Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Къуырисӕр, 20 октябрь

Уыцы фын мын куы нӕ радзурат ӕмӕ мын ӕй куы нӕ райхалат, уӕд уӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнын кӕндзынӕн (Дан. 2:5).

Вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй иу-2 азы фӕстӕ паддзах Навуходоносор федта ӕнахуыр фын. Федта тынг стыр гуымиры, ӕмӕ старст. Гъемӕ йӕ зондджын лӕгтӕн, уыимӕ Данелӕн дӕр, бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фын радзурой ӕмӕ йын ӕй райхалой. Афтӕ, дам, куы нӕ бакӕнат, уӕд, дам, уе ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн (Дан. 2:3–5). Данелы хъуыди ӕвӕстиатӕй архайын, кӕннод бирӕ адӕм бабын уыдаиккой. Уый «паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ фын райхалынӕн рӕстӕг радтаид» (Дан. 2:16). Уый тыххӕй йӕ хъуыди уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ уый размӕ Данел фынтӕ хӕлдта. Йе ’мбӕлттӕн загъта, «цӕмӕй уӕларвон Хуыцауӕй йӕ хорзӕх куырдтаиккой, ӕмӕ сын уыцы сусӕгдзинад раргом кодтаид» (Дан. 2:18). Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ куывдтытӕн дзуапп радта. Йегъовӕйы фӕрцы Данел Навуходоносоры фын райхӕлдта, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр аирвӕзтысты. w23.08 3 ф., 4 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 21 октябрь

Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн (Матф. 24:13).

Хъуыды кӕн, фӕразондзинад цы пайда хӕссы, ууыл. Фӕразон адӕймаг вӕййы амондджындӕр ӕмӕ мӕт къаддӕр фӕкӕны. Уымӕ гӕсгӕ вӕййы ӕнӕниздӕр. Иннӕтимӕ фӕразон куы вӕййӕм, уӕд семӕ хӕларӕй фӕцӕрӕм. Не ’мбырд свӕййы ӕнгомдӕр. Исчи нӕ куы фефхӕры кӕнӕ нӕ куы фӕкъахы ӕмӕ уайтагъд куы нӕ рамӕсты вӕййӕм, уӕд уавӕр нӕ фӕфыддӕр вӕййы (Пс. 37:8; Ӕмб. 14:29). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕд бафӕзмӕм нӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Фӕразондзинад у хъӕугӕ ӕмӕ рӕсугъд миниуӕг. Алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы фӕразондзинад равдисын. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн уыцы миниуӕг дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Мах ныртӕккӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног дунемӕ. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, «Йегъовӕйы цӕст [кӕй] кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ, йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ» (Пс. 33:18). Цӕй уӕдӕ иууылдӕр дарддӕр фӕразондзинад рӕсугъд уӕлӕдарӕсау нӕ уӕлӕ дарӕм! w23.08 22 ф., 7 абз.; 25 ф., 16, 17 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 22 октябрь

Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у (Иак. 2:17).

Иаков загъта, адӕймаг, гӕнӕн ис, дзура, уырнындзинад мӕм ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу (Иак. 2:1–5, 9). Стӕй ма загъта, гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг уына, йе ’фсымӕрӕн кӕнӕ йӕ хойӕн, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый кӕй нӕй ӕмӕ хӕринагхъуаг кӕй ӕййафы, фӕлӕ йын мацӕмӕй ӕххуыс кӕна. Кӕд уыцы адӕймаг афтӕ дзуры, ӕмӕ йӕм уырнындзинад ис, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу, уӕд йӕ уырнындзинадӕй ницы пайда ис (Иак. 2:14–16). Иаков ма цӕвиттонӕн ӕрхаста Раавы. Уыцы сылгоймаг, уырнындзинад ӕм кӕй уыд, уый равдыста йӕ хъуыддӕгтӕй (Иак. 2:25, 26). Раав фехъуыста Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй ӕххуыс кӕны (Йес. Н. 2:9–11). Ӕмӕ йӕ уырнындзинад равдыста хъуыддагӕй – дыууӕ израилаг сгарӕджы бамбӕхста, сӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд. Уый тыххӕй Раав дӕр Авраамау нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл, кӕд уый дӕр ӕнӕххӕст уыд, стӕй израилаг нӕ уыд ӕмӕ Моисейы закъон не ’ххӕст кодта, уӕддӕр. Йӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у, ахсджиаг кӕй у, уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисын. w23.12 5 ф., 12, 13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын