Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
Хъусинӕгтӕ
Фӕзынд ног ӕвзгыл: Betsileo
  • Абон

Сабат, 25 октябрь

Шафан... [ӕй] паддзахы раз кӕсын райдыдта (2 Аз. 34:18).

Паддзах Иосийыл 26 азы куы цыд, уӕд райдыдта кувӕндон цалцӕг кӕнын. Ӕмӕ дзы ссардтой «Йегъовӕйы закъоны чиныг, Моисейы уылты кӕй радта, уыцы чиныг». Паддзахӕн ӕй кӕсын куы райдыдтой, уӕд ӕй бафӕндыд, цы фыст дзы уыд, уымӕ гӕсгӕ архайын (2 Аз. 34:14, 19–21). Ды та Библи фӕкӕсыс? Фӕнды дӕ, цӕмӕй йӕ алы бон дӕр кӕсай? Уайы дын? Уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Царды дын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы стихтӕ дӕхицӕн искуы афыссыс? Иосийыл иу-39 азы куы цыд, уӕд стыр рӕдыд ӕруагъта, ӕмӕ йӕхи бабын кодта. Разамынд Йегъовӕйӕ нӕ ракуырдта, фӕлӕ йӕхицӕй уыд ныфсджын (2 Аз. 35:20–25). Йӕ хабар нын у зондзонӕн. Ӕрыгон стӕм ӕви ацӕргӕ, Библи рагӕй ахуыр кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы агурӕм, ома йӕм хъуамӕ ӕдзух кувӕм ӕмӕ дзы разамынд курӕм, йӕ Ныхас ын иртасӕм ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй уынаффӕ курӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу ныл стыр рӕдыдтытӕ афтӕ арӕх не ’рцӕудзӕн ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (Иак. 1:25). w23.09 12, 13 фф., 15, 16 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 26 октябрь

Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй (Иак. 4:6).

Библийы ис, Йегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ йын чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм сылгоймӕгты кой. Уыдон «алцӕмӕй дӕр бӕрц» зыдтой ӕмӕ «алы хъуыддаджы дӕр... Хуыцауыл иузӕрдион» уыдысты (1 Тим. 3:11). Хотӕн ма сӕ бон у фӕзмын, се ’мбырды цы фӕлтӕрдджын сылгоймӕгтӕ ис, уыдоны. Ӕрыгон хотӕ, ахъуыды кӕнут, фӕлтӕрдджын хотӕй уӕ кӕй фӕндид бафӕзмын. Ахъуыды-иу кӕнут, цавӕр хорз миниуджытӕ сӕм ис ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ бон куыд уаид уыцы миниуджытӕ ӕвдисын. Фӕлтӕрдджын чырыстон вӕййы сӕрныллӕг. Сӕрныллӕг сылгоймагӕн Йегъовӕ вӕййы йӕ Хӕлар ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр хӕларӕй фӕцӕры. Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы сылгоймаг сӕрныллӕгӕй фӕархайы, 1 Коринфӕгтӕм 11:3 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ. Уым Йегъовӕ ӕмбарын кӕны, ӕмбырды ӕмӕ бинонтӕн разамынд дӕттыны бар кӕмӕн радта, уый. w23.12 19 ф., 3–5 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Къуырисӕр, 27 октябрь

Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты (Еф. 5:28).

Йегъовӕ лӕгӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй йӕ усы уарза, стӕй йӕ цух ма уадза, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕй, хорз ӕмбал ын уа ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕна. Хъуыды кӕнын куы зонай, сылгоймӕгты куы нымайай ӕмӕ ӕууӕнкджын куы уай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уай хорз цардӕмбал ӕмӕ хорз сӕрыхицау. Ус куы ракурай, уӕд уын уый фӕстӕ, гӕнӕн ис, райгуыра сывӕллӕттӕ дӕр. Дӕ бон у бирӕ цӕмӕйдӕрты Йегъовӕйы бафӕзмын, ӕмӕ дӕ уӕд рауайдзӕн хорз фыд (Еф. 6:4). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн, Йесойӕн, ӕргом дзырдта, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Матф. 3:17). Ӕмӕ дын сывӕллӕттӕ куы уа, уӕд-иу сын арӕх дзур, кӕй сӕ уарзыс. Хорзӕй цы аразынц, уый тыххӕй-иу сӕ зӕрдиагӕй раппӕл. Йегъовӕйы чи фӕзмы, ахӕм фыд йӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ рауайа фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Дӕ бон у уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ дӕхи ныртӕккӕ дӕр бацӕттӕ кӕнын. Дӕ бинонтыл ӕмӕ дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй тыхс ӕмӕ сын дзур, кӕй сӕ уарзыс ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕныс (Иоан. 15:9). w23.12 28, 29 фф., 17, 18 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын