Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb15 160 ф.–161 ф., 1 абз.
  • Йегъовӕ бирӕ адӕмы зӕрдӕтӕ байгом кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ бирӕ адӕмы зӕрдӕтӕ байгом кодта
  • 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Тохгӕнӕг атеист Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдта
    2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb15 160 ф.–161 ф., 1 абз.

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Йегъовӕ бирӕ адӕмы зӕрдӕтӕ байгом кодта

Леонардо Амор

  • РАЙГУЫРД: 1943 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1961 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ. Рӕстдзинад базыдта ӕрыгонӕй, ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны 50 азӕй фылдӕр.

Ныв 160 фарсыл

ДОНАРГЪУЫД райстон 1961 азы, Трухильойы куы амардтой, уымӕй иу мӕйы фӕстӕ. Уыцы рӕстӕг университеты юристыл ахуыр кодтон. Мӕ фыды фӕндыд, цӕмӕй ахуыры фӕстӕ юристӕй кусын райдыдтаин. Фӕлӕ ӕз ӕмбӕрстон, Хуыцау мӕ цӕуыл сахуыр кӕна, ууыл мӕ иу университет дӕр кӕй нӕ сахуыр кӕндзӕн. Гъемӕ ӕз дӕр мӕ ахуыр ныууагътон, кӕд мӕ фыд уый ныхмӕ уыд, уӕддӕр. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ сӕрмагонд пионерӕй снысан кодтой.

Цы горӕтты лӕггад кодтон, уыдонӕй иу уыд Ла-Вегӕ – католикон аргъуан фидар уидӕгтӕ кӕм ауагъта, уыцы горӕт. Цалынмӕ дзы лӕггад кодтон, уӕдмӕ иу адӕймаг дӕр рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айста. Раныхас-иу мын куы уыд, уӕд-иу дзы, кӕимӕ лӕггад кодтон, уыцы пионеры йеддӕмӕ ничи уыд. Фӕлӕ-иу мын Йегъовӕ ӕххуыс кодта, Библи кӕй иртӕстон ӕмӕ-иу ӕм зӕрдӕбынӕй кӕй куывтон, уый фӕрцы, стӕй конгресстӕм кӕй цыдтӕн, уый фӕрцы дӕр. Куы-иу куывтон, уӕд-иу загътон, тӕхуды, Йегъовӕ, Ла-Вегӕйы искуы ӕмбырд куы фӕзынид, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мын тынг ӕхсызгон у, ныр дзы кӕй ис 6 Паддзахады залы, 14 ӕмбырды ӕмӕ 800 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр.

1956 азы мӕ цард баиу кодтон Анхелӕимӕ, ӕмӕ нӕ 1981 азы Вефилмӕ фӕхуыдтой. Донаргъуыд куы райстон, уӕд Доминиканы Республикӕйы уыд ӕрмӕстдӕр 681 хъусынгӕнӕджы. Ныр та дзы ис 36 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр, ӕмӕ нӕм конгрессты вӕййы мингай адӕм. Йегъовӕ уыйбӕрц адӕмы зӕрдӕтӕ куыд байгом кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд тынг дис фӕкӕнын.

Ныв 161 фарсыл

Филиалы комитет (галиуырдыгӕй рахизырдӕм): Райнер Томпсон, Хуан Криспин, Томас Дин, Леонел Пегеро, Леонардо Амор ӕмӕ Ричард Стоддард

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын