Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • hdu 5 статья
  • Хъуаг кӕм ӕййафынц, уым сӕм фӕкӕсынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъуаг кӕм ӕййафынц, уым сӕм фӕкӕсынц
  • Уӕ мысайнӕгтӕ цӕуыл хардз цӕуынц
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйӕ бузныг стӕм уӕ уарзондзинады тыххӕй
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Алцыдӕр кӕй къухы ис, уымӕн нӕ бон раттын цы у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Куыд у нӕ бон баххуыс кӕнын?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Рӕдауӕй дӕттут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
Фылдӕр фенын
Уӕ мысайнӕгтӕ цӕуыл хардз цӕуынц
hdu 5 статья
Къамтӕ: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр цы куыст кӕнынц, уый. 1. Ӕрыгон ӕфсымӕр дыууӕ гыццыл лӕппуйӕн нӕ публикацитӕй иуӕй цыдӕр ӕвдисы. 2. Алыхуызон публикацитӕ. 3. Лӕг ӕмӕ ус иу нӕлгоймагӕн хъусын кӕнынц. 4. Ӕфсымӕр иу нӕлгоймагӕн Библийӕ стих кӕсы

УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ

Хъуаг кӕм ӕййафынц, уым сӕм фӕкӕсынц

2020 АЗ, 1 ОКТЯБРЬ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 200 бӕстӕйӕ фылдӕры ахсджиаг куыст кӕнынц, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕной. Фӕлӕ уыцы бӕстӕтӕй ӕрмӕстдӕр иу-35 фаг кӕнынц сӕхи мысайнӕгтӕ сӕ хӕрдзтӕ ӕмбӕрзынӕн. Ӕмӕ уӕд иннӕ бӕстӕтӕ та сӕ хӕрдзтӕ куыд ӕмбӕрзынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет йӕ хъус дары, ӕгас дунейы дӕр се ’мчырыстӕтты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн цы хъӕуы, уымӕ. Ӕфсымӕртӕ бӕстон спълан кӕнынц, мысайнӕгтӕ цӕуыл бахардз кӕндзысты, уый ӕмӕ стӕй уыцы пъланмӕ гӕсгӕ фӕархайынц. Искӕцы филиалмӕ йӕ территорийы хӕрдзтӕ бамбӕрзынӕй фылдӕр мысайнӕгтӕ куы ’рцӕуы, уӕд сӕ арвитынц, цӕмӕй мӕгуырдӕр бӕстӕты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕной. Афтӕмӕй фӕзмынц фыццаг чырыстӕтты. Уыдон дӕр-иу кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ «уӕргътӕ ӕмхуызон» уыдаиккой (2 Коринфӕгтӕм 8:14). Бирӕ-иу кӕмӕ уыд, уыдон-иу фӕкастысты, хъуаг чи ӕййӕфта, уыцы чырыстӕттӕм.

Ӕндӕр бӕстӕты филиалтӕ кӕмӕн баххуыс кодтой, уыцы ӕфсымӕртӕ цы зӕгъынц? Зӕгъӕм, Танзанийы цӕрджытӕн се ’мбисӕй фылдӕр алы бон цы ӕхцайӕ цӕрынц, уый у дыууӕ доллӕрӕй къаддӕр. Ӕмӕ иннӕ бӕстӕты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты мысайнӕгтӕй сцалцӕг кодтой, ӕмбырд «Мафингӕ» кӕм фембырд кӕны, уыцы зал. Уыцы ӕмбырд ныффыста: «Нӕ зал куы сцалцӕг кодтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕм фылдӕр адӕм цӕуын райдыдта. Йегъовӕйы организацийӕ ӕмӕ нын ӕппӕт зӕххы къорийыл дӕр цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕй тынг бузныг стӕм сӕ рӕдаудзинады тыххӕй. Ахӕм рӕсугъд зал нын уыдоны фӕрцы ис».

Шри-Ланкӕйы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕ коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй хӕринагхъуаг ӕййафын райдыдтой. Ахӕм уавӕры уыдысты хо Имарӕ Фернандо ӕмӕ йӕ лӕппу Инош дӕр. Фӕлӕ сын ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрвыст мысайнӕгты фӕрцы баххуыс кодтой. Имарӕ ӕмӕ Инош открыткӕ скодтой ӕмӕ дзы ныффыстой: «Мах бузныг стӕм, ацы уӕззау рӕстӕг нӕм уарзондзинад чи равдыста, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй. Тынг амондджын стӕм, ахӕм бинонтӕ нын кӕй ис, ӕмӕ ӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй сын ацы фӕстаг бонты ӕххуыс кӕна».

Имарӕ йӕ фырт Иношимӕ. Иношы къухы открыткӕ; открыткӕйыл фыст ис «Стыр бузныг!»

Имарӕ ӕмӕ Инош Фернандо

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ кӕмфӕнды ма цӕрой – се ’ппӕты дӕр фӕнды, цы сӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын. Зӕгъӕм, Инош йӕхицӕн мысайнӕгты къопп скодта, цӕмӕй-иу баххуыс кӕна, ӕххуысхъуаг чи у, уыцы бинонтӕн. Ахӕм рӕдаудзинад ӕвдисы Гваделупӕ Альварес дӕр. Гваделупӕ у Мексикӕйӕ. Кӕм цӕры, бӕстӕйы уыцы хайы адӕм тынг гыццыл мызд исынц кӕнӕ та хатт сӕ бон ӕхца бакусын дӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр Гваделупӕ мысайнаг ратты, йӕ бон цас у, уыйбӕрц. Гваделупӕ ныффыста: «Йегъовӕйӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй ӕмӕ йе ’нувыд уарзты тыххӕй тынг бузныг дӕн. Ӕз ӕй зонын, мӕ мысайнӕгтӕ дӕр иннӕ мысайнӕгтӕм кӕй бафтаудзысты ӕмӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн кӕй баххуыс кӕндзысты».

Филиалтӕн ӕхсызгон у, ӕххуыс кӕмӕн хъӕуы, уыцы бӕстӕтӕн ӕхца ӕрвитын. Бразилийы филиалы комитеты чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕй иу, Энтони Карвалью, зӕгъы: «Бирӕ азты дӕргъы нӕ иннӕ бӕстӕты ӕххуыс хъуыди. Кӕй нын ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы нӕ хъусынгӕнджыты нымӕц тынг сырӕзт. Ныр нӕ уавӕр фӕивта, ӕмӕ нӕхи бон у иннӕ бӕстӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ хъус дарынц, ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕ ӕмӕ ӕмбарынц, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у уыцы хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын».

Хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у мысайнӕгтӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн дӕттын, ӕхца ӕндӕр бӕстӕйы филиалмӕ ӕрвитын нӕ, фӕлӕ. Мысайнаг ныппарӕн ис ӕмбырды мысайнӕгты асыччы ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн кӕнӕ та йӕ ис арвитӕн сайты уылты donate.jw.org. Мах тынг аргъ кӕнӕм уӕ мысайнӕгтӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын