Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
Хъусинӕгтӕ
Фӕзынд ног ӕвзгыл: Betsileo
  • Абон

Дыццӕг, 28 октябрь

[Йегъовӕ уӕ] бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн (1 Пет. 5:10).

Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр хызт не сты, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ цы низтӕй хъӕрзынц, уыдонӕй. Уымӕй уӕлдай ма нӕ Хуыцауы знӕгтӕ ӕфхӕрынц, нӕ фӕдыл зилынц. Йегъовӕ нӕ ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕй нӕ бахизы. Фӕлӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн (Ис. 41:10). Ӕмӕ уый фӕрцы тынг зын уавӕрты дӕр нӕ бон вӕййы дарддӕр цингӕнгӕйӕ ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нын дӕтдзӕн «Хуыцауы фарн» (Фил. 4:6, 7). Уыцы фарн амоны, Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар кӕй у, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕ сабыр кӕй вӕййы ӕмӕ ӕгӕр кӕй ницӕуыл фӕтыхсӕм, уымӕ. Хуыцауы фарныл «зонд... не ’ххӕссы», ома, нӕ бон бамбарын цы у кӕнӕ ахъуыды кӕнын цӕуыл у, уымӕй диссагдӕр у. Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скуывтай ӕмӕ уый фӕстӕ дӕ зӕрдӕ ӕвиппайды афтӕ ӕрсабыр, ӕмӕ диссаг? Гъе уый у «Хуыцауы фарн». w24.01 20 ф., 2 абз.; 21 ф., 4 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 29 октябрь

Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд, ӕмӕ мӕ буары алы уӕнг дӕр – йӕ сыгъдӕг номӕн (Пс. 103:1).

Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдон ын йӕ ном ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзынц. Паддзах Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн йӕ ном куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕхи кӕй фӕкадджын кӕнӕм. Йегъовӕйы ном куы фехъусӕм, уӕд ахъуыды кӕнӕм, цавӕр Хуыцау у, ууыл, йе ’ппӕт рӕсугъд миниуджытыл ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл. Давиды фӕндыд йӕ Фыды сыгъдӕг ном кадджын кӕнын. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй йӕ кадджын кодтаид йӕ «буары алы уӕнгӕй дӕр», ома ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Левиттӕ дӕр нын фӕзминаг сты, Йегъовӕйы куыд кадджын кодтой, уымӕй. Уыдон уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбӕрстой, сӕ бон кӕй никуы уыдзӕн Йегъовӕйы сыгъдӕг номы аккаг кады ныхӕстӕ ссарын (Неем. 9:5). Дзырд дӕр ыл нӕй: Йегъовӕйы афтӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕй кадджын кодтой, уый йын ӕрхаста стыр циндзинад. w24.02 9 ф., 6 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 30 октябрь

Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм (Фил. 3:16).

Дӕ нысан дӕ къухы кӕй нӕ бафтыд, уый тыххӕй дыл Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ фӕхуддзӕн (2 Кор. 8:12). Цы дын нӕ рауад, уымӕй-иу истӕуыл сахуыр у. Нырмӕ дын цы бантыст, уый ма рох кӕн. Библийы фыст ис: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон» (Дзут. 6:10). Ӕмӕ ды дӕр дӕ фыдӕбон ма рох кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, нырмӕ дӕр дын цы бантыст, ууыл. Зӕгъӕм, Йегъовӕ сси дӕ Хӕлар, Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзурыс кӕнӕ донаргъуыд райстай. Кӕд раздӕр дӕр дӕ нысӕнттӕм тырныдтай, ӕмӕ дӕ къухы бафтыдысты, уӕд ныр дӕр дарддӕр дӕ нысанмӕ тырн, ӕмӕ дӕ къухы бафтдзӕн. Йегъовӕйы фӕрцы дӕ нысан дӕ къухы бафтдзӕн. Дӕ нысанмӕ тырнгӕйӕ-иу дӕ хъус дар, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ, ӕмӕ дын уый циндзинад хӕсдзӕн (2 Кор. 4:7). Дӕ ныфс куы нӕ асӕтта ӕмӕ ӕрдӕгфӕндагыл куы не ’рлӕууай, уӕд ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ! (Гал. 6:9). w23.05 31 ф., 16–18 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын