Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
Хъусинӕгтӕ
Фӕзынд ног ӕвзгыл: Shan
  • Абон

Дыццӕг, 30 сентябрь

Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат (1 Кор. 10:13).

Исты дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый. Уый фӕрцы-иу дӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый ма саразай. Зӕгъӕм, искӕй цардӕмбалмӕ дзӕгъӕл дзырдӕппарӕнтӕ нӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дӕхи йемӕ афтӕ нӕ дардзынӕ, цыма дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Ды Йегъовӕйӕн дзырд радтай, ахӕм митӕ кӕй никуы кӕндзынӕ. Уӕд, чи не ’мбӕлы, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ дӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ нӕ ауадздзысты ӕмӕ дӕ нӕ хъӕудзӕн семӕ тох кӕнын, ӕмӕ дӕхи мастӕй бахиздзынӕ. «Фыдгӕнджыты фӕндагӕй» дӕхи «дард айсдзынӕ» (Ӕмб. 4:14, 15). Йесойыл-иу ахъуыды кӕн. Уый алкӕддӕр фӕндыд алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын. Йӕ цӕвиттон дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕхицӕн уайтагъд ӕмӕ фидарӕй зӕгъай, дӕхи кӕмӕн снывонд кодтай, уыцы Хуыцауы зӕрдӕ кӕй ницӕмӕй фӕриссын кӕндзынӕ (Матф. 4:10; Иоан. 8:29). Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай кӕнӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд дын уыдзӕн фадат, цӕмӕй равдисай, кӕй дӕ фӕнды ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуын. Ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕр ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн. w24.03 9, 10 фф., 8–10 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 1 октябрь

Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... у... коммӕгӕс (Иак. 3:17).

Ӕнцон дын вӕййы алы хатт коммӕгӕсдзинад ӕвдисын? Паддзах Давидӕн уый алкӕд ӕнцон нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ куывта: «Мӕ зӕрдӕйы [мын] ссудз зынг, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын» (Пс. 51:12). Давид Йегъовӕйы уарзта, фӕлӕ-иу ын уӕддӕр хатт зын уыд йӕ коммӕ кӕсын. Ӕмӕ махӕн дӕр уый хатт зын вӕййы. Цымӕ цӕмӕн? Фыццаг уый, ӕмӕ нӕ туджы рахастам ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй арӕх нӕ фӕфӕнды иннӕты коммӕ кӕсын. Дыккаг: Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуӕм, уый йӕ ныхмӕ куыд рацыд, афтӕ (2 Кор. 11:3). Ӕртыккаг: нӕ алыварс адӕм сты ӕгоммӕгӕс, ӕмӕ ныл сӕ зондахаст бандавы (Еф. 2:2). Уӕдӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй тох кӕнӕм не ’нӕххӕстдзинады, Хӕйрӕджы ӕмӕ ацы дунейы ныхмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ, цавӕрдӕр бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсӕм. w23.10 6 ф., 1 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 2 октябрь

Ды... хорз сӕн нырмӕ ныууагътай (Иоан. 2:10).

Йесо чындзӕхсӕвы цы диссаг сарӕзта, уый нын цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ Йесойау сӕрныллӕг уӕм. Йесо йӕхицӕй не ’ппӕлыд. Уӕвгӕ, цыфӕнды ма сарӕзтаид, йӕхицӕй никуы ӕппӕлыд. Уый уыд сӕрныллӕг ӕмӕ алкӕддӕр кадджын кодта йӕ Фыды (Иоан. 5:19, 30; 8:28). Мах дӕр Йесойы куы фӕзмӕм ӕмӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд, цы нын бантыст, уымӕй никуы ӕппӕлдзыстӕм. Хъуамӕ нӕхицӕй макуы ӕппӕлӕм, фӕлӕ сӕрыстыр уӕм, ахӕм диссаджы Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй (Йер. 9:23, 24). Хъуамӕ уый кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ницы бантыстаид (1 Кор. 1:26–31). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, цӕмӕй, цы сарӕзтам, уый тыххӕй нӕ иннӕтӕ ӕппӕлой. Цы аразӕм, уый Йегъовӕ уыны ӕмӕ йын аргъ кӕны, ӕмӕ хъуамӕ ууыл цин кӕнӕм. (Абар Матфейы 6:2–4; Дзут. 13:16.) Йесойау сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн (1 Пет. 5:6). w23.04 4 ф., 9 абз.; 5 ф., 11, 12 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын