Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Хуыцаубон, 9 ноябрь

Ма тӕрс (Дан. 10:19).

Гӕнӕн ис, дӕ ныййарджытӕ дын дзурой, хъӕбатыр хъуамӕ уай, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дын сӕ бон нӕу уыцы миниуӕг бынӕн ныууадзын. Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы цыдӕр аразын. Уый абарӕн ис, ног цӕуылдӕр куыд ахуыр кӕнай, уыимӕ. Уыцы хъуыддаг дын хуыздӕр уайдзӕн, дӕ ахуыргӕнӕгмӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ, уый куыд кӕны, афтӕ куы кӕнай, уӕд. Афтӕ у хъӕбатырдзинады хабар дӕр. Иннӕтӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисынц, уымӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ сӕ куы фӕзмай, уӕд суыдзынӕ хъӕбатыр. Мах дӕр хъуамӕ Данелау Хуыцауы Ныхас хорз зонӕм, Йегъовӕмӕ арӕх кувӕм, йемӕ ӕргом ныхас кӕнӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Стӕй йыл хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй вӕййы, ууыл. Ӕмӕ-иу уӕд фӕлварӕнты рӕстӕг разындзыстӕм хъӕбатыр. Хъӕбатыр адӕм иннӕты цӕсты арӕх кадджын вӕййынц. Стӕй уыдоны фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнды Йегъовӕйы хуыздӕр базонын. w23.08 2 ф., 2 абз.; 4 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Къуырисӕр, 10 ноябрь

Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут (1 Фес. 5:21).

«Сбӕлвырд кӕнын»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырдӕй-иу пайда кодтой, зӕгъӕм, сызгъӕрин дзаума ӕцӕгдӕр сызгъӕрин у ӕви нӕ, уый-иу сбӕрӕг кӕнын куы хъуыд, уӕд. Мах дӕр-иу хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, цы фехъусӕм кӕнӕ цы бакӕсӕм, уый ӕцӕг у ӕви нӕ. Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ уый ноджы ахсджиагдӕр у. Хъуамӕ алы ныхасыл ма ӕууӕндӕм, фӕлӕ уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ-иу, цы бакӕсӕм кӕнӕ цы фехъусӕм, уый абарӕм, Библи ӕмӕ Йегъовӕйы организаци цы дзурынц, уыимӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд хӕйрӕджыты мӕнг ныхӕстӕ нӕ бауырндзысты ӕмӕ нӕ фӕсайды уыдзыстӕм (Ӕмб. 14:15; 1 Тим. 4:1). Мах зонӕм, Йегъовӕйы адӕм стыр бӕллӕхы кӕй аирвӕздзысты. Фӕлӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты хицӕнтӕй куы райсӕм, уӕд ничи зоны, райсом кӕмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Иак. 4:14). Фӕлӕ кӕд афтӕ дӕр рауайа, ӕмӕ стыр бӕллӕхмӕ нӕ фӕцардыстӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм: кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын Хуыцау балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр нӕ хъуыдытӕ саразӕм, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ ӕмӕ Йегъовӕйы бонмӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм! w23.06 13 ф., 15, 16 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 11 ноябрь

Ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ пехуымпартӕн нӕ раргом кӕны, уӕдмӕ (Амос 3:7).

Мах нӕ зонӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕй кӕцыдӕртӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый (Дан. 12:8, 9). Фӕлӕ кӕд, цавӕрдӕр пехуымпарад куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый нӕ зонӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ сӕххӕст уыдзӕн. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм: зонын нӕ цы хъӕуы, уый нын Йегъовӕ йӕ афоныл раргом кӕндзӕн, раджы заман куыд кодта, афтӕ. Тагъд хицауӕдтӕ фехъусын кӕндзысты: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» (1 Фес. 5:3). Стӕй мӕнг динты ныхмӕ рацӕудзысты ӕмӕ сӕ фесафдзысты (Рарг. 17:16, 17). Уый фӕстӕ та рацӕудзысты Хуыцауы адӕмы ныхмӕ (Йез. 38:18, 19). Уыцы хабӕрттӕ ӕркӕндзысты фӕстаг хӕстмӕ – Армагеддонмӕ (Рарг. 16:14, 16). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы хабӕрттӕ тагъд кӕй ӕрцӕудзысты. Уӕдмӕ та уал дарддӕр дӕр Библийы пехуымпарӕдтӕм нӕ хъус дарӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ бамбарой. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕй бузныг кӕй стӕм. w23.08 13 ф., 19, 20 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын