӕй никуы уыдыстӕм». Бирӕтӕ дзы фыццаг хатт фехъуыстой, Библийы цы фыст ис, уый. Хатт-иу дины разамонджытӕ адӕмӕн дзырдтой, Йегъовӕ, дам, Хӕйрӕг у. Ӕмӕ-иу сын хъусынгӕнджытӕ 83-ӕм псаломӕй 18 стих куы бакастысты, уӕд-иу тынг дис кодтой. Уыцы стихы фыст ис: «Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». Иуӕй-иу рӕтты уыйбӕрц адӕмы фӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ-иу сын ӕфсымӕртӕ фембӕлдтӕ ауагътой.

Ноджы фылдӕр миссионертӕ ӕмӕ ног филиал

1979 азы сентябры ӕрцыдысты ног миссионертӕ Абигайл Перес ӕмӕ йӕ бинойнаг Джорджинӕ. Абигайлы снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Фӕстӕдӕр та, 1987 азы, ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынмӕ ӕрцыдысты, Галаады скъолайы чи ахуыр кодта, уыцы бинонтӕ, Том ӕмӕ Шерли Дин. Стыр ӕххуыс ма сын фесты, Пуэрто-Рикойӕ цы сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ ӕрцыд, уыдон дӕр. 1988 азы августы Доминиканы Республикӕмӕ снысан кодтой Райнер ӕмӕ Джинн Томпсоны. Уый размӕ ма лӕггад кодтой цыппар ӕндӕр бӕстӕйы.

1989 азмӕ Доминиканы Республикӕйы уыд 11 081 хъусынгӕнӕджы. Ӕмӕ бӕрӕг уыд, сӕ нымӕц кӕй фылдӕр кӕндзӕн – Библи ахуыр кодтой 20 494 адӕймагимӕ. Хъуыддаг размӕ афтӕ хорз кӕй цыд, уымӕ гӕсгӕ фӕзынд ноджы фылдӕр куыст. Зӕгъӕм, уӕд филиал иу агъуыст йеддӕмӕ нӕ уыд, ӕмӕ сын нал фаг кодта. Райнер Томпсон загъта: «Филиалы уыйбӕрц адӕм уыд, ӕмӕ ма нӕ ноджыдӕр бахъуыди цӕрӕнбынӕттӕ ссарын ӕмӕ горӕты алы рӕтты скълӕдтӕ баххуырсын».

Райнер загъта: «Ног филиал саразынӕн зӕхх ссарын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ иу бизнесмен фехъуыста, зӕхх кӕй агурӕм. Гъемӕ нӕм ӕрбацыд ӕмӕ нын загъта, иу замманай зӕххы гӕппӕл ӕм кӕй ис, ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕй ауӕй кӕндзӕн. Раздӕр ын уыд дзаумӕттӕ хуыйӕн фирмӕ, ӕмӕ йӕ секретарь, стӕй ма йӕ иннӕ кусджытӕй цалдӕр уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Бирӕ йӕм фӕкуыстой, ӕмӕ уыдта, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ ӕгъдауджын адӕм кӕй сты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ахӕм хорз цӕстӕй кӕй каст, уымӕ гӕсгӕ нын йӕ зӕхх тынг асламӕй ауӕй кодта». 1988 азы декабры ӕфсымӕртӕ уыцы зӕхх балхӕдтой, фӕстӕдӕр та балхӕдтой, уырдӕм хӕстӕг чи уыд, уыцы ӕртӕ зӕххы гӕппӕлы. Филиал ӕмӕ йӕ фарсмӕ Конгрессты зал цы зӕхх ахстой, уый ӕдӕппӕтӕй уыд 9 гектары бӕрц.

Ног филиал ӕмӕ Конгрессты зал аразынӕн ӕххуыс кодтой сӕдӕгай бынӕттон ӕмӕ, иннӕ бӕстӕтӕй чи ӕрцыд, уыцы хъусынгӕнджытӕ. Уыцы бӕстыхӕйттӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтой 1996 азы ноябры. Разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕй уырдӕм ӕрцыдысты Кэри Барбер, Теодор Ярач ӕмӕ Геррит Лёш. Дыккаг бон бӕстӕйы стырдӕр стадионтӕй дыууӕйы уыд сӕрмагонд программӕ, ӕмӕ ног филиал фенынмӕ ӕрбацыд 10 000 адӕймагӕй фылдӕр.

«Македонимӕ-ма ӕрцу»

Доминиканы Республикӕйы хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уырдӕм ма ӕндӕр бӕстӕтӕй цы бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрцыд, уыдоны кой куы не скӕнӕм, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ уым цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты истори хорз зонӕм. Уыдон фехъуыстой, уыцы бӕстӕйы адӕм хорз хабармӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусынц ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр йӕ бон Библи бирӕтимӕ ахуыр кӕнын кӕй у, ӕмӕ 1980-ӕм азты уырдӕм ӕрцыдысты. Уыдон байхъуыстой, Хъуыддӕгты 16:9 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ, «Македонимӕ-ма ӕрцу», зӕгъгӕ. Уыцы барвӕндон хъусынгӕнджытӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дзырдтой, Доминиканы Республикӕйы лӕггад кӕнын сын цы стыр циндзинад хӕссы, уый тыххӕй. Ӕмӕ 1990-ӕм азты уыцы бӕстӕмӕ цас хъусынгӕнджытӕ ӕрцыд, уыйбӕрц никуыма.

Зӕгъӕм, Стеуан ӕмӕ Мириям Норагер (Данийӕ) Доминиканы Республикӕйы лӕггад кӕнынц 2001 азӕй. Уый размӕ дзы Мириям йӕ хоимӕ лӕггад кодта афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг. Цымӕ Стеуан ӕмӕ Мириямы цӕмӕн бафӕндыд, ӕндӕр ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ кӕм ис, уыцы дард бӕстӕмӕ ацӕуын? Мириям загъта: «Нӕ дыууӕ дӕр схъомыл стӕм, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, ахӕм бинонты ’хсӕн. Стӕй нӕ дыууӕйӕн дӕр нӕ ныййарджытӕ ӕрыгонӕй лӕггад кодтой сӕрмагонд пионертӕй. Ӕмӕ сын цот куы рацыд, уӕд та лӕггад кодтой ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй. Нӕ ныййарджытӕ нӕ ӕдзух разӕнгард кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мацы ӕвгъау кодтаиккам ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кодтаиккам».

Стеуан ӕмӕ Мириям сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕнынц 2006 азӕй, ӕмӕ рӕстдзинад базонынӕн бирӕтӕн баххуыс кодтой. Стеуан радзырдта: «Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕн банымайӕн дӕр нӕй. Мах бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн баххуыс кодтам, цӕмӕй Йегъовӕйы базыдтаиккой ӕмӕ йӕ бауарзтаиккой. Стӕй ныл бирӕ цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцыд. Уый нын цы циндзинад хӕссы, уый раз нӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ низтӕ ницы сты. Фӕзынд нын бирӕ ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ семӕ иу бинонтау адджынӕй цӕрӕм. Доминиканы Республикӕйы лӕггад кӕнгӕйӕ сахуыр стӕм сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ фӕразондзинадыл. Стӕй хуымӕтӕг цард кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад бафидар ӕмӕ нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй Йегъовӕйыл дарын сахуыр стӕм».

Ныв 134 фарсыл

Дженнифер Джой ам лӕггад кӕны 20 азӕй фылдӕр ӕмӕ хъусын кӕны, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн

Доминиканы Республикӕмӕ цы бирӕ ӕнӕцыд хотӕ ӕрцыд, уыдонӕй иу уыд Дженнифер Джой. Дженнифер уырдӕм 1992 азы ӕрцыд йӕ мады хо Идит Уайты (бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодта миссионерӕй) бабӕрӕг кӕнынмӕ. Ӕмӕ дзы куы хъусын кодта, уӕд-иу ӕм бирӕтӕ зӕрдиагӕй байхъуыстой. Стӕй ма базонгӕ, ӕндӕр бӕстӕтӕй уым лӕггад кӕнынмӕ чи ӕрцыд, уыцы хотимӕ. Дженнифер загъта: «Ӕз ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ ӕнӕныфсхаст уыдтӕн. Фӕлӕ ахъуыды кодтон, зӕгъын, кӕд уыдонӕн сси сӕ бон, уӕд мӕнӕн дӕр, чи зоны, суа».

Дженнифер Доминиканы Республикӕйы иу афӕдзӕй фылдӕр нӕ фӕнд кодта баззайын. Фӕлӕ-иу цал хатты хъавыд ацӕуынмӕ, уал хатты-иу баззад. Ныр дзы 20 азӕй фылдӕр лӕггад кӕны, ӕмӕ бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Стӕй къухӕйамонгӕ ӕвзагыл къорд куы фӕзынд, уӕд уыдонӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ, уыцы ӕвзаджы курсыты программӕ куы цӕттӕ кодтой, уӕд уым дӕр ӕххуыс кодта.

«Кӕд мыл Йегъовӕ абоны онг тыхсти, уӕд цӕмӕн хъуамӕ дызӕрдыг кӕнон, иннӕ аз дӕр мыл кӕй тыхсдзӕн?»

Цымӕ Дженнифер цӕмӕй цӕры? Уый зӕгъы: «Алы аз дӕр фӕстӕмӕ Канадӕмӕ ацӕуын ӕмӕ дзы цалдӕр мӕйы акусын. Цы нӕ куыст кодтон, ахӕм нал баззад: офистӕ ӕфснайдтон, фарӕтӕ ӕмӕ ковролин кӕм кодтой, ахӕм ран. Куыстон къамисӕгӕй, малярӕй, экскурсоводӕй, англисаг ӕвзаджы ахуыргӕнӕгӕй ӕмӕ тӕлмацгӕнӕгӕй. Стӕй ма куыстон фотолабораторийы ӕмӕ турфирмӕйы дӕр». Дженнифер йӕ цард абарста, рагон израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы цардысты, уыимӕ. Афтӕ загъта: «Уыдон цардысты Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр. Йегъовӕ сын загъта, кӕй сыл тыхсдзӕн, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыд. Алы бон дӕр сын уыд, цы хордтаиккой, уый, стӕй сӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ сӕ дзабыртӕ нӕ ихсыдысты (Дык. з. 8:3, 4). Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, махыл дӕр кӕй тыхсдзӕн (Матф. 6:33). Ӕмӕ мыл кӕд абоны онг тыхсти, уӕд цӕмӕн хъуамӕ дызӕрдыг кӕнон, иннӕ аз дӕр мыл кӕй тыхсдзӕн?»

Доминиканы Республикӕмӕ ӕрцыд 1 000 удуӕлдай хъусынгӕнӕджы бӕрц алы бӕстӕтӕй – Австрийӕ, Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, Испанийӕ, Польшӕйӕ, Пуэрто-Рикойӕ, Тайванӕй, Уӕрӕсейӕ, Швецийӕ ӕмӕ Японийӕ. Уыцы хъусынгӕнджытӕ уыдысты 30 адӕмыхаттӕй ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой, америкаг къухӕйамонгӕ, китайаг, гаитиаг креойлаг, италиаг, уырыссаг ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтыл чи уыд, уыцы ӕмбырдты. Апостол Петрау уыдон дӕр загътой: «Мах ӕппӕт дӕр... ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл... цӕуӕм» (Мар. 10:28).

Кӕрдинаг бирӕ ис (Матф. 9:37).

30 бӕстӕйӕ иу-1 000 адӕймаджы барвӕндонӕй ӕрцыдысты Доминиканы Республикӕмӕ, цӕмӕй баххуыс кодтаиккой алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг къордтӕн. Дӕуӕн та дӕ бон нӕ уаид уыцы ӕмбырдтӕй иуы лӕггад кӕнын?

Таблицӕ 136 фарсыл
Таблицӕ 137 фарсыл
    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын