Дыццӕг, 21 октябрь
Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн (Матф. 24:13).
Хъуыды кӕн, фӕразондзинад цы пайда хӕссы, ууыл. Фӕразон адӕймаг вӕййы амондджындӕр ӕмӕ мӕт къаддӕр фӕкӕны. Уымӕ гӕсгӕ вӕййы ӕнӕниздӕр. Иннӕтимӕ фӕразон куы вӕййӕм, уӕд семӕ хӕларӕй фӕцӕрӕм. Не ’мбырд свӕййы ӕнгомдӕр. Исчи нӕ куы фефхӕры кӕнӕ нӕ куы фӕкъахы ӕмӕ уайтагъд куы нӕ рамӕсты вӕййӕм, уӕд уавӕр нӕ фӕфыддӕр вӕййы (Пс. 37:8; Ӕмб. 14:29). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕд бафӕзмӕм нӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Фӕразондзинад у хъӕугӕ ӕмӕ рӕсугъд миниуӕг. Алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы фӕразондзинад равдисын. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн уыцы миниуӕг дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Мах ныртӕккӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног дунемӕ. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, «Йегъовӕйы цӕст [кӕй] кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ, йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ» (Пс. 33:18). Цӕй уӕдӕ иууылдӕр дарддӕр фӕразондзинад рӕсугъд уӕлӕдарӕсау нӕ уӕлӕ дарӕм! w23.08 22 ф., 7 абз.; 25 ф., 16, 17 абз.
Ӕртыццӕг, 22 октябрь
Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у (Иак. 2:17).
Иаков загъта, адӕймаг, гӕнӕн ис, дзура, уырнындзинад мӕм ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу (Иак. 2:1–5, 9). Стӕй ма загъта, гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг уына, йе ’фсымӕрӕн кӕнӕ йӕ хойӕн, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый кӕй нӕй ӕмӕ хӕринагхъуаг кӕй ӕййафы, фӕлӕ йын мацӕмӕй ӕххуыс кӕна. Кӕд уыцы адӕймаг афтӕ дзуры, ӕмӕ йӕм уырнындзинад ис, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу, уӕд йӕ уырнындзинадӕй ницы пайда ис (Иак. 2:14–16). Иаков ма цӕвиттонӕн ӕрхаста Раавы. Уыцы сылгоймаг, уырнындзинад ӕм кӕй уыд, уый равдыста йӕ хъуыддӕгтӕй (Иак. 2:25, 26). Раав фехъуыста Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй ӕххуыс кӕны (Йес. Н. 2:9–11). Ӕмӕ йӕ уырнындзинад равдыста хъуыддагӕй – дыууӕ израилаг сгарӕджы бамбӕхста, сӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд. Уый тыххӕй Раав дӕр Авраамау нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл, кӕд уый дӕр ӕнӕххӕст уыд, стӕй израилаг нӕ уыд ӕмӕ Моисейы закъон не ’ххӕст кодта, уӕддӕр. Йӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у, ахсджиаг кӕй у, уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисын. w23.12 5 ф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 23 октябрь
Уидӕгтӕ куыд ауадзат ӕмӕ фидар бындурыл фидар куыд лӕууат (Еф. 3:17).
Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, фаг кӕй нӕу ӕрмӕстдӕр сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын. Мах тынг фӕнды «суанг Хуыцауы арф зонд дӕр» базонын. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг тых (1 Кор. 2:9, 10). Дӕ бон у равзарын, фылдӕр базонын дӕ кӕй тыххӕй фӕнды, ахӕм темӕ кӕнӕ фарста ӕмӕ йӕ раиртасын. Уый фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзынӕ. Зӕгъӕм, ис раиртасӕн, цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ рагон лӕггадгӕнджыты кӕй уарзта, ӕмӕ уымӕй куыд зыны, дӕу дӕр кӕй уарзы, уый. Кӕнӕ та дӕ бон у фылдӕр базонын, израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн куыд куывтой ӕмӕ йын абон чырыстӕттӕ куыд кувынц, уым иумӕйагӕй цы ис. Йе та дӕ бон у лӕмбынӕг раиртасын, Йесо зӕххыл куы цард ӕмӕ куы лӕггад кодта, уӕд цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст кодта, уыдон. Ахӕм ӕрмӕг иртасын дӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕудзӕн. Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн «Индекс публикаций Сторожевой башни» кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Библи арф куы иртасай, уӕд дӕ уырнындзинад сфидар уыдзӕн ӕмӕ «ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» (Ӕмб. 2:4, 5). w23.10 18, 19 фф., 3–5 абз.