Ӕртыццӕг, 29 октябрь
Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд, ӕмӕ мӕ буары алы уӕнг дӕр – йӕ сыгъдӕг номӕн (Пс. 103:1).
Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдон ын йӕ ном ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзынц. Паддзах Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн йӕ ном куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕхи кӕй фӕкадджын кӕнӕм. Йегъовӕйы ном куы фехъусӕм, уӕд ахъуыды кӕнӕм, цавӕр Хуыцау у, ууыл, йе ’ппӕт рӕсугъд миниуджытыл ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл. Давиды фӕндыд йӕ Фыды сыгъдӕг ном кадджын кӕнын. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй йӕ кадджын кодтаид йӕ «буары алы уӕнгӕй дӕр», ома ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Левиттӕ дӕр нын фӕзминаг сты, Йегъовӕйы куыд кадджын кодтой, уымӕй. Уыдон уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбӕрстой, сӕ бон кӕй никуы уыдзӕн Йегъовӕйы сыгъдӕг номы аккаг кады ныхӕстӕ ссарын (Неем. 9:5). Дзырд дӕр ыл нӕй: Йегъовӕйы афтӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕй кадджын кодтой, уый йын ӕрхаста стыр циндзинад. w24.02 9 ф., 6 абз.
Цыппӕрӕм, 30 октябрь
Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм (Фил. 3:16).
Дӕ нысан дӕ къухы кӕй нӕ бафтыд, уый тыххӕй дыл Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ фӕхуддзӕн (2 Кор. 8:12). Цы дын нӕ рауад, уымӕй-иу истӕуыл сахуыр у. Нырмӕ дын цы бантыст, уый ма рох кӕн. Библийы фыст ис: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон» (Дзут. 6:10). Ӕмӕ ды дӕр дӕ фыдӕбон ма рох кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, нырмӕ дӕр дын цы бантыст, ууыл. Зӕгъӕм, Йегъовӕ сси дӕ Хӕлар, Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзурыс кӕнӕ донаргъуыд райстай. Кӕд раздӕр дӕр дӕ нысӕнттӕм тырныдтай, ӕмӕ дӕ къухы бафтыдысты, уӕд ныр дӕр дарддӕр дӕ нысанмӕ тырн, ӕмӕ дӕ къухы бафтдзӕн. Йегъовӕйы фӕрцы дӕ нысан дӕ къухы бафтдзӕн. Дӕ нысанмӕ тырнгӕйӕ-иу дӕ хъус дар, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ, ӕмӕ дын уый циндзинад хӕсдзӕн (2 Кор. 4:7). Дӕ ныфс куы нӕ асӕтта ӕмӕ ӕрдӕгфӕндагыл куы не ’рлӕууай, уӕд ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ! (Гал. 6:9). w23.05 31 ф., 16–18 абз.
Майрӕмбон, 31 октябрь
Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн бауарзтат ӕмӕ баууӕндыдыстут, ӕз мӕ Фыды номӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл (Иоан. 16:27).
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕдзуры, кӕй сӕ уарзы ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у. Йегъовӕ Йесойӕн дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, ды дӕ мӕ уарзон, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Библийы дыууӕ раны (Матф. 3:17; 17:5). Дӕу дӕр куыннӕ фӕндид, цӕмӕй дын Йегъовӕ ахӕм хъарм ныхӕстӕ зӕгъа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нӕм уӕлӕрвтӕй не ’рдзуры. Уый немӕ фӕныхас кӕны Библийы уылты. Йегъовӕйы хъӕлӕс «фӕхъусӕм», Евангелиты Йесойы ныхӕстӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо алцӕмӕй дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн. Уый-иу йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕй ӕппӕлыд ӕмӕ-иу сын дзырдта, кӕй сӕ уарзы, кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр. Уӕдӕ-иу Йесойы ныхӕстӕ куы кӕсай, уӕд-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, уыцы ныхӕстӕ дын Йегъовӕ куыд дзуры, уый (Иоан. 15:9, 15). Зындзинӕдтӕ куы февзарӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу. Стӕй ма нын фӕзыны фадат, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый (Иак. 1:12). w24.03 28 ф., 10, 11 абз.