Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
Хъусинӕгтӕ
Фӕзынд ног ӕвзгыл: Shan
  • Абон

Майрӕмбон, 3 октябрь

Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4).

Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй хъуыды кӕной, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл. Нӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ фембӕлды рӕстӕг архайын? Нӕ зӕрдыл-иу дарӕм, иннӕты дӕр махау кӕй фӕфӕнды дзуапп раттын. Ахӕм цӕвиттоныл ахъуыды кӕнӕм. Де ’мбӕлттимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд ӕрмӕстдӕр дӕхӕдӕг фӕдзурыс, ӕви уыдонӕн дӕр раттыс дзырды бар? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕфӕнды дӕ, цӕмӕй уыдон дӕр истытӕ дзурой. Раст афтӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу ӕмбырды фылдӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дзуапп раттой. Фадат-иу сын куы раттӕм, цӕмӕй сӕ дзуаппытӕй сӕ уырнындзинад равдисой, уӕд-иу афтӕмӕй дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн (1 Кор. 10:24). Цыбыр дзуаппытӕ дӕтт. Афтӕмӕй-иу иннӕтӕн дӕр рӕстӕг баззайдзӕн. Цыбыр дзуапп куы дӕттай, уӕддӕр-иу ӕгӕр бирӕ хъуыдытӕ ма радзур. Абзацы цы хъуыдытӕ ис, уыдон иууылдӕр куы радзурай, уӕд иннӕтӕн, цы зӕгъой, уый нал уыдзӕн. w23.04 22, 23 фф., 11–13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 4 октябрь

Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнон (1 Кор. 9:23).

Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ахсджиаг кӕй у дарддӕр дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, уӕлдайдӕр та хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ. Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ сӕмбӕлӕм алыхуызон адӕмыл. Вӕййынц алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, алыхуызон динтыл ӕмӕ ӕгъдӕуттыл хӕст. Ӕмӕ хъуамӕ зонӕм, куыд хъӕуы алкӕимӕ дӕр ныхас кӕнын, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕм. Уымӕй нын фӕзминаг у апостол Павел. Йесо йӕ снысан кодта «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостолӕй» (Ром. 11:13). Ӕмӕ Павел хъусын кодта дзуттӕгтӕн, грекъӕгтӕн, зондджын адӕмӕн ӕмӕ хуымӕтӕг хъӕуккаг адӕмӕн, хицӕуттӕн ӕмӕ паддзӕхтӕн. Цӕмӕй иутӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдтаид, уый тыххӕй «алыхуызон адӕмӕн дӕр» сси алцыдӕр (1 Кор. 9:19–22). Павел хъуыды кодта, цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, цӕуыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ цавӕр адӕмыхаттӕй уыдысты, ууыл, ӕмӕ-иу йӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ фӕивта. Мах дӕр куы хъуыды кӕнӕм, адӕмимӕ хуыздӕр цӕуыл уаид аныхас кӕнын, уӕд нын уацамынды бирӕ ӕнтысдзӕн. w23.07 23 ф., 11, 12 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 5 октябрь

Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн (2 Тим. 2:24).

Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый лӕмӕгъ адӕймаг нӕу. Уый у фидар ӕмӕ тыхджын адӕймаг. Цӕмӕй зын уавӕры ма стыхсай ӕмӕ дӕ бон уа дӕхиуыл хӕцын, уымӕн тых хъӕуы. Фӕлмӕн удыхъӕд у, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты», уымӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕй сӕ иу (Гал. 5:22, 23). Дзырдбаст «фӕлмӕн удыхъӕд»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕй-иу хатт пайда кодтой, ӕрмахуыр-иу кӕй скодтой, ахӕм хъӕддаг бӕхы кой кӕнгӕйӕ. Кӕд бӕх ӕрмахуыр свӕййы, уӕддӕр йӕ хъару нӕ асӕтты. Махӕн дӕр фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд уыдзыстӕм тыхджын, фидар адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ ӕрмӕст нӕхӕдӕг куы архайӕм, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймӕгтӕ суӕм, уӕд уый фаг нӕ уыдзӕн. Хъӕуы нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс. Хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй уыцы рӕсугъд миниуӕг нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уый бантыст. Ӕмӕ сын исчи ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы фӕкӕны кӕнӕ семӕ куы фӕбыцӕу кӕны, уӕд уыдон та йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнынц. Уый фӕрцы ма иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хорз цӕстӕй ракӕсынц (2 Тим. 2:24, 25). w23.09 15 ф., 3 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын