Сылгоймӕгты ӕдасдзинад. Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры?
Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр милуангай сылгоймӕгтӕ ӕмӕ чызджытӕ ӕфхӕрд ӕййафынц. Мыййаг, дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у? Базон, Хуыцау уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы ӕмӕ цы сараздзӕн, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ ӕфхӕрд мауал ӕййафой.
«Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд ахӕм бон нӕ уыд, цӕмӕй мӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр ма фӕнадтаид кӕнӕ мӕ ныхасӕй ма бафхӕрдтаид. Куы смой кодтон, уӕд та мӕ ме ’фсин ӕфхӕрдта. Мӕ лӕджы ныййарджытӕ мӕ сӕхицӕн ӕххуырст сарӕзтой. Мӕхи амарынмӕ мӕ бирӕ нал хъуыд» (Мадуa, Инди).
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организаци фехъусын кодта, сылгоймӕгты кӕм не ’фхӕрынц, иунӕг ахӕм бӕстӕ дӕр кӕй нӕй. Уыцы организаци куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, алы ӕртыккаг сылгоймаджы дӕр иу хатт уӕддӕр фӕнадтой кӕнӕ йын тыхми бакодтой.
Кӕд дӕуыл дӕр ахӕм хабар ӕрцыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕтӕрсыс, исчи та дӕ куы бафхӕра, куы дӕ фӕнӕма кӕнӕ дын тыхми куы бакӕна, уымӕй. Кӕд, сылгоймаг кӕй дӕ, ӕфхӕрд ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй ӕййафыс, уӕд, чи зоны, хъуыды кӕныс, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры цӕсты сылгоймаг ницы у. Фӕлӕ цымӕ Хуыцау дӕр сылгоймӕгтӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы?
Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ ӕфхӕрд мауал ӕййафой
Хуыцау сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы?
Стих: «[Хуыцау сӕ] сфӕлдыста... нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй» (Райдиан 1:27).
Йӕ хъуыды. Хуыцау сфӕлдыста нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр. Ӕмӕ, нӕлгоймӕгтӕн куыд аргъ кӕны, афтӕ аргъ кӕны сылгоймӕгтӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай мӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй лӕг, «йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарза йӕ усы дӕр» (Ефесӕгтӕм 5:33; Колоссӕгтӕм 3:19). Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй лӕг йӕ усӕн йӕ алы къахдзӕф дӕр хъахъхъӕна, йемӕ тызмӕг ныхас кӕна ӕмӕ йӕ ӕфхӕра. Бӕрӕг у, Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы, сылгоймӕгтӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уымӕ.
«Гыццылӕй-иу мын мӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ тыхми бакодтой. 17 азы мыл куы цыд, уӕд мӕм мӕ куысты хицау ӕртхъирӕн кодта, мемӕ ӕмуат куы не ’рцӕуай, уӕд дӕ куыстӕй атӕрдзынӕн, зӕгъгӕ. Стӕй та мӕм мӕ сӕрыхицау, мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ сыхӕгтӕ ахӕм цӕстӕй кастысты, цыма зӕххӕй сисынӕн дӕр нӕ бӕззын. Фӕлӕ фӕстӕдӕр не Сфӕлдисӕг Йегъовӕйыb базыдтон. Йегъовӕ сылгоймӕгтӕн тынг аргъ кӕны. Уымӕ гӕсгӕ мӕ бауырныдта, кӕй мӕ уарзы ӕмӕ йын зынаргъ кӕй дӕн» (Мария, Аргентинӕ).
Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас уой?
Стих: «Вӕййы ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 18:24).
Йӕ хъуыды. Ӕцӕг ӕмбал дӕ фарсмӕ балӕудзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дӕ бон у радзурын, кӕуыл ӕууӕндыс, ахӕм адӕймагӕн.
«20 азы дӕргъы никуы никӕмӕн радзырдтон, ӕвзӕр митӕ мын кӕй бакодтой, уый. Уымӕ гӕсгӕ ӕдзух уыдтӕн ӕнкъард, тыхстӕн-иу ӕмӕ-иу мӕхимӕ ныхъхъуыстон. Фӕлӕ мын мӕ зӕрдӕйы рыст чи бамбӕрстаид, ахӕм адӕймагӕн мӕ хабар куы радзырдтон, уӕд мын тынг фенцон» (Элиф, Турци).
Стих: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).
Йӕ хъуыды. Хуыцау дын дӕ куывдтытӕ хъусы (Псалом 55:22; 65:2). Хуыцау дыл тыхсы ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарай, тынг зынаргъ ын кӕй дӕ.
«Йегъовӕйы куы базыдтон, уӕд гыццылгай мӕ зӕрдӕйы арф хъӕдгӕмттӕ байгас сты. Ныр ӕм мӕ бон у кувын ӕмӕ йын алцыдӕр дзурын. Йегъовӕ у, хорз мӕ чи ’мбары, ахӕм ӕмбалы хуызӕн» (Анӕ, Белиз).
Хуыцау исты сараздзӕн, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ ӕфхӕрд мауал ӕййафой?
Стих: «Йегъовӕ... сидзӕры ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы хъуыддаг рӕстӕй равзардзӕн, цӕмӕй зӕххон адӕймаг, сыджытӕй конд адӕймаг, тас макӕйуал уадза» (Псалом 10:17, 18).
Йӕ хъуыды. Тагъд Хуыцау хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн, стӕй сылгоймӕгты дӕр ничиуал ӕфхӕрдзӕн.
«Йегъовӕ фыдхъуыддӕгтӕн тагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ чызджыты кӕй ничиуал ӕфхӕрдзӕн, уый куы базыдтон, уӕд мӕ зӕрдӕ ’рсабыр» (Робертӕ, Мексикӕ).
Библи ма нын ныфс цӕмӕй ӕвӕры? Йӕ зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис? Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн? Кӕд дӕ фӕнды ацы фарстатӕн дзуапп базонын, уӕд дын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ баххуыс кӕндзысты. Зӕгъ, цӕмӕй дӕм ӕрбацӕуой кӕнӕ сайты jw.org курдиат байдзаг кӕн.
a Нӕмттӕ ивд сты.
b Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Кӕс статья «Чи у Йегъовӕ?»