Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
Хъусинӕгтӕ
Фӕзынд ног ӕвзгыл: Shan
  • Абон

Ӕртыццӕг, 1 октябрь

Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... у... коммӕгӕс (Иак. 3:17).

Ӕнцон дын вӕййы алы хатт коммӕгӕсдзинад ӕвдисын? Паддзах Давидӕн уый алкӕд ӕнцон нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ куывта: «Мӕ зӕрдӕйы [мын] ссудз зынг, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын» (Пс. 51:12). Давид Йегъовӕйы уарзта, фӕлӕ-иу ын уӕддӕр хатт зын уыд йӕ коммӕ кӕсын. Ӕмӕ махӕн дӕр уый хатт зын вӕййы. Цымӕ цӕмӕн? Фыццаг уый, ӕмӕ нӕ туджы рахастам ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй арӕх нӕ фӕфӕнды иннӕты коммӕ кӕсын. Дыккаг: Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуӕм, уый йӕ ныхмӕ куыд рацыд, афтӕ (2 Кор. 11:3). Ӕртыккаг: нӕ алыварс адӕм сты ӕгоммӕгӕс, ӕмӕ ныл сӕ зондахаст бандавы (Еф. 2:2). Уӕдӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй тох кӕнӕм не ’нӕххӕстдзинады, Хӕйрӕджы ӕмӕ ацы дунейы ныхмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ, цавӕрдӕр бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсӕм. w23.10 6 ф., 1 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 2 октябрь

Ды... хорз сӕн нырмӕ ныууагътай (Иоан. 2:10).

Йесо чындзӕхсӕвы цы диссаг сарӕзта, уый нын цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ Йесойау сӕрныллӕг уӕм. Йесо йӕхицӕй не ’ппӕлыд. Уӕвгӕ, цыфӕнды ма сарӕзтаид, йӕхицӕй никуы ӕппӕлыд. Уый уыд сӕрныллӕг ӕмӕ алкӕддӕр кадджын кодта йӕ Фыды (Иоан. 5:19, 30; 8:28). Мах дӕр Йесойы куы фӕзмӕм ӕмӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд, цы нын бантыст, уымӕй никуы ӕппӕлдзыстӕм. Хъуамӕ нӕхицӕй макуы ӕппӕлӕм, фӕлӕ сӕрыстыр уӕм, ахӕм диссаджы Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй (Йер. 9:23, 24). Хъуамӕ уый кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ницы бантыстаид (1 Кор. 1:26–31). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, цӕмӕй, цы сарӕзтам, уый тыххӕй нӕ иннӕтӕ ӕппӕлой. Цы аразӕм, уый Йегъовӕ уыны ӕмӕ йын аргъ кӕны, ӕмӕ хъуамӕ ууыл цин кӕнӕм. (Абар Матфейы 6:2–4; Дзут. 13:16.) Йесойау сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн (1 Пет. 5:6). w23.04 4 ф., 9 абз.; 5 ф., 11, 12 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 3 октябрь

Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4).

Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй хъуыды кӕной, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл. Нӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ фембӕлды рӕстӕг архайын? Нӕ зӕрдыл-иу дарӕм, иннӕты дӕр махау кӕй фӕфӕнды дзуапп раттын. Ахӕм цӕвиттоныл ахъуыды кӕнӕм. Де ’мбӕлттимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд ӕрмӕстдӕр дӕхӕдӕг фӕдзурыс, ӕви уыдонӕн дӕр раттыс дзырды бар? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕфӕнды дӕ, цӕмӕй уыдон дӕр истытӕ дзурой. Раст афтӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу ӕмбырды фылдӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дзуапп раттой. Фадат-иу сын куы раттӕм, цӕмӕй сӕ дзуаппытӕй сӕ уырнындзинад равдисой, уӕд-иу афтӕмӕй дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн (1 Кор. 10:24). Цыбыр дзуаппытӕ дӕтт. Афтӕмӕй-иу иннӕтӕн дӕр рӕстӕг баззайдзӕн. Цыбыр дзуапп куы дӕттай, уӕддӕр-иу ӕгӕр бирӕ хъуыдытӕ ма радзур. Абзацы цы хъуыдытӕ ис, уыдон иууылдӕр куы радзурай, уӕд иннӕтӕн, цы зӕгъой, уый нал уыдзӕн. w23.04 22, 23 фф., 11–13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын