Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
Хъусинӕгтӕ
Фӕзынд ног ӕвзгыл: Shan
  • Абон

Сабат, 4 октябрь

Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнон (1 Кор. 9:23).

Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ахсджиаг кӕй у дарддӕр дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, уӕлдайдӕр та хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ. Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ сӕмбӕлӕм алыхуызон адӕмыл. Вӕййынц алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, алыхуызон динтыл ӕмӕ ӕгъдӕуттыл хӕст. Ӕмӕ хъуамӕ зонӕм, куыд хъӕуы алкӕимӕ дӕр ныхас кӕнын, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕм. Уымӕй нын фӕзминаг у апостол Павел. Йесо йӕ снысан кодта «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостолӕй» (Ром. 11:13). Ӕмӕ Павел хъусын кодта дзуттӕгтӕн, грекъӕгтӕн, зондджын адӕмӕн ӕмӕ хуымӕтӕг хъӕуккаг адӕмӕн, хицӕуттӕн ӕмӕ паддзӕхтӕн. Цӕмӕй иутӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдтаид, уый тыххӕй «алыхуызон адӕмӕн дӕр» сси алцыдӕр (1 Кор. 9:19–22). Павел хъуыды кодта, цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, цӕуыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ цавӕр адӕмыхаттӕй уыдысты, ууыл, ӕмӕ-иу йӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ фӕивта. Мах дӕр куы хъуыды кӕнӕм, адӕмимӕ хуыздӕр цӕуыл уаид аныхас кӕнын, уӕд нын уацамынды бирӕ ӕнтысдзӕн. w23.07 23 ф., 11, 12 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 5 октябрь

Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн (2 Тим. 2:24).

Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый лӕмӕгъ адӕймаг нӕу. Уый у фидар ӕмӕ тыхджын адӕймаг. Цӕмӕй зын уавӕры ма стыхсай ӕмӕ дӕ бон уа дӕхиуыл хӕцын, уымӕн тых хъӕуы. Фӕлмӕн удыхъӕд у, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты», уымӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕй сӕ иу (Гал. 5:22, 23). Дзырдбаст «фӕлмӕн удыхъӕд»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕй-иу хатт пайда кодтой, ӕрмахуыр-иу кӕй скодтой, ахӕм хъӕддаг бӕхы кой кӕнгӕйӕ. Кӕд бӕх ӕрмахуыр свӕййы, уӕддӕр йӕ хъару нӕ асӕтты. Махӕн дӕр фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд уыдзыстӕм тыхджын, фидар адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ ӕрмӕст нӕхӕдӕг куы архайӕм, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймӕгтӕ суӕм, уӕд уый фаг нӕ уыдзӕн. Хъӕуы нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс. Хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй уыцы рӕсугъд миниуӕг нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уый бантыст. Ӕмӕ сын исчи ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы фӕкӕны кӕнӕ семӕ куы фӕбыцӕу кӕны, уӕд уыдон та йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнынц. Уый фӕрцы ма иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хорз цӕстӕй ракӕсынц (2 Тим. 2:24, 25). w23.09 15 ф., 3 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Къуырисӕр, 6 октябрь

Куывтон, ӕмӕ мын Йегъовӕ радта, цы дзы куырдтон, уый (1 Сам. 1:27).

Апостол Иоанн диссаджы цӕстылуайӕны федта, 24 хистӕр лӕджы уӕлӕрвты Йегъовӕйӕн куыд кувынц, уый. Уыдон Хуыцауы кадджын кодтой ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, «ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау» (Рарг. 4:10, 11). Иузӕрдион зӕдтӕ дӕр Йегъовӕйы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй кадджын кӕнынц. Уыдон сты йемӕ уӕлӕрвты, ӕмӕ йӕ тынг хорз зонынц. Уыдон уынынц, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ куыд архайы, уый. Ӕмӕ сӕ бафӕнды Йегъовӕйы скадджын кӕнын (Иов 38:4–7). Мах дӕр фӕнды нӕ куывдтыты Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Нӕ бон ын у дзурын, цӕй тыххӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын цӕй тыххӕй аргъ кӕнӕм, уый. Библи куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы иртасай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй фенай, Йегъовӕйы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц, уыдон (Иов 37:23; Ром. 11:33). Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Йегъовӕйӕн зӕгъ, уыцы миниуджытӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуынц. Нӕ бон ма у Йегъовӕйы кадджын кӕнын, махӕн дӕр ӕмӕ нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕгас зӕххыл дӕр ӕдзух кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй (1 Сам. 2:1, 2). w23.05 3, 4 фф., 6, 7 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын