Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Майрӕмбон, 24 октябрь

Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны (1 Пет. 4:8).

Ам апостол Петр цы дзырдӕй спайда кодта, уый комкоммӕ нысан кӕны «ивазын». Стихы дыккаг хайы та бамбарын кодта, ахӕм уарзондзинад-иу нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тӕригъӕдтӕ кӕй бамбӕрздзӕн. Нӕ цӕстытыл-ма ахӕм ныв ауайын кӕнӕм. Нӕ уарзондзинадыл дыууӕ къухӕй ныххӕцыдыстӕм, цыма, ивӕзгӕ чи кӕны, ахӕм хъуымац у, ӕмӕ йӕ ивазӕм, цалынмӕ хойы кӕнӕ ӕфсымӕры тӕригъӕдтӕ нӕ бамбӕрза, уӕдмӕ – ӕмӕ иу дӕр нӕ, дыууӕ дӕр нӕ, фӕлӕ «бирӕ тӕригъӕдтӕ». Исты куы счъизи уа, уӕд ӕй хъуымацӕй бамбӕрзӕн куыд ис, афтӕ уарзондзинад дӕр бамбӕрзы, кӕнӕ ныххатыр кӕны, иннӕты рӕдыдтытӕ ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕ. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты хъуамӕ афтӕ тынг уарзӕм, цӕмӕй-иу сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ ныббарӕм, уый-иу нын тынг зын куы уа, суанг уӕд дӕр (Кол. 3:13). Иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, бирӕ сӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. w23.11 10, 11 фф., 13–15 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 25 октябрь

Шафан... [ӕй] паддзахы раз кӕсын райдыдта (2 Аз. 34:18).

Паддзах Иосийыл 26 азы куы цыд, уӕд райдыдта кувӕндон цалцӕг кӕнын. Ӕмӕ дзы ссардтой «Йегъовӕйы закъоны чиныг, Моисейы уылты кӕй радта, уыцы чиныг». Паддзахӕн ӕй кӕсын куы райдыдтой, уӕд ӕй бафӕндыд, цы фыст дзы уыд, уымӕ гӕсгӕ архайын (2 Аз. 34:14, 19–21). Ды та Библи фӕкӕсыс? Фӕнды дӕ, цӕмӕй йӕ алы бон дӕр кӕсай? Уайы дын? Уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Царды дын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы стихтӕ дӕхицӕн искуы афыссыс? Иосийыл иу-39 азы куы цыд, уӕд стыр рӕдыд ӕруагъта, ӕмӕ йӕхи бабын кодта. Разамынд Йегъовӕйӕ нӕ ракуырдта, фӕлӕ йӕхицӕй уыд ныфсджын (2 Аз. 35:20–25). Йӕ хабар нын у зондзонӕн. Ӕрыгон стӕм ӕви ацӕргӕ, Библи рагӕй ахуыр кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы агурӕм, ома йӕм хъуамӕ ӕдзух кувӕм ӕмӕ дзы разамынд курӕм, йӕ Ныхас ын иртасӕм ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй уынаффӕ курӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу ныл стыр рӕдыдтытӕ афтӕ арӕх не ’рцӕудзӕн ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (Иак. 1:25). w23.09 12, 13 фф., 15, 16 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 26 октябрь

Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй (Иак. 4:6).

Библийы ис, Йегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ йын чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм сылгоймӕгты кой. Уыдон «алцӕмӕй дӕр бӕрц» зыдтой ӕмӕ «алы хъуыддаджы дӕр... Хуыцауыл иузӕрдион» уыдысты (1 Тим. 3:11). Хотӕн ма сӕ бон у фӕзмын, се ’мбырды цы фӕлтӕрдджын сылгоймӕгтӕ ис, уыдоны. Ӕрыгон хотӕ, ахъуыды кӕнут, фӕлтӕрдджын хотӕй уӕ кӕй фӕндид бафӕзмын. Ахъуыды-иу кӕнут, цавӕр хорз миниуджытӕ сӕм ис ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ бон куыд уаид уыцы миниуджытӕ ӕвдисын. Фӕлтӕрдджын чырыстон вӕййы сӕрныллӕг. Сӕрныллӕг сылгоймагӕн Йегъовӕ вӕййы йӕ Хӕлар ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр хӕларӕй фӕцӕры. Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы сылгоймаг сӕрныллӕгӕй фӕархайы, 1 Коринфӕгтӕм 11:3 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ. Уым Йегъовӕ ӕмбарын кӕны, ӕмбырды ӕмӕ бинонтӕн разамынд дӕттыны бар кӕмӕн радта, уый. w23.12 19 ф., 3–5 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын