Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb15 172 ф.–175 ф., 4 абз.
  • Сӕдӕ азы размӕ – 1915 аз

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сӕдӕ азы размӕ – 1915 аз
  • 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хӕстмӕ цӕуӕн ис ӕви нӕ?
  • Сӕйраг хайады ивындзинӕдтӕ ӕрцыд
  • Фадӕттӕ лӕггад кӕнынӕн
  • Сӕдӕ азы размӕ: 1916 аз
    2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты райгуырд
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Нӕхимӕ кӕсӕм
    Зарут Иегъовӕйы кадӕн
2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb15 172 ф.–175 ф., 4 абз.
Ныв 172 фарсыл

Сӕдӕ азы размӕ – 1915 аз

1915 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Ралӕууыд фӕлварӕнты рӕстӕг. Цымӕ, н. э. 1914 азы диссаджы хуызы уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕудзыстӕм, уый ныфс нӕ кӕй уыд, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй архайдтам афтӕ зынгзӕрдӕйӕ? Ӕви, НӔ ХИЦАУЫ ӕмӕ, цы хабар хъусын кодта, уый, стӕй не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм ӕмӕ сыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый тыххӕй архайӕм зынгзӕрдӕйӕ?» 1915 азы Библииртасджытӕй чидӕртӕ фыдӕнхъӕл фесты, ӕмӕ сӕ хъуыди уыцы ӕнкъарӕнтимӕ тох кӕнын. Дунейы та уыцы рӕстӕг цыди ӕндӕр тох.

Стыр хӕст, фӕстӕдӕр ӕй схуыдтой Фыццаг дунеон хӕст, ӕнӕхъӕн Европӕйыл апарахат. Ӕфсӕддонтӕ хӕдтӕхджытӕй, танктӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм уӕззау техникӕйӕ пайда кӕнын кӕй райдыдтой, уый хуымӕтӕг адӕмӕн цы зиан ӕрхаста, ахӕм зиан уый размӕ иу хӕст дӕр не ’рхаста. Зӕгъӕм, 1915 азы немыцаг доныбынтыцӕуӕг наутӕ, Великобританийы алыварс цы денджызтӕ ис, уым дыууӕрдӕм кодтой. 1915 азы 7 майы уыцы наутӕй иу, адӕмы чи ласта, уыцы бритайнаг нау «Лузитани» фӕдӕлдон кодта, ӕмӕ дзы 1 100 адӕймагӕй фылдӕр фӕмард.

Хӕстмӕ цӕуӕн ис ӕви нӕ?

Библииртасджыты нӕ фӕндыд хӕстмӕ цӕуын. Фӕлӕ йӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, чырыстӕттӕ хӕстмӕ ӕппындӕр мацы бар дарой, уый цы нысан кӕны. Кӕд сӕхӕдӕг барвӕндонӕй хӕстмӕ нӕ цыдысты, уӕддӕр-иу сӕ ӕфсадмӕ куы кодтой, уӕд-иу сӕ чидӕртӕ ацыд. Фӕлӕ архайдтой, цӕмӕй-иу сӕм ахӕм куыст ӕрхаудаид, ӕмӕ сӕ хӕцын ма хъуыдаид. Акъоппытӕм-иу кӕй акодтой, уыдонӕй та-иу чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ «знаджы сӕрты ис ӕхсӕн».

1915 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд иу венгриаг ӕфсӕддоны тыххӕй. Хӕсты фӕцӕфтӕ, ӕмӕ цасдӕр рынчындоны фӕци. Фӕстӕдӕр донаргъуыд райста ӕмӕ та ногӕй хӕстмӕ ацыд. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дарддӕр фыст уыд: «Уырыссаг ӕфсад кӕм уыд, уырдӕм ма сӕ [венгриаг ӕфсӕддонты] 200 метры куы хъуыд, уӕд сын бардзырд радтой, знагыл уӕхи ныццӕвут, зӕгъгӕ. Венгриаг ӕфсымӕр лӕууыд ӕфсады галиу фарс кӕронӕй, ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕхи знагӕй бахъахъхъӕнын. Ӕмӕ, йӕ размӕ чи фӕци, уыцы уырыссаг ӕфсӕддонӕн йӕ винтовкӕ ӕрцавта, цӕмӕй йӕ къухтӕй ӕрхаудаид. Ӕмӕ уӕд федта, уый дӕр ууыл кӕй архайы... Уырыссаг йӕ винтовкӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрста ӕмӕ ныккуыдта. Ӕмӕ уӕд не ’фсымӕр „знагмӕ“ лӕмбынӕгдӕр бакаст ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсыл ауыдта значок крест ӕмӕ кадыхудимӕa. Уырыссаг дӕр не ’фсымӕр разынд!»

1915 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыд статья «Чырыстон хӕс ӕмӕ хӕст», ӕмӕ дзы дзырд цыд, чырыстӕттӕн хӕстмӕ цӕуӕн ис ӕви нӕ, ууыл. Фыст дзы уыд: «Ӕфсадмӕ куы ацӕуай ӕмӕ дӕ уӕлӕ ӕфсӕддон дарӕс куы скӕнай, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ, ӕфсӕддоныл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕныныл разы дӕ... Цымӕ чырыстӕттӕн уый ӕмбӕлы?» Цасдӕры фӕстӕ Библииртасджытӕ бамбӕрстой, чырыстӕттӕ хӕсты ӕппындӕр кӕй хъуамӕ ма архайой.

Сӕйраг хайады ивындзинӕдтӕ ӕрцыд

1915 азы Нью-Йорчы Вефилы бинонтӕй ӕвдай адӕймагӕн фехъусын кодтой, филиалӕн ӕхца кӕй нӕ фаг кӕны ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ацӕуын кӕй бахъӕудзӕн, фӕлӕ сӕ бон кӕй уыдзӕн дарддӕр дӕр хъусын кӕнын. Загътой сын: «Хъуамӕ нӕхи ӕнӕхъуаджы хӕстӕй хизӕм ӕмӕ нӕ куыст тӕссаг уавӕры ма ӕппарӕм. Ӕмӕ ахӕм уынаффӕ дӕр уымӕн рахастам, цӕмӕй нӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кӕнӕм».

Вефилӕй чи хъуамӕ ацыдаид, уыцы ӕвдай адӕймаджы иумӕйаг писмо ныффыстой, ӕмӕ йыл Клейтон Вудворт ӕмӕ ма дыууӕ ӕфсымӕры се ’ппӕты номӕй сӕ къухтӕ ӕрфыстой. Уыцы писмо ныммыхуыр кодтой 1915 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты кӕд ацӕуын бахъуыд, уӕддӕр «цин кодтой ӕмӕ бузныг уыдысты, Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдысты ӕмӕ сын цы кадджын хӕстӕ уыд, уыдоны тыххӕй».

Кӕд сын ӕнцон нӕ уыд ӕндӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, уӕддӕр сын фадат уыд, ӕцӕгдӕр иузӕрдион кӕуыл сты, уый равдисынӕн. Цымӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты ӕви сӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдыдтой? Ӕфсымӕр Вудворт дарддӕр дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы архайдта, ӕмӕ та фӕстӕдӕр Вефилы лӕггад кӕнын райдыдта. 1919 азы сси «Сызгъӕрин ӕнус»-ы, абон «Райхъал ут!» чи хуыйны, уыцы журналы, редактор! Ӕмӕ уыцы куыст кодта 1946 азмӕ.

Фадӕттӕ лӕггад кӕнынӕн

Уыцы зын рӕстӕг «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕфсымӕрты разӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кодтаиккой. Уӕлдай тынгдӕр сӕ се ’ргом раздахын хъуыди, раздӕр хорз хабармӕ чи хъуыста, уыдонмӕ. 1915 азы 15 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Ис нӕм алы бӕстӕты цӕрӕг адӕмы нӕмттӕ. Уыдон нӕм сӕ карточкӕтӕ ӕрбарвыстой, ӕмӕ дзы фыст ис, цавӕр литературӕ сӕ хъӕуы, уый. Хорз уаид, куы сӕ бабӕрӕг кӕниккат... ӕмӕ йӕ куы базониккат, Библи ахуыр кӕнын ма сӕ фӕнды ӕви нӕ». Сӕ нысан уыд уыцы адӕмы зӕрдӕты зынг ссудзын, цӕмӕй «Хуыцауыл дӕр ӕмӕ рӕстдзинадыл дӕр ӕнувыд уыдаиккой».

Абон куыд у, афтӕ уӕд дӕр чырыстӕттӕн хъуамӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уыдаид Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг. 1915 азы 15 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Мах, фынӕй чи нӕ кӕны, уыдон, хъуамӕ Хуыцауӕн ӕппӕт хъарутӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм». Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ къӕрцхъус уыдаиккой. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дарддӕр фыст уыд: «Хъуамӕ нӕ хъус дарӕм. Цӕмӕ? Фыццаджыдӕр нӕхимӕ, цӕмӕй, ацы дунейы цы къӕппӕджытӕ ис, уыдонӕй нӕхи бахизӕм».

1916 азы стихӕн ӕвзӕрст ӕрцыд Ромӕгтӕм 4:20 стих, ӕмӕ ӕфсымӕрты разӕнгард кодта, цӕмӕй «фидар уыдаиккой уырнындзинады» («Ног Фӕдзӕхст», 1994). Ацы ныхӕстӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты уыцы аз хъуамӕ ныфс бауагътаиккой, уымӕн ӕмӕ уыцы аз дӕр бирӕ фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты.

a Бирӕ азты дӕргъы Библииртасджытӕ дардтой значок крест ӕмӕ кадыхудимӕ, цӕмӕй-иу иннӕтӕ базыдтаиккой, чи сты, уый. Уыцы нысан бирӕ азты дӕргъы уыд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕддаг цъарыл. 1930-ӕм азты райдианы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы нысанӕй нал пайда кодтой.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын