Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Ӕртыццӕг, 22 октябрь

Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у (Иак. 2:17).

Иаков загъта, адӕймаг, гӕнӕн ис, дзура, уырнындзинад мӕм ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу (Иак. 2:1–5, 9). Стӕй ма загъта, гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг уына, йе ’фсымӕрӕн кӕнӕ йӕ хойӕн, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый кӕй нӕй ӕмӕ хӕринагхъуаг кӕй ӕййафы, фӕлӕ йын мацӕмӕй ӕххуыс кӕна. Кӕд уыцы адӕймаг афтӕ дзуры, ӕмӕ йӕм уырнындзинад ис, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу, уӕд йӕ уырнындзинадӕй ницы пайда ис (Иак. 2:14–16). Иаков ма цӕвиттонӕн ӕрхаста Раавы. Уыцы сылгоймаг, уырнындзинад ӕм кӕй уыд, уый равдыста йӕ хъуыддӕгтӕй (Иак. 2:25, 26). Раав фехъуыста Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй ӕххуыс кӕны (Йес. Н. 2:9–11). Ӕмӕ йӕ уырнындзинад равдыста хъуыддагӕй – дыууӕ израилаг сгарӕджы бамбӕхста, сӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд. Уый тыххӕй Раав дӕр Авраамау нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл, кӕд уый дӕр ӕнӕххӕст уыд, стӕй израилаг нӕ уыд ӕмӕ Моисейы закъон не ’ххӕст кодта, уӕддӕр. Йӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у, ахсджиаг кӕй у, уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисын. w23.12 5 ф., 12, 13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 23 октябрь

Уидӕгтӕ куыд ауадзат ӕмӕ фидар бындурыл фидар куыд лӕууат (Еф. 3:17).

Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, фаг кӕй нӕу ӕрмӕстдӕр сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын. Мах тынг фӕнды «суанг Хуыцауы арф зонд дӕр» базонын. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг тых (1 Кор. 2:9, 10). Дӕ бон у равзарын, фылдӕр базонын дӕ кӕй тыххӕй фӕнды, ахӕм темӕ кӕнӕ фарста ӕмӕ йӕ раиртасын. Уый фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзынӕ. Зӕгъӕм, ис раиртасӕн, цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ рагон лӕггадгӕнджыты кӕй уарзта, ӕмӕ уымӕй куыд зыны, дӕу дӕр кӕй уарзы, уый. Кӕнӕ та дӕ бон у фылдӕр базонын, израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн куыд куывтой ӕмӕ йын абон чырыстӕттӕ куыд кувынц, уым иумӕйагӕй цы ис. Йе та дӕ бон у лӕмбынӕг раиртасын, Йесо зӕххыл куы цард ӕмӕ куы лӕггад кодта, уӕд цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст кодта, уыдон. Ахӕм ӕрмӕг иртасын дӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕудзӕн. Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн «Индекс публикаций Сторожевой башни» кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Библи арф куы иртасай, уӕд дӕ уырнындзинад сфидар уыдзӕн ӕмӕ «ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» (Ӕмб. 2:4, 5). w23.10 18, 19 фф., 3–5 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 24 октябрь

Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны (1 Пет. 4:8).

Ам апостол Петр цы дзырдӕй спайда кодта, уый комкоммӕ нысан кӕны «ивазын». Стихы дыккаг хайы та бамбарын кодта, ахӕм уарзондзинад-иу нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тӕригъӕдтӕ кӕй бамбӕрздзӕн. Нӕ цӕстытыл-ма ахӕм ныв ауайын кӕнӕм. Нӕ уарзондзинадыл дыууӕ къухӕй ныххӕцыдыстӕм, цыма, ивӕзгӕ чи кӕны, ахӕм хъуымац у, ӕмӕ йӕ ивазӕм, цалынмӕ хойы кӕнӕ ӕфсымӕры тӕригъӕдтӕ нӕ бамбӕрза, уӕдмӕ – ӕмӕ иу дӕр нӕ, дыууӕ дӕр нӕ, фӕлӕ «бирӕ тӕригъӕдтӕ». Исты куы счъизи уа, уӕд ӕй хъуымацӕй бамбӕрзӕн куыд ис, афтӕ уарзондзинад дӕр бамбӕрзы, кӕнӕ ныххатыр кӕны, иннӕты рӕдыдтытӕ ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕ. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты хъуамӕ афтӕ тынг уарзӕм, цӕмӕй-иу сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ ныббарӕм, уый-иу нын тынг зын куы уа, суанг уӕд дӕр (Кол. 3:13). Иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, бирӕ сӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. w23.11 10, 11 фф., 13–15 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын