24 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
98 ЗАРӔГ Сыгъдӕг Фыстад у Хуыцауӕй
Иаковы пехуымпарадӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? (1 хай)
«Ӕрӕмбырд ут иумӕ, ӕмӕ уын ӕз радзурдзынӕн, фӕстаг бонты уӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый» (РАЙД. 49:1).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын, Иаков йӕ мӕлӕты размӕ Рувимӕн, Симеонӕн, Левийӕн ӕмӕ Иудӕйӕн цы загъта, уымӕй.
1, 2. Иаков йӕ мӕлӕты размӕ цы сарӕзта ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
ИАКОВ йӕ бинонтимӕ Ханаанӕй Египетмӕ куы ацыд, уӕд ӕрыгон нал уыд. Уый тынг цин кодта, йӕ фырт Иосифы та кӕй федта ӕмӕ та йӕ цот иууылдӕр иумӕ кӕй уыдысты, ууыл. Уыцы хабӕрттӕй рацыд 17 азы (Райд. 47:28). Ныр Иаков ӕмбары, бирӕ йын кӕй нал баззад. Ӕмӕ йӕ фырттӕм фӕдзырдта, цӕмӕй сын ахсджиаг цыдӕртӕ загътаид (Райд. 49:28).
2 Уыцы рӕстӕджыты-иу арӕх уыди афтӕ, ӕмӕ-иу бинонты хистӕр йӕ мӕлӕты размӕ йӕ бинонты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ-иу сын фӕстаг амындтӕ радта (Ис. 38:1). Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма-иу загътаид, йӕ мӕлӕты фӕстӕ бинонты хистӕр чи уыдзӕн, уый дӕр.
Иаков йӕ мӕлӕты размӕ йӕ 12 фыртӕн сӕ фидӕны тыххӕй дзуры (кӕс 1, 2 абзацтӕ)
3. Райдиан 49:1, 2 стихтӕй цы ис базонӕн?
3 Бакӕс Райдиан 49:1, 2. Фӕлӕ Иаков йӕ фырттӕн ӕнӕуи амындтӕ нӕ радта. Уый уыд пехуымпар. Ӕмӕ сын Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындӕй загъта, сӕхимӕ дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕм дӕр цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ, Иаков цы загъта, уый уыд пехуымпарад.
4. Иаков йӕ мӕлӕты размӕ цы загъта? Йӕ ныхӕстӕй нӕхицӕн зондӕн цы райсдзыстӕм, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн? (Кӕс рамкӕ дӕр «Иаковы бинонтӕ».)
4 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Иаков йӕ цыппар хистӕр фыртӕн – Руви́мӕн, Симео́нӕн, Ле́вийӕн ӕмӕ Иу́дӕйӕн – цы загъта, ууыл. Иннӕ статьяйы та дзырд цӕудзӕн, йӕ иннӕ аст фыртӕн цы загъта, ууыл. Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Иаков ӕрмӕст йӕ фыртты кой нӕ кодта, фӕлӕ ма сӕ байзӕддӕгты кой дӕр. Уыдон фӕстӕдӕр систы Израилы адӕм. Сӕ хабӕрттӕм сын куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, Иаковы пехуымпарад куыд сӕххӕст, уый. Йӕ ныхӕстӕй нӕхицӕн зондӕн цы райсдзыстӕм, уый фӕрцы та нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы зӕрдӕ тынгдӕр рухс кӕндзыстӕм.
РУВИМ
5. Рувим цавӕр бынтӕ райсын ӕнхъӕл уыдаид?
5 Иаков йӕ ныхас райдыдта Рувимӕй. Загъта йын: «Ды дӕ мӕ зӕнӕджы хистӕр» (Райд. 49:3). Рувим уыд хистӕр фырт. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ йын йӕ фыд йӕ бынтӕй дыууӕ хайы ратдзӕн. Чи зоны ма афтӕ дӕр хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ уый уыдзӕн бинонты хистӕр, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ та йӕ байзӕддӕгтӕй исчи уыдзӕн бинонты хистӕр.
6. Рувим хистӕр фырты бартӕй ӕнӕхай цӕмӕн фӕци? (Райдиан 49:3, 4).
6 Фӕлӕ Рувим хистӕр фырты бартӕй ӕнӕхай фӕци (1 Аз. 5:1). Цӕмӕн? Рахи́л куы амард, уӕд уымӕй цасдӕры фӕстӕ ӕмуат ӕрцыд Иаковы номылус Ва́ллӕимӕ (Райд. 35:19, 22). Цымӕ Рувим афтӕ цӕмӕн бакодта? Валлӕ раздӕр уыд Рахилы лӕггадгӕнӕг. Рувим та уыди Рахилы хо Ли́йӕйы фырт. Ӕмӕ, чи зоны, Валлӕимӕ ӕмуат уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Иаковӕн Валлӕ фенад уыдаид ӕмӕ йын йӕ мад Лийӕйы фылдӕр уарзтаид. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, Валлӕ йӕ зӕрдӕмӕ цыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ монцты фӕдыл ацыд. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид,– Рувим цы сарӕзта, уый Йегъовӕйы цӕсты дӕр ӕмӕ йӕ фыд Иаковы цӕсты дӕр уыд ӕлгъаг. (Бакӕс Райдиан 49:3, 4.)
7. Рувимы ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хабар куыд рауад? (Кӕс рамкӕ дӕр «Иаковы пехуымпарад».)
7 Иаков Рувимӕн загъта: «Дӕ сӕр бӕрзӕндты ма хӕсс». Ӕндӕр тӕлмацты та ацы ныхӕстӕ афтӕ сты: «Фыццаг нал уыдзынӕ» («Рагон Фӕдзӕхст», 2006 аз) ӕмӕ «Нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу» (Сыгъдӕг Фыстады чингуытӕ). Иаковы ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, Рувим йе ’фсымӕртӕй уӕлдӕр кӕй нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕй чидӕр сси кӕнӕ паддзах, кӕнӕ пехуымпар, кӕнӕ сауджын. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Иаков ӕнӕ бынтӕй нӕ ныууагъта. Рувимы байзӕддӕгтӕ систы Израилы мыггӕгтӕй сӕ иу (Йес. Н. 12:6). Ӕндӕр уавӕрты рабӕрӕг, Рувиммӕ хорз миниуджытӕ дӕр кӕй уыд. Стӕй Библийы ӕндӕр никуыуал ис фыст, ӕмӕ ма Рувим ноджыдӕр ӕнӕгъдау ми бакодта (Райд. 37:20–22; 42:37).
8. Рувимы хабарӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?
8 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Хъуамӕ буары монцтимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ нӕхи ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй хизӕм. Фӕрӕдийынӕй нын тӕссаг куы уа, уӕд-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд уымӕй Йегъовӕйы, нӕ бинонты ӕмӕ ма ноджыдӕр кӕйдӕрты зӕрдӕтӕ куыд тынг фӕриссын кӕндзыстӕм. Стӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн» (Гал. 6:7). Фӕлӕ ма нын Рувимы хабар дзурӕг у, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, ууыл дӕр. Йегъовӕ нӕ нӕ бахиздзӕн нӕ рӕдыдтыты фӕстиуджытӕй. Фӕлӕ, раст цы у, уый аразыныл куы архайӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн.
СИМЕОН ӔМӔ ЛЕВИ
9. Иаков райгонд цӕуылнӕ уыд Симеон ӕмӕ Левийӕ? (Райдиан 49:5–7).
9 Бакӕс Райдиан 49:5–7. Уый фӕстӕ Иаков йӕ ныхас аздӕхта Симеон ӕмӕ Левимӕ. Цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, райгонд сӕ кӕй нӕ уыд. Ханаа́ны ма куы цардысты, уӕд Иаковы чызг Динӕйӕн Ханааны цӕрджытӕй иу, Сихе́м, тыхми бакодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иаковы фырттӕ иууылдӕр тынг смӕсты сты, сӕ хойыл цы ’рцыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ Симеон ӕмӕ Леви сӕ масты фӕдыл ацыдысты. Уыдон горӕт Сихемы цӕрджытыл хинӕй рацыдысты. Ныфс сын бавӕрдтой, сӕ нӕлгоймӕгтӕ сунӕт куы скӕной, уӕд семӕ кӕй бафидаудзысты. Гъемӕ уыдон дӕр сразы сты ӕмӕ сунӕт скодтой. Ӕмӕ нӕма сдзӕбӕх сты, афтӕ Симеон ӕмӕ Леви «райстой сӕ хъаматӕ, бацыдысты горӕтмӕ, никӕй зӕрдӕ сӕм фехсайдта, афтӕмӕй, ӕмӕ нӕлгоймӕгты цӕгъдын райдыдтой» (Райд. 34:25–29).
10. Иаков Симеон ӕмӕ Левийы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый куыд сӕххӕст? (Кӕс рамкӕ дӕр «Иаковы пехуымпарад».)
10 Иаков тынг смӕсты, йӕ дыууӕ фырты уыйбӕрц адӕмы кӕй ныццагътой, уый тыххӕй. Уый загъта, Симеон ӕмӕ Леви кӕй ныппырх уыдзысты Израилыл. Уыцы пехуымпарад сӕххӕст, 200 азӕй фылдӕр куы рацыд ӕмӕ израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд. Симеоны мыггагӕн бынӕн лӕвӕрд ӕрцыдысты кӕцыдӕр горӕттӕ, Иудӕйы мыггаг бынӕн кӕй райста, уыцы зӕххыл (Йес. Н. 19:1). Левийы мыггагӕн та бынӕн лӕвӕрд ӕрцыд 48 горӕты. Уыдон уыдысты Израилы зӕххыл алы рӕтты (Йес. Н. 21:41).
11. Симеон ӕмӕ Левийы мыггӕгтӕ хорзӕй цы сарӕзтой?
11 Симеон ӕмӕ Левийӕн сӕ байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлтӕ цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, ахӕм тӕригъӕдтӕ нӕ сарӕзтой. Левийы мыггаг Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Моисей Сина́йы хохмӕ Йегъовӕйы закъон райсынмӕ куы ссыд, уӕд израилӕгтӕй бирӕтӕ райдыдтой сызгъӕрин родӕн кувын. Фӕлӕ йын левиттӕ нӕ бакуывтой. Ӕмӕ стӕй Моисейӕн баххуыс кодтой, сызгъӕрин родӕн чи бакуывта, уыдоны ныццӕгъдынӕн (Рац. 32:26–29). Йегъовӕ равзӕрста нӕлгоймӕгты Левийы мыггагӕй, цӕмӕй сауджынтӕй лӕггад кодтаиккой (Рац. 40:12–15; Ным. 3:11, 12). Фӕстӕдӕр израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахсын куы хъуыди, уӕд Симеоны мыггаг Иудӕйы мыггагимӕ иумӕ хъӕбатырӕй хӕцыд ханаайнӕгтимӕ (Тӕрх. 1:3, 17).
12. Симеон ӕмӕ Левийы хабарӕй нӕ бон нӕхицӕн зондӕн райсын цы у?
12 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Хъуамӕ зонӕм нӕ маст уромын. Нӕхӕдӕг кӕнӕ нӕ бинонтӕй исчи хӕрам хъуыддагыл куы сӕмбӕлы, уӕд, ай-гъайдӕр, смӕсты вӕййӕм (Пс. 4:4). Фӕлӕ нӕ масты фӕдыл куы ацӕуӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕм исты зӕгъӕм кӕнӕ саразӕм (Иак. 1:20). Уӕдӕ ӕмбырды кӕнӕ ӕндӕр искуы хӕрам хъуыддагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ архайӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Уӕд нӕ фӕрӕдидзыстӕм ӕмӕ нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй зиан никӕмӕн ӕрхӕсдзыстӕм (Ром. 12:17, 19; 1 Пет. 3:9). Кӕд дӕ ныййарджытӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынц, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ды дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнай. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ бон нӕ бауыдзӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Раст цы у, уый аразыныл куы архайай, уӕд дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дын арфӕ кӕндзӕн.
ИУДӔ
13. Иудӕ цӕмӕн фӕтыхстаид, йӕ фыд йемӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд?
13 Уый фӕстӕ та Иаков йӕ ныхас аздӕхта Иудӕмӕ. Иаков йӕ хистӕр фырттӕн цы загъта, уый фехъусгӕйӕ Иудӕ, ӕвӕццӕгӕн, тыхсын райдыдта. Уый дӕр цалдӕр стыр тӕригъӕды сарӕзта. Йе ’фсымӕртӕ горӕт Сихем куы фӕхастой, уӕд уый дӕр, ӕвӕццӕгӕн, семӕ уыд (Райд. 34:27). Иосифы куы ауӕй кодтой ӕмӕ сӕ фыды куы асайдтой, уӕд уыцы хъуыддаджы Иудӕ дӕр уыд аххосджын (Райд. 37:31–33). Фӕстӕдӕр та, йӕ фырт куы амард, уӕд йӕ чындз Фама́римӕ ӕмуат ӕрцыд. Ӕнхъӕлдта, ӕмӕ хӕтаг сылгоймаг у (Райд. 38:15–18).
14. Иудӕ хорзӕй цы сарӕзта? (Райдиан 49:8, 9).
14 Фӕлӕ йын Иаков йӕ тӕригъӕдты кой нӕ ракодта. Уый Хуыцауы разамындӕй Иудӕйӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы раппӕлыд. (Бакӕс Райдиан 49:8, 9.) Иудӕ хорзӕй дӕр цыдӕр сарӕзта. Зӕгъӕм, уый равдыста, йӕ фыды ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кодта. Стӕй йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Вениаминӕн фӕтӕригъӕд кодта (Райд. 44:18, 30–34).
15. Иаков Иудӕйы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый куыд сӕххӕст?
15 Иаков загъта, Иудӕ йе ’фсымӕртӕй уӕлдӕр кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта иу-200 азы фӕстӕ. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд Иудӕйы мыггаг цыд разӕй (Ным. 10:14). Цалдӕр дӕсазы фӕстӕ израилӕгтӕ хъуамӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахстаиккой. Ӕмӕ ханаайнӕгтимӕ схӕцынмӕ фыццаг ацыд Иудӕйы мыггаг (Тӕрх. 1:1, 2). Уымӕй уӕлдай, паддзах Давид уыди, Иудӕйы мыггагӕй чи рацыд, уыцы паддзӕхтӕй фыццаг. Фӕлӕ, Иаков Иудӕйы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый хъуамӕ сӕххӕст уыдаид ӕндӕр хуызы дӕр.
16. Райдианы 49:10 стихы цы пехуымпарад ис, уый куыд сӕххӕст? (Кӕс рамкӕ дӕр «Иаковы пехуымпарад».)
16 Иаков загъта, Иудӕйы мыггагӕй кӕй рацӕудзӕн, адӕмӕн ӕнусты дӕргъы разамынд чи дӕтдзӕн, уыцы Хицау. (Бакӕс Райдиан 49:10 ӕмӕ фиппаинаг.) Уыцы Хицауы Иаков схуыдта «Шило́», ӕмӕ уый у Йесо Чырысти. Йесойы тыххӕй зӕд загъта: «Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн» (Лук. 1:32, 33). Библийы ма Йесо хуыйны «Домбай Иудӕйы мыггагӕй» (Рарг. 5:5).
17. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?
17 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕ Иудӕйӕн раарфӕ кодта, кӕд стыр рӕдыдтытӕ сарӕзта, уӕддӕр. Чи зоны, йе ’фсымӕртӕ хъуыды кодтой, цымӕ йӕм Йегъовӕ хорзӕй цы ссардта, зӕгъгӕ. Фӕлӕ куыдфӕнды ма хъуыды кодтаиккой, уӕддӕр Йегъовӕ федта, хорзӕй йӕм цы уыд, уый, ӕмӕ йын уый тыххӕй раарфӕ кодта. Махӕн та нӕ бон куыд у Йегъовӕйы бафӕзмын? Зӕгъӕм, хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн йӕ бӕрны цавӕрдӕр кадджын хӕс куы бакӕной, уӕд, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнӕм: «Уый та куыд? Йӕ хъӕндзинӕдтӕ уыйбӕрц сты, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй». Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ йын уыны йӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ йын аргъ кӕны. Йегъовӕ фӕкӕсы, йӕ лӕггадгӕнджытӕм хорзӕй цы ис, уымӕ. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм.
18. Ахсджиаг цӕмӕн у фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын?
18 Иудӕйы хабарӕй ма нӕ бон у базонын, ахсджиаг кӕй у фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Фӕлӕ, мах куыд ӕнхъӕл вӕййӕм, алы хатт афтӕ нӕ, стӕй, мах кӕд ӕнхъӕл вӕййӕм, уӕд нӕ. Израилы адӕмӕн разамынд фыццаг чи лӕвӕрдта, уыдон Иудӕйы мыггагӕй нӕ уыдысты. Фӕлӕ уыдон иузӕрдионӕй ӕххуыс кодтой, Йегъовӕ-иу уыцы хъуыддаг кӕмӕн бахӕс кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕн: Моисейӕн (уыд Левийы мыггагӕй), Йесо На́винӕн (уыд Ефре́мы мыггагӕй) ӕмӕ паддзах Саулӕн (уыд Вениами́ны мыггагӕй). Цӕй ӕмӕ мах дӕр ӕххуыс кӕнӕм, абон Йегъовӕ разамынд дӕттынӕн кӕй равзары, уыцы ӕфсымӕртӕн (Дзут. 6:12).
19. Иаковы пехуымпарадӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам?
19 Иаков йӕ цыппар фыртӕн цы пехуымпарӕдтӕ загъта, уыдонӕй цы базыдтам? «Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы» (1 Сам. 16:7). Йегъовӕ у тынг фӕразон ӕмӕ хатыргӕнаг. Уый ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Фӕлӕ нӕ ӕххӕстдзинад нӕ домы. Йегъовӕйӕн йӕ бон у суанг уӕззау тӕригъӕд дӕр ныххатыр кӕнын, кӕд адӕймаг ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ, раст цы у, уый аразын райдыдта, уӕд. Иннӕ статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм, Иаков йӕ иннӕ аст фыртӕн цы загъта, ууыл.
124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм