Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb16 82 ф.–85 ф., 5 абз.
  • Цыбыртӕй Индонезийы тыххӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цыбыртӕй Индонезийы тыххӕй
  • 2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb16 82 ф.–85 ф., 5 абз.

ИНДОНЕЗИ

Цыбыртӕй Индонезийы тыххӕй

Территори. Индонези у ӕппӕты стырдӕр архипелаг, ис Австрали ӕмӕ континенталон Азийы ’хсӕн, экватор цӕуы йӕ астӕуты. Ис дзы 17 500 сакъадахӕй фылдӕр. Сӕ фылдӕрыл ис айнӕг къӕдзӕхтӕ ӕмӕ тропикон тар хъӕдтӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы ис 100 архайгӕ вулканы – ахӕм вулкантӕ зӕххыл уымӕй фылдӕр никуы ис.

Индонезиаг сылгоймаг йӕ сӕрыл кӕны, Индонезийы кӕй дарынц, ахӕм худ дидинджытимӕ

Цӕрджытӕ. Индонези йӕ цӕрджыты нымӕцмӕ гӕсгӕ дунейы ахсы цыппӕрӕм бынат (Китай, Инди ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты фӕстӕ). Цӕры дзы 300 адӕмыхаттӕй фылдӕр. Йӕ цӕрджытӕн се ’мбисӕй фылдӕр сты дыууӕ адӕмыхатты – явайнӕгтӕ ӕмӕ сундайнӕгтӕ.

Дин. Индонезийы цӕрджытӕн сӕ 90 проценты бӕрц сты пысылмон диныл хӕст. Иннӕтӕн та сӕ фылдӕр сты индуисттӕ, буддисттӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ. Бирӕтӕ бынӕттон дины ӕгъдӕуттӕ дӕр ӕххӕст кӕнынц.

Ӕвзаг. Архипелагыл дзурынц 700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Иумӕйаг ӕвзаг сын у индонезиаг, равзӕрд малайаг ӕвзагӕй. Адӕмӕн сӕ фылдӕр дзурынц сӕхи бынӕттон ӕвзӕгтыл дӕр.

Дзидза уӕхстытыл

Хӕдзарад. Адӕмӕй бирӕтӕ кӕнынц хъӕууон-хӕдзарадон куыстытӕ ӕмӕ кӕнынц уӕй кӕныны куыст. Бӕстӕ хъӕздыг у пайдайаг къахинӕгтӕй, хъӕдӕрмӕгӕй, нефтӕй ӕмӕ газӕй, стӕй ӕндӕр бӕстӕтӕм уымӕй фылдӕр ничи ӕрвиты каучук ӕмӕ пальмӕйы зети.

Хӕринаг. Сӕйраг хӕринаг у пырындз. Кадджын хӕринӕгтӕй иуӕй-иутӕ сты наси-горенг (сойыл фых пырындз ӕйчытӕ ӕмӕ халсартимӕ), сатэ (гыццыл уӕхстытыл физонӕг) ӕмӕ гадо-гадо (салат арахисӕй конд соусимӕ).

Климӕт. У дзы тӕвд ӕмӕ уымӕл. Дымгӕтӕ дзы фӕдымы цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ вӕййы хус кӕнӕ уымӕл рӕстӕг. Арӕх дзы сты тӕрккъӕвдатӕ.

ТЕРРИТОРИ

1 910 931 км2

ЦӔРДЖЫТӔ

256 000 000

ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 2015 АЗЫ

26 246

ИУ ХЪУСЫНГӔНӔГМӔ ХАУЫ

9 754

2015 АЗЫ ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРЫ УЫДИ

55 864

Индонезийы картӕ
    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын