Хуыцаубон, 26 октябрь
Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй (Иак. 4:6).
Библийы ис, Йегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ йын чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм сылгоймӕгты кой. Уыдон «алцӕмӕй дӕр бӕрц» зыдтой ӕмӕ «алы хъуыддаджы дӕр... Хуыцауыл иузӕрдион» уыдысты (1 Тим. 3:11). Хотӕн ма сӕ бон у фӕзмын, се ’мбырды цы фӕлтӕрдджын сылгоймӕгтӕ ис, уыдоны. Ӕрыгон хотӕ, ахъуыды кӕнут, фӕлтӕрдджын хотӕй уӕ кӕй фӕндид бафӕзмын. Ахъуыды-иу кӕнут, цавӕр хорз миниуджытӕ сӕм ис ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ бон куыд уаид уыцы миниуджытӕ ӕвдисын. Фӕлтӕрдджын чырыстон вӕййы сӕрныллӕг. Сӕрныллӕг сылгоймагӕн Йегъовӕ вӕййы йӕ Хӕлар ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр хӕларӕй фӕцӕры. Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы сылгоймаг сӕрныллӕгӕй фӕархайы, 1 Коринфӕгтӕм 11:3 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ. Уым Йегъовӕ ӕмбарын кӕны, ӕмбырды ӕмӕ бинонтӕн разамынд дӕттыны бар кӕмӕн радта, уый. w23.12 19 ф., 3–5 абз.
Къуырисӕр, 27 октябрь
Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты (Еф. 5:28).
Йегъовӕ лӕгӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй йӕ усы уарза, стӕй йӕ цух ма уадза, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕй, хорз ӕмбал ын уа ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕна. Хъуыды кӕнын куы зонай, сылгоймӕгты куы нымайай ӕмӕ ӕууӕнкджын куы уай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уай хорз цардӕмбал ӕмӕ хорз сӕрыхицау. Ус куы ракурай, уӕд уын уый фӕстӕ, гӕнӕн ис, райгуыра сывӕллӕттӕ дӕр. Дӕ бон у бирӕ цӕмӕйдӕрты Йегъовӕйы бафӕзмын, ӕмӕ дӕ уӕд рауайдзӕн хорз фыд (Еф. 6:4). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн, Йесойӕн, ӕргом дзырдта, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Матф. 3:17). Ӕмӕ дын сывӕллӕттӕ куы уа, уӕд-иу сын арӕх дзур, кӕй сӕ уарзыс. Хорзӕй цы аразынц, уый тыххӕй-иу сӕ зӕрдиагӕй раппӕл. Йегъовӕйы чи фӕзмы, ахӕм фыд йӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ рауайа фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Дӕ бон у уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ дӕхи ныртӕккӕ дӕр бацӕттӕ кӕнын. Дӕ бинонтыл ӕмӕ дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй тыхс ӕмӕ сын дзур, кӕй сӕ уарзыс ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕныс (Иоан. 15:9). w23.12 28, 29 фф., 17, 18 абз.
Дыццӕг, 28 октябрь
[Йегъовӕ уӕ] бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн (1 Пет. 5:10).
Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр хызт не сты, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ цы низтӕй хъӕрзынц, уыдонӕй. Уымӕй уӕлдай ма нӕ Хуыцауы знӕгтӕ ӕфхӕрынц, нӕ фӕдыл зилынц. Йегъовӕ нӕ ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕй нӕ бахизы. Фӕлӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн (Ис. 41:10). Ӕмӕ уый фӕрцы тынг зын уавӕрты дӕр нӕ бон вӕййы дарддӕр цингӕнгӕйӕ ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нын дӕтдзӕн «Хуыцауы фарн» (Фил. 4:6, 7). Уыцы фарн амоны, Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар кӕй у, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕ сабыр кӕй вӕййы ӕмӕ ӕгӕр кӕй ницӕуыл фӕтыхсӕм, уымӕ. Хуыцауы фарныл «зонд... не ’ххӕссы», ома, нӕ бон бамбарын цы у кӕнӕ ахъуыды кӕнын цӕуыл у, уымӕй диссагдӕр у. Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скуывтай ӕмӕ уый фӕстӕ дӕ зӕрдӕ ӕвиппайды афтӕ ӕрсабыр, ӕмӕ диссаг? Гъе уый у «Хуыцауы фарн». w24.01 20 ф., 2 абз.; 21 ф., 4 абз.