Чындзӕхсӕвтӕ уыдысты хорз фадат конгресстӕ уадзынӕн
ИНДОНЕЗИ
Ӕмбырдтӕ нӕ цух кодтой
Индонезийы хъусын кӕныны бар куы нӕ уыди, уӕд ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕр фембӕлдтӕ уагътой хӕдзӕртты. Цӕмӕй цӕсты ма хаудаиккой, уый тыххӕй-иу бирӕ ӕмбырдты Паддзахады зарджытӕ нӕ зарыдысты. Пъӕлицӕйы кусджытӕ-иу иуӕй-иу хатт уыцы хӕдзӕрттӕм ӕнӕнхъӕлӕджы бамидӕг сты, фӕлӕ-иу ӕфсымӕртӕ алы хатт дӕр уӕлӕнгӕйтты аирвӕзтысты.
Ӕмбырдӕй-иу искӕмӕн чындзӕхсӕв куы уыди кӕнӕ-иу бинонтӕн исты бӕрӕгбон куы уыд, уӕд-иу арӕх ӕфсымӕртӕ уыцы фадатӕй спайда кодтой, ӕмӕ-иу конгресс ауагътой. Мӕнӕ цы радзырдта Тагор Хутасоит: «Арӕхдӕр-иу чызг ӕмӕ лӕппу сӕ къухтӕ ӕрфыстой, стӕй-иу пъӕлицӕмӕ бацыдысты, цӕмӕй сын стыр чындзӕхсӕв скӕнынӕн бар радтаиккой. Чындзӕхсӕвы рӕстӕг-иу чындз ӕмӕ сиахс, сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ се ’ввахс ӕмбӕлттӕ сценӕйыл бадтысты, ӕфсымӕртӕ та-иу дзырдтой Библийыл арӕзт раныхӕстӕ».
Иу ахӕм конгрессы Тагормӕ бацыди пъӕлицӕйы кусӕг ӕмӕ йӕ бафарста:
– Иннӕ чындзӕхсӕвтӕ дыууӕ-ӕртӕ сахаты йеддӕмӕ куы нӕ вӕййынц, уӕд сымах уӕ чындзӕхсӕвты райсомӕй изӕрмӕ цы фӕкусут?
– Сӕ цард чи баиу кӕны, уыцы ӕрыгӕттӕй кӕйдӕрты бирӕ цыдӕртӕ фӕтыхсын кӕны, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Ныхасӕй бирӕ уынаффӕтӕ фӕхъӕуы,– дзуапп ын радта Тагор.
– Уый дӕр раст у,– йӕ сӕр батилгӕйӕ загъта пъӕлицӕйы кусӕг.
1983 азы Джакартӕйы стыр стадионы ӕфсымӕртӕ ауагътой облӕстон конгресс «Паддзахады иудзинад»-ы программӕйӕ иу хай. Уымӕн сын хорз ӕфсон уыди, цалдӕр къайы чындзӕхсӕв иумӕ кӕй кодтой, уый. Конгрессы уыди 4 000 адӕймаджы бӕрц, уыдонӕй чидӕртӕ уыдысты, рӕстдзинад кӕй цымыдис кодта, ахӕмтӕ. Конгрессы размӕ донаргъуыд райстой 125 адӕймаджы. Фӕстӕдӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты афтӕ тынг куы нал хъыгдардтой, уӕд, ӕфсымӕртӕн бантыст ноджы стырдӕр конгресстӕ ауадзын. Иу конгрессы дзы уыди 15 000 адӕймагӕй фылдӕр.
Филиал аразынц, кӕд бӕстӕйы хъусын кӕныны бар нӕй, уӕддӕр
1980-ӕм азты ӕмӕ 1990-ӕм азты дӕргъы филиал иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фыста хицауадмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар радтаиккой. Ӕфсымӕртӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр фыстой Индонезийы хицауадмӕ, стӕй йӕ минӕвӕрттӕм дӕр, ӕмӕ сӕ фарстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕмӕй цы аразынц, цӕмӕй сӕ сӕ бӕстӕйы закъонхалджытыл нымайой. Хицӕуттӕй бирӕтӕ разы уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибардзинад раттыныл, фӕлӕ-иу Чырыстон динты сӕйраг управлени алы хатт дӕр афтӕ сарӕзта, цӕмӕй-иу ӕфсымӕртӕн сӕ хъуыддагӕй мацы рауадаид.
1990 азы ӕфсымӕртӕ сфӕнд кодтой исты хибар ран филиал саразын. Уыцы аз Разамонӕг совет ӕфсымӕртӕн бар радта, цӕмӕй Джакартӕйӕ иу-40 километры хуссарырдӕм, гыццыл горӕт Богормӕ ’ввахс, зӕхх балхӕдтаиккой. Фӕлӕ бынӕттон ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕр арӕзтадон куыстытӕ кӕнынмӕ нӕ арӕхстысты. Уӕдӕ филиал куыд хъуамӕ сарӕзтаиккой?
Ӕххуыс та сын бакодтой нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ. Бруклины арӕзтады хайад ӕмӕ сын Регионалон инженерон офис Австралийы скодтой арӕзтадон пълан. Уымӕй уӕлдай ма алы бӕстӕтӕй ӕрцыди, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, иу-100 ахӕм аразӕджы. Дыууӕ азы дӕргъы бынӕттон ӕфсымӕртимӕ куыстой ӕмӕ сӕ сӕ дӕсныйадыл ахуыр кодтой.
Арӕзтады хъуыддӕгты фӕдыл-иу бынӕттон хицӕуттимӕ чи ныхас кодта, уыцы индонезиаг ӕфсымӕр Хосиа Мансур радзырдта: «Пысылмон диныл хӕст хицӕуттӕ-иу мын мӕ каскӕйыл мӕ ном ӕмӕ мӕ мыггаджы фыццаг дамгъӕтӕ „Х.М.“ куы федтой, уӕд-иу хъуыды кодтой, ӕмӕ „Х“ нысан кӕны „хадзы“ – Меккӕмӕ сыгъдӕг бынатмӕ бакувынмӕ чи ацыд, ахӕм нымад пысылмоны титул. Уымӕ гӕсгӕ мын тынг аргъ кодтой. Уыцы фыст раст кӕй не ’мбӕрстой, уый фӕрцы нын нӕ куысты хабӕрттӕ кӕнын бирӕ ӕнцондӕр уыди».
Ацы филиал арӕзт ӕрцыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар куы нӕ уыд, уӕд
Филиал Хуыцауӕн снывонд кодтой 1996 азы 19 июлы. Уый фӕдыл раныхас уыд ӕфсымӕр Джон Баррӕн, Разамонӕг советӕй. Программӕмӕ байхъуыста 285 адӕймаджы. Уазджытӕй 118 адӕймаджы ӕрцыди алыхуызон бӕстӕтӕй, се ’хсӕн уыдысты вефилӕгтӕ ӕмӕ, раздӕр миссионертӕй чи лӕггад кодта, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Уыди ма дзы 59 адӕймаджы Индонезийы Вефилы бинонтӕй. Иннӕ дыууӕ боны Джакартӕйы ацыд облӕстон конгресс «Хуыцауы фарн хъусынгӕнджытӕ». Уыди дзы 8 793 конгресдзауы.
Йегъовӕ йӕ адӕмы ссӕрибар кодта
1998 азы Сухарто, бирӕ рӕстӕг Индонезийы президент чи уыди, уый, йӕ бынатӕй ацыди, ӕмӕ бӕстӕйы сӕргъы ног хицауад ӕрлӕууыд. Уӕд ӕфсымӕртӕ ноджы фылдӕр тыхтӕ ӕрӕвӕрдтой, цӕмӕй сын сӕрибарӕй архайынӕн бар радтаиккой.
2001 азы Индонезийы хицауады секретарь Джохан Эффенди уыди Нью-Йорчы. Уым Бруклины Вефилмӕ экскурсимӕ бацыд ӕмӕ Разамонӕг советӕй ӕртӕ ӕфсымӕримӕ фембӕлд. Вефилы цы федта, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ ӕргом загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хорз ном кӕй ис. Эффенди сразы ис, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар уа, ууыл, фӕлӕ ма загъта, хъуыддаг кӕнгӕ кӕй уыдзӕн, Индонезийы сӕйраг прокурор Марзуки Дарусман цы зӕгъдзӕн, уымӕй.
Сӕйраг прокурор дӕр сразы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибардзинад раттыныл, фӕлӕ прокуратурӕйы чидӕртӕ хъуыддаг аскъуыддзаг кӕныныл нӕ тагъд кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс уыди, тагъд ын йӕ бынаты ӕндӕр кӕйдӕр кӕй сӕвӕрдзысты, уымӕй. Ӕппынфӕстаг 2001 азы 1 июны ӕфсымӕр Тагор Хутасоитмӕ сӕйраг прокуроры офисмӕ фӕдзырдтой. Тагор загъта: «25 азы размӕ мын уыцы офисы радтой гӕххӕтт. Уым фыст уыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар кӕй нал ис. Фӕлӕ мын сӕйраг прокурор уыцы бон – йӕ бынаты ма фӕстаг бон куы уыди, уӕд цы гӕххӕтт радта, уым та фыст уыди, нӕ бон кӕй у сӕрибарӕй хъусын кӕнын!»
2002 азы 22 мартъийы Дины хъуыддӕгты департамент Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Индонезийы регистраци скодта. Департаменты сӕргълӕууӕг филиалы минӕвӕрттӕн загъта: «Сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар уын регистрацийы гӕххӕтт нӕ дӕтты. Уыцы сӕрибардзинад уын дӕтты Хуыцау. Ацы гӕххӕтт та ӕрмӕст ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хицауад уӕ дины ныхмӕ нӕу. Ныр сымахӕн дӕр ис, иннӕ динтӕн цы бартӕ ис, ахӕм бартӕ. Ӕмӕ уын хицауад, йӕ бон цӕмӕй уа, уымӕй ӕххуыс кӕндзӕн».