Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Хуыцаубон, 19 октябрь

Уӕ хызтӕ уым баппарут (Лук. 5:4).

Йесо апостол Петрӕн ныфс бавӕрдта, Йегъовӕ йын, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕй дӕтдзӕн. Куы райгас, уӕд та ногӕй диссаг сарӕзта, ӕмӕ та Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ тынг бирӕ кӕсӕгтӕ ӕрцахстой (Иоан. 21:4–6). Уыцы диссаг Петрӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппындӕр зын нӕу, цӕрынӕн ӕй ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ йын дӕттын. Чи зоны, уӕд ӕрхъуыды кодта Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ ӕнӕ хӕринаг ӕмӕ ӕнӕ уӕлӕдарӕсӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад чи агуры, уыдоны (Матф. 6:33). Гъемӕ йӕ царды фыццаг бынаты йӕ кӕсаг ахсыны куыст нӕ сӕвӕрдта, фӕлӕ йӕ лӕггад. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ныфсджынӕй хъусын кодта хорз хабар, ӕмӕ йӕ мингӕйттӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой (Хъуыд. 2:14; 37–41). Уый фӕстӕ та самариӕгтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмтӕн ӕххуыс кодта Чырыстийыл баууӕндынӕн (Хъуыд. 8:14–17; 10:44–48). Бӕрӕг у, Йегъовӕ Петры уылты ӕмбырдмӕ алыхуызон адӕмы кӕй ӕрбакодта. w23.09 20 ф., 1 абз.; 23 ф., 11 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Къуырисӕр, 20 октябрь

Уыцы фын мын куы нӕ радзурат ӕмӕ мын ӕй куы нӕ райхалат, уӕд уӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнын кӕндзынӕн (Дан. 2:5).

Вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй иу-2 азы фӕстӕ паддзах Навуходоносор федта ӕнахуыр фын. Федта тынг стыр гуымиры, ӕмӕ старст. Гъемӕ йӕ зондджын лӕгтӕн, уыимӕ Данелӕн дӕр, бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фын радзурой ӕмӕ йын ӕй райхалой. Афтӕ, дам, куы нӕ бакӕнат, уӕд, дам, уе ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн (Дан. 2:3–5). Данелы хъуыди ӕвӕстиатӕй архайын, кӕннод бирӕ адӕм бабын уыдаиккой. Уый «паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ фын райхалынӕн рӕстӕг радтаид» (Дан. 2:16). Уый тыххӕй йӕ хъуыди уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ уый размӕ Данел фынтӕ хӕлдта. Йе ’мбӕлттӕн загъта, «цӕмӕй уӕларвон Хуыцауӕй йӕ хорзӕх куырдтаиккой, ӕмӕ сын уыцы сусӕгдзинад раргом кодтаид» (Дан. 2:18). Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ куывдтытӕн дзуапп радта. Йегъовӕйы фӕрцы Данел Навуходоносоры фын райхӕлдта, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр аирвӕзтысты. w23.08 3 ф., 4 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 21 октябрь

Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн (Матф. 24:13).

Хъуыды кӕн, фӕразондзинад цы пайда хӕссы, ууыл. Фӕразон адӕймаг вӕййы амондджындӕр ӕмӕ мӕт къаддӕр фӕкӕны. Уымӕ гӕсгӕ вӕййы ӕнӕниздӕр. Иннӕтимӕ фӕразон куы вӕййӕм, уӕд семӕ хӕларӕй фӕцӕрӕм. Не ’мбырд свӕййы ӕнгомдӕр. Исчи нӕ куы фефхӕры кӕнӕ нӕ куы фӕкъахы ӕмӕ уайтагъд куы нӕ рамӕсты вӕййӕм, уӕд уавӕр нӕ фӕфыддӕр вӕййы (Пс. 37:8; Ӕмб. 14:29). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕд бафӕзмӕм нӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Фӕразондзинад у хъӕугӕ ӕмӕ рӕсугъд миниуӕг. Алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы фӕразондзинад равдисын. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн уыцы миниуӕг дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Мах ныртӕккӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног дунемӕ. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, «Йегъовӕйы цӕст [кӕй] кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ, йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ» (Пс. 33:18). Цӕй уӕдӕ иууылдӕр дарддӕр фӕразондзинад рӕсугъд уӕлӕдарӕсау нӕ уӕлӕ дарӕм! w23.08 22 ф., 7 абз.; 25 ф., 16, 17 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын