Индонези
АДОН сты цымыдисаг хабӕрттӕ сӕрныллӕг ӕмӕ хъӕбатыр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Уыдон сӕ уырнындзинад фӕцудын нӕ бауагътой, кӕд политикӕ ӕмӕ дины тыххӕй сӕ бӕстӕйы змӕстытӕ цыди ӕмӕ сӕ сауджынты ардыдӕй 25 азы дӕргъы хицауад хъусын кӕнын нӕ уагъта, уӕддӕр. Базондзыстут, коммунисттӕ марынмӕ кӕй хъавыдысты, уыдоны хыгъдмӕ чи бахауд, уыцы ӕфсымӕры хабар ӕмӕ, раздӕр бандӕйы хицау чи уыд ӕмӕ стӕй фӕзминаг ӕфсымӕр чи сси, уый хабар дӕр. Бакӕсдзыстут зӕрдӕмӕхъаргӕ цау, хъусӕй чи нӕ хъусы, дыууӕ ахӕм чызджы тыххӕй. Уыдон балымӕн сты ӕмӕ стӕй базыдтой, хӕрз хотӕ кӕй уыдысты, уый. Базондзыстут ма, Йегъовӕйы адӕм хорз хабар ӕнтыстджынӕй куыд хъусын кӕнынц, пысылмон диныл хӕст адӕм ӕппӕты фылдӕр кӕм ис, уыцы бӕстӕйы.