25 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
96 ЗАРӔГ Хуыцауы чиныг –стыр хӕзна
Иаковы пехуымпарадӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? (2 хай)
«Раарфӕ сын кодта, алкӕмӕн дӕр сӕ куыд ӕмбӕлд, афтӕ» (РАЙД. 49:28).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын, Иаков йӕ мӕлӕты размӕ Завулонӕн, Иссахарӕн, Данӕн, Гадӕн, Асирӕн, Неффалимӕн, Иосифӕн ӕмӕ Вениаминӕн цы загъта, уымӕй.
1. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
ИАКОВӔН йӕ фырттӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыстой, сӕ зӕронд фыд дзы алкӕмӕн дӕр куыд арфӕ кӕны, уымӕ. Айразмӕйы статьяйы куыд загъд уыд, афтӕмӕй Иаков Руви́мӕн, Симео́нӕн, Ле́вийӕн ӕмӕ Иу́дӕйӕн цы загъта, ууыл, ӕвӕццӕгӕн, бадис кодтой. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодтой, йӕ иннӕ аст фыртӕн та цы зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ. Гъемӕ уӕдӕ базонӕм, Иаков Завуло́нӕн, Иссаха́рӕн, Да́нӕн, Га́дӕн, Аси́рӕн, Неффали́мӕн, Ио́сифӕн ӕмӕ Вениами́нӕн цы загъта, уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсынa.
ЗАВУЛОН
2. Иаков Завулонӕн куыд раарфӕ кодта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты? (Райдиан 49:13). (Кӕс рамкӕ дӕр.)
2 Бакӕс Райдиан 49:13. Иаковы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Завулоны байзӕддӕгтӕ цӕрдзысты денджызы былгӕрон, Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йӕ цӕгатырдыгӕй. Ӕмӕ уымӕй 200 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд сын ӕцӕгдӕр лӕвӕрд ӕрцыд зӕххытӕ Галилейӕйы денджызы ӕмӕ Зӕххастӕу денджызы ’хсӕн. Моисей та загъта ахӕм пехуымпарад: «Цин кӕн, Завулон, куы рацӕуыс, уӕд» (Дык. з. 33:18). Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ, Завулоны мыггаг дыууӕ денджызы ’хсӕн кӕй цӕрдзӕн, уый фӕрцы йын хорз цӕудзӕн базарад. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, Завулоны байзӕддӕгтӕн хорз цард уыдаид. Ӕмӕ хъуамӕ сӕ цардӕй райгонд уыдаиккой.
3. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй райгонд уӕм, цы нӕм ис, уыдӕттӕй?
3 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Кӕмфӕнды кӕнӕ цавӕрфӕнды уавӕрты ма цӕрӕм,– нӕ царды алкӕддӕр вӕййы, нӕ бон цин кӕнын цӕуыл у, ахӕм хорз цыдӕртӕ. Ӕмӕ цӕмӕй алкӕддӕр амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм райгонд, цы нӕм ис ӕмӕ нӕ царды хорзӕй цы ис, уыдӕттӕй (Пс. 16:6; 24:5). Иуӕй-иу хатт адӕймаг фылдӕр хъуыды кӕнын райдайы, цы йын нӕй, уыдӕттыл. Уӕдӕ-иу цыфӕнды уавӕрты дӕр хъуамӕ ма рох кӕнӕм, хорзӕй нӕм цы ис, уый (Гал. 6:4).
ИССАХАР
4. Иаков Иссахарӕн куыд раарфӕ кодта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты? (Райдиан 49:14, 15). (Кӕс рамкӕ дӕр.)
4 Бакӕс Райдиан 49:14, 15. Иаков Иссахарӕй раппӕлыд, уӕззау куыст кӕнынмӕ кӕй нӕ зивӕг кодта, уый тыххӕй. Схуыдта йӕ «фидар хӕрӕг». Цӕмӕн? Зонӕм ӕй, хӕрӕгӕн йӕ бон кӕй у уӕззау уӕргътӕ хӕссын. Иаков ма загъта, Иссахар кӕм цӕрдзӕн, уый диссаджы зӕхх кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ дӕр сӕххӕст сты. Иссахары байзӕддӕгтӕн лӕвӕрд ӕрцыд хъӕздыг зӕхх Иорданы цӕугӕдоны раз (Йес. Н. 19:22). Ӕмӕ-иу Иссахары мыггаг сӕ зӕхх хорз бакуыстой, бирӕ фыдӕбон кодтой. Стӕй-иу цӕттӕ уыдысты иннӕты тыххӕй дӕр цыдӕр саразынмӕ (1 Пад. 4:7, 17). Зӕгъӕм, тӕрхонгӕнӕг Вара́к ӕмӕ ус-пехуымпар Дево́рӕ израилӕгтӕм куы фӕсидтысты, цӕмӕй Сиса́рӕимӕ схӕцыдаиккой, уӕд Иссахары мыггаг дӕр фӕстӕ нӕ фӕлӕууыд (Тӕрх. 5:15).
5. Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ цӕмӕн хъуамӕ фыдӕбон кӕнӕм?
5 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕ тынг аргъ кодта, Иссахары мыггаг куыстуарзаг кӕй уыдысты ӕмӕ бирӕ кӕй фыдӕбон кодтой, уымӕн. Ӕмӕ абон дӕр нӕ лӕггадӕн ӕмӕ нӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны (Еккл. 2:24). Райсӕм, ӕмбырд кӕй бар ис, уыцы ӕфсымӕрты (1 Тим. 3:1). Уыдоны ӕцӕг хӕстыты хӕцын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ сӕ хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы бахъахъхъӕной, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй (1 Кор. 5:1, 5; Иуд. 17–23). Стӕй ма сӕ фӕхъӕуы бирӕ архайын, цӕмӕй бацӕттӕ кӕной раныхӕстӕ ӕмӕ-иу ӕмбырд бафидар кӕной (1 Тим. 5:17).
ДАН
6. Даны мыггагыл цавӕр хӕс уыд? (Райдиан 49:17, 18). (Кӕс рамкӕ дӕр.)
6 Бакӕс Райдиан 49:17, 18. Иаков Даны абарста калмимӕ, йӕхицӕй стырдӕр цӕрӕгойтыл, зӕгъӕм, бӕхыл, чи фӕхӕцы, ахӕмимӕ. Даны мыггаг уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ ӕмӕ-иу цӕттӕ уыдысты Израилы знӕгтимӕ схӕцынмӕ. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд Даны мыггаг цыди се ’ппӕты фӕстӕ. «Уыдон фӕстӕрдыгӕй хъахъхъӕдтой мыггӕгты» (Ным. 10:25). Даны мыггаг йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кодта, уый израилӕгтӕй бирӕтӕ нӕ уыдтой. Фӕлӕ сӕ бар тынг ахсджиаг хъуыддаг уыд.
7. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы хӕстӕ феххӕст кӕнӕм, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
7 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Чи зоны дӕм цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дӕ ӕппындӕр ничи уыны, зӕгъӕм, Паддзахады зал куы фефснайыс, исты дзы куы фӕцалцӕг кӕныс, конгрессы цӕмӕйдӕр куы феххуыс кӕныс кӕнӕ ӕндӕр цавӕрдӕр хъуыддаг куы фӕаразыс, уӕд. Ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй фӕаразыс, уый тынг хорз у. Фӕлӕ дӕ рох макуы уӕд: Йегъовӕ уыны, уый тыххӕй цыдӕриддӕр аразыс, уыдӕттӕ. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕн тынг аргъ кӕны. Уӕлдай ӕхсызгон та йын вӕййы, нӕ лӕггадӕй куы равдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый ӕмӕ куы нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕй нӕ ӕппӕлдзысты, уымӕ (Матф. 6:1–4).
ГАД
8. Зӕрдӕвӕрд зӕххыл Даны мыггагӕн тӕссаг цӕмӕн уыд, кӕй сӕм бабырсдзысты, уымӕй? (Райдиан 49:19). (Кӕс рамкӕ дӕр.)
8 Бакӕс Райдиан 49:19. Иаков загъта, Гадмӕ абырджытӕ кӕй лӕбурдзысты. Уымӕй 200 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд Гады мыггагӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххытӕ Иорданы цӕугӕдоны скӕсӕн фарс. Уырдӕм хӕстӕг та цардысты Израилы адӕмы знӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Гады мыггагӕн тӕссаг уыд, кӕй сӕм ӕрбабырсдзысты, уымӕй. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр уым фӕндыд цӕрын, уымӕн ӕмӕ дзы сӕ фосӕн хорз хизӕнтӕ уыд (Ным. 32:1, 5). Куыд зыны, афтӕмӕй Гады мыггаг тынг хъӕбатыр адӕм уыдысты. Стӕй сӕ ныфс дардтой Йегъовӕйыл – нӕ дызӕрдыг кодтой, кӕй сын баххуыс кӕндзӕн, цы зӕхх сын радта, уый се знӕгтӕй бахъахъхъӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма бирӕ азты дӕргъы иннӕ мыггӕгтӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй бацахстаиккой зӕххытӕ Иорданы фаллаг фарс дӕр (Ным. 32:16–19). Уыдон нӕ дызӕрдыг кодтой, цалынмӕ не ’рыздӕхой, уӕдмӕ сын Йегъовӕ сӕ устыты ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты кӕй хъахъхъӕндзӕн. Йегъовӕ сын раарфӕ кодта сӕ хъӕбатырдзинады ӕмӕ сӕ удуӕлдайдзинады тыххӕй (Йес. Н. 22:1–4).
9. Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд уый нӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?
9 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Цӕмӕй зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй йыл хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдӕ дарӕм (Пс. 37:3). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ зӕрдиагӕй феххуыс кӕнынц нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн, ацӕуынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр феххуыс кӕнынц. Уый сын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уыдон сӕ зӕрдӕ дарынц Йегъовӕйыл ӕмӕ зонынц, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн (Пс. 23:1).
АСИР
10. Асиры мыггаджы кӕдӕм нӕ бафӕндыд ацӕуын? (Райдиан 49:20). (Кӕс рамкӕ дӕр.)
10 Бакӕс Райдиан 49:20. Иаков загъта, Асиры мыггаг кӕй схъӕздыг уыдзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Цы зӕххытӕ сӕм ӕрхауд, уыдон тынг хъӕздыг зӕххытӕ уыдысты (Дык. з. 33:24). Иуырдыгӕй сын уыди Зӕххастӕу денджыз. Ӕмӕ сӕ зӕххыл уыди хъӕздыг наулӕууӕн горӕт Сидон дӕр. Фӕлӕ Асиры мыггаг йӕ зӕххӕй ханаайнӕгты нӕ фӕсырдта (Тӕрх. 1:31, 32). Ӕмӕ сыл уыцы адӕм тынг бандӕвтой. Гъемӕ уый тыххӕй, стӕй, кӕй схъӕздыг сты, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй дӕр Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ нал лӕггад кодтой. Зӕгъӕм, Варак израилӕгтӕм куы фӕсидт, цӕмӕй ханаайнӕгты ныхмӕ йемӕ хӕстмӕ рацыдаиккой, уӕд Асиры мыггаг нӕ рацыд. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ федтой, Йегъовӕ «Мегиддойы дӕтты раз» израилӕгтӕн диссаджы хуызы куыд баххуыс кодта ӕмӕ куыд фӕуӕлахиз сты, уый (Тӕрх. 5:19–21). Ӕмӕ, хӕрзаг, Асиры мыггагӕн сӕ цӕсгом сыгъд, Варак ӕмӕ Деворӕ уӕлахизы зарӕджы куы зарыдысты, зӕгъгӕ, «Асир йӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй бадти денджызы был» (Тӕрх. 5:17).
11. Ӕхцатӕ нын ӕппӕты сӕйраг цӕуылнӕ сты?
11 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Мах фӕнды Йегъовӕйӕн, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый дӕттын. Уый тыххӕй та хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм ацы дунейы адӕмы зондахастӕй. Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй дӕм уа ӕхца. Ӕхцайӕ, дам, дӕ бон у алцыдӕр балхӕнын (Ӕмб. 18:11). Фӕлӕ мах архайӕм, цӕмӕй ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕхца дӕр куыннӕ хъӕуы. Фӕлӕ ӕхцатӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр не сты (Еккл. 7:12; Дзут. 13:5). Ӕнӕмӕнг цы нӕу, уыдӕттӕ самал кӕныныл куы архайӕм, уӕд нӕ уый хъыгдардзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Мах та фӕнды нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн дӕттын. Мах ӕй зонӕм, ӕцӕг хорз цард ног дунейы кӕй уыдзӕн (Пс. 4:8).
НЕФФАЛИМ
12. Иаков Неффалимӕн цы загъта, уый, ӕвӕццӕгӕн, куыд сӕххӕст? (Райдиан 49:21). (Кӕс рамкӕ дӕр.)
12 Бакӕс Райдиан 49:21. Иаков загъта, Неффалим кӕй дзурдзӕн «рӕсугъд ныхӕстӕ». Ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, амыдта, Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, уымӕ. Йесо, дӕсны Ахуыргӕнӕг, ӕрцард Неффалимы мыггаджы зӕххыл, горӕт Капернаумы (Матф. 4:13; 9:1; Иоан. 7:46). Исай та Йесойы тыххӕй ныффыста, Завулоны ӕмӕ Неффалимы адӕм кӕй фендзысты «ӕмбисонды рухс» (Ис. 9:1, 2). Ӕмӕ Йесо адӕмӕн цы амыдта, уыдӕтты фӕрцы ӕцӕгдӕр уыд, «алыхуызон адӕмӕн рухс чи хӕссы, уыцы ӕцӕг рухс» (Иоан. 1:9).
13. Нӕ бон куыд у, цы фӕдзурӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?
13 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, цы фӕдзурӕм ӕмӕ йӕ куыд фӕдзурӕм, уымӕ. Нӕ бон куыд у, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм «рӕсугъд ныхӕстӕ» дзурын? Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ сайгӕ ма кӕнӕм ӕмӕ дзурӕм, ӕцӕг цы у, уый (Пс. 15:1, 2). Стӕй хъуамӕ нӕ ныхӕстӕй иннӕты фидар кӕнӕм, зӕгъӕм, сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй-иу сӕ раппӕлӕм. Фаутӕ хӕссынмӕ ӕмӕ хъаст кӕнынмӕ та тагъд ма кӕнӕм (Еф. 4:29). Нӕ бон ма у нӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй ноджы хуыздӕр сахуыр уӕм адӕмимӕ ныхас кӕнын райдайын. Ӕмӕ нын уӕд хуыздӕр уайдзӕн семӕ хорз хабары тыххӕй аныхас кӕнын дӕр.
ИОСИФ
14. Иаков Иосифы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый куыд сӕххӕст? (Райдиан 49:22, 26). (Кӕс рамкӕ дӕр.)
14 Бакӕс Райдиан 49:22, 26. Ӕвӕццӕгӕн, Иаков Иосифӕй тынг сӕрыстыр уыд. Йегъовӕ йӕ равзӕрста «йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй». Иаков ӕй схуыдта «дыргъбӕласы тала». «Бӕлас» уыд Иаков йӕхӕдӕг, Иосиф та – йӕ «тала». Иосиф уыд Иаковы уарзон ус Рахилы хистӕр фырт. Иаков загъта, Иосиф бынӕн кӕй райсдзӕн дыууӕ хайы, ома, Рувиммӕ цы ’мбӕлд, уый (Райд. 48:5, 6; 1 Аз. 5:1, 2). Ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст? Иосифы фырттӕй, Ефрем ӕмӕ Манассийӕ, рацыд дыууӕ мыггаджы. Ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл хӕйттӕ дыууӕ мыггаджы дӕр райстой (Райд. 49:25; Йес. Н. 14:4).
15. Иосиф йӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй каст?
15 Иаков ма Иосифы тыххӕй афтӕ дӕр загъта: «Фатӕхсджытӕ йыл сӕхи ныццавтой, ӕхстой йӕ ӕмӕ йӕм сӕ зӕрдӕйы маст хастой» (Райд. 49:23). Уыдон уыдысты йе ’фсымӕртӕ, утӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕ кӕй тыххӕй бавзӕрста, уыдон. Фӕлӕ сӕм Иосиф йӕ зӕрдӕйы маст нӕ хаста ӕмӕ йӕ зындзинӕдты Йегъовӕйы нӕ аххосджын кодта. Иаков Иосифы тыххӕй загъта: «Йе ’рдын нӕ фӕтасыд ӕмӕ йӕ къухтӕ уыдысты фидар ӕмӕ рӕвдз» (Райд. 49:24). Зындзинӕдты рӕстӕг Иосиф йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. Ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн сӕ тӕригъӕд ныххатыр кодта. Стӕй ма сӕм хӕларзӕрдӕдзинад дӕр равдыста (Райд. 47:11, 12). Уый зындзинӕдтӕн йӕ зӕрдӕ фӕхъӕбӕр кӕнын нӕ бауагъта, фӕлӕ, цы уыд, уымӕй хуыздӕр сси (Пс. 105:17–19). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ Иосифы уылты диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта.
16. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын Иосифы хабар куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
16 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр-иу Йегъовӕйӕ ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ма адард уӕм. Стӕй хъуамӕ иу цыдӕр ма рох кӕнӕм: ахӕм рӕстӕджыты нӕ Йегъовӕ, гӕнӕн ис, цӕуылдӕр сахуыр кӕна (Дзут. 12:7). Вӕййы нын фадат, цӕмӕй нӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнӕм, зӕгъӕм, сахуыр уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын ӕмӕ хатыр кӕнын (Дзут. 12:11). Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын Йегъовӕ кӕй раарфӕ кӕндзӕн, Иосифӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ.
ВЕНИАМИН
17. Иаков Вениамины тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый куыд сӕххӕст? (Райдиан 49:27). (Кӕс рамкӕ дӕр.)
17 Бакӕс Райдиан 49:27. Иаков Вениамины мыггаг абарста бирӕгъимӕ. Уый амыдта, дӕсны хӕстонтӕ кӕй уыдзысты, уымӕ (Тӕрх. 20:15, 16; 1 Аз. 12:2). Иаков ма загъта: «Райсомӕй хӕрдзӕн, цы ’рцахса, уый». Ацы пехуымпарад сӕххӕст, Саул Израилы фыццаг паддзах куы сси, уӕд. Уый уыди Вениамины мыггагӕй ӕмӕ филистимӕгтимӕ хъӕбатырӕй тох кодта (1 Сам. 9:15–17, 21). Стӕй ма Иаков загъта: «Изӕрӕй-иу адих кӕндзӕн, йӕ къухы цы бафта, уый». Уый та сӕххӕст бирӕ азты фӕстӕ, Есфи́р ӕмӕ Мардохе́йы рӕстӕджы, Израилы паддзӕхтӕ куы нал уыд, уӕд. Уыдон дӕр уыдысты Вениамины мыггагӕй ӕмӕ израилӕгты фервӕзын кодтой (Есф. 2:5–7; 8:3; Есф. 10:3).
18. Нӕ бон куыд у равдисын, мах дӕр Вениамины мыггаджы хуызӕн иузӕрдион кӕй стӕм?
18 Нӕ бон дзы цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Вениамины мыггаг, ӕвӕццӕгӕн, тынг цин кодтой, сӕ мыггагӕй чидӕр Израилы паддзах кӕй сси, ууыл. Фӕлӕ уый фӕстӕ Йегъовӕ паддзахӕй сӕвӕрдта Давиды, уый та уыд Иудӕйы мыггагӕй. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Вениамины мыггаг ног паддзахы фарс слӕууыдысты (2 Сам. 3:17–19). Бирӕ азты фӕстӕ дӕс мыггаджы Иудӕйы мыггаджы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Вениамины мыггаг рахӕцыд Иудӕйы мыггаджы ӕмӕ Йегъовӕйы ӕвӕрд паддзахы фарс (1 Пад. 11:31, 32; 12:19, 21). Цӕй уӕдӕ-иу мах дӕр иузӕрдион уӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй бар бакодта ӕмӕ нын разамынд чи дӕтты, уыдоныл (1 Фес. 5:12).
19. Иаковы пехуымпарад нын стыр ӕххуыс цӕмӕн фӕуыдзӕн?
19 Иаков йӕ мӕлӕты размӕ цы пехуымпарад загъта, уый нын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Мах зонӕм, йӕ ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты, уый. Ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бауырныдта, Йегъовӕйы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Йегъовӕ Иаковы фырттӕн куыд раарфӕ кодта, уый фӕрцы та ноджы хуыздӕр бамбӕрстам, цы аразын нӕ хъӕуы, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм.
128 ЗАРӔГ Кӕронмӕ фидар лӕуу
a Иаков Рувимӕн, Симеонӕн, Левийӕн ӕмӕ Иудӕйӕн раарфӕ кодта хистӕрӕй кӕстӕрмӕ. Фӕлӕ йӕ иннӕ аст фыртӕн куы арфӕ кодта, уӕд афтӕ нал бакодта.