Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Цыппӕрӕм, 30 октябрь

Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм (Фил. 3:16).

Дӕ нысан дӕ къухы кӕй нӕ бафтыд, уый тыххӕй дыл Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ фӕхуддзӕн (2 Кор. 8:12). Цы дын нӕ рауад, уымӕй-иу истӕуыл сахуыр у. Нырмӕ дын цы бантыст, уый ма рох кӕн. Библийы фыст ис: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон» (Дзут. 6:10). Ӕмӕ ды дӕр дӕ фыдӕбон ма рох кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, нырмӕ дӕр дын цы бантыст, ууыл. Зӕгъӕм, Йегъовӕ сси дӕ Хӕлар, Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзурыс кӕнӕ донаргъуыд райстай. Кӕд раздӕр дӕр дӕ нысӕнттӕм тырныдтай, ӕмӕ дӕ къухы бафтыдысты, уӕд ныр дӕр дарддӕр дӕ нысанмӕ тырн, ӕмӕ дӕ къухы бафтдзӕн. Йегъовӕйы фӕрцы дӕ нысан дӕ къухы бафтдзӕн. Дӕ нысанмӕ тырнгӕйӕ-иу дӕ хъус дар, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ, ӕмӕ дын уый циндзинад хӕсдзӕн (2 Кор. 4:7). Дӕ ныфс куы нӕ асӕтта ӕмӕ ӕрдӕгфӕндагыл куы не ’рлӕууай, уӕд ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ! (Гал. 6:9). w23.05 31 ф., 16–18 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 31 октябрь

Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн бауарзтат ӕмӕ баууӕндыдыстут, ӕз мӕ Фыды номӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл (Иоан. 16:27).

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕдзуры, кӕй сӕ уарзы ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у. Йегъовӕ Йесойӕн дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, ды дӕ мӕ уарзон, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Библийы дыууӕ раны (Матф. 3:17; 17:5). Дӕу дӕр куыннӕ фӕндид, цӕмӕй дын Йегъовӕ ахӕм хъарм ныхӕстӕ зӕгъа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нӕм уӕлӕрвтӕй не ’рдзуры. Уый немӕ фӕныхас кӕны Библийы уылты. Йегъовӕйы хъӕлӕс «фӕхъусӕм», Евангелиты Йесойы ныхӕстӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо алцӕмӕй дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн. Уый-иу йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕй ӕппӕлыд ӕмӕ-иу сын дзырдта, кӕй сӕ уарзы, кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр. Уӕдӕ-иу Йесойы ныхӕстӕ куы кӕсай, уӕд-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, уыцы ныхӕстӕ дын Йегъовӕ куыд дзуры, уый (Иоан. 15:9, 15). Зындзинӕдтӕ куы февзарӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу. Стӕй ма нын фӕзыны фадат, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый (Иак. 1:12). w24.03 28 ф., 10, 11 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 1 ноябрь

Ды афтӕ бакодтай, ӕмӕ дӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ кадджын кӕнынц (Матф. 21:16).

Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд-иу сын баххуыс кӕн, сӕ кармӕ гӕсгӕ чи ’мбӕлы, ахӕм дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнынӕн. Хатт статьяйы дзырд фӕцӕуы, лӕг ӕмӕ ус цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ууыл кӕнӕ хӕрзӕгъдаудзинадимӕ баст фарстатыл. Фӕлӕ ахӕм статьяты дӕр иу кӕнӕ дыууӕ абзацы, гӕнӕн ис, ахӕм уой, ӕмӕ сывӕллонӕн йӕ бон уа дзуапп раттын. Дӕ сывӕллӕттӕн-иу бамбарын кӕн, сӕ къухыл-иу куы схӕцой, уӕд-иу сӕ алы хатт цӕуылнӕ бафӕрсдзысты. Ӕмӕ-иу ӕфсымӕр ӕндӕр искӕй куы бафӕрса, уӕд-иу нӕ фӕтӕргай уыдзысты (1 Тим. 6:18). Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у нӕ дзуаппытӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауын (Ӕмб. 25:11). Иуӕй-иу хатт нӕ бон вӕййы нӕхи тыххӕй исты цыбыртӕй радзурын, фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕхи кой ӕгӕр бирӕ ма кӕнӕм (Ӕмб. 27:2; 2 Кор. 10:18). Иннӕты ӕргом хъуамӕ здахӕм Йегъовӕмӕ, йӕ Ныхасмӕ ӕмӕ йӕ организацимӕ (Рарг. 4:11). w23.04 24, 25 фф., 17, 18 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын