Сабат, 8 ноябрь
Уарзты цӕхӕртӕ сты арты цӕхӕртӕ, Йагъы пиллон арт. Уарзты зынг бирӕ дӕттӕ дӕр нӕ ахуыссын кӕндзысты, цӕугӕдӕттӕ дӕр ӕй нӕ аласдзысты (Сол. з. 8:6, 7).
Диссаджы рӕсугъд ныхӕстӕ! Ахӕм у ӕцӕг уарзондзинад. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзой. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы цӕрӕнбонтӕм уарздзысты ӕви нӕ, уый сӕхицӕй кӕнгӕ у. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Арт, гӕнӕн ис, ӕмӕ макуы ахуысса. Фӕлӕ дзы уый тыххӕй хъӕуы сугтӕ ӕппарын. Артмӕ йӕ хъус куы ничи дара, уӕд сабыргай ахуысдзӕн. Раст афтӕ лӕг ӕмӕ усӕн дӕр сӕ уарзты зынг, гӕнӕн ис, макуы ахуысса. Фӕлӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы цыдӕртӕ аразын. Хатт лӕг ӕмӕ ус фембарынц, сӕ уарзты зынг кӕй мынӕг кӕны, уӕлдайдӕр та ӕхцаимӕ, ӕнӕниздзинадимӕ кӕнӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынимӕ баст зындзинӕдты тыххӕй. Цӕмӕй «Йагъы пиллон арт» ма ахуысса ӕмӕ алкӕддӕр судза, уый тыххӕй хъуамӕ лӕгӕн дӕр ӕмӕ усӕн дӕр Йегъовӕ уа йе ’ввахс Хӕлар. w23.05 20, 21 фф., 1–3 абз.
Хуыцаубон, 9 ноябрь
Ма тӕрс (Дан. 10:19).
Гӕнӕн ис, дӕ ныййарджытӕ дын дзурой, хъӕбатыр хъуамӕ уай, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дын сӕ бон нӕу уыцы миниуӕг бынӕн ныууадзын. Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы цыдӕр аразын. Уый абарӕн ис, ног цӕуылдӕр куыд ахуыр кӕнай, уыимӕ. Уыцы хъуыддаг дын хуыздӕр уайдзӕн, дӕ ахуыргӕнӕгмӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ, уый куыд кӕны, афтӕ куы кӕнай, уӕд. Афтӕ у хъӕбатырдзинады хабар дӕр. Иннӕтӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисынц, уымӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ сӕ куы фӕзмай, уӕд суыдзынӕ хъӕбатыр. Мах дӕр хъуамӕ Данелау Хуыцауы Ныхас хорз зонӕм, Йегъовӕмӕ арӕх кувӕм, йемӕ ӕргом ныхас кӕнӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Стӕй йыл хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй вӕййы, ууыл. Ӕмӕ-иу уӕд фӕлварӕнты рӕстӕг разындзыстӕм хъӕбатыр. Хъӕбатыр адӕм иннӕты цӕсты арӕх кадджын вӕййынц. Стӕй уыдоны фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнды Йегъовӕйы хуыздӕр базонын. w23.08 2 ф., 2 абз.; 4 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 10 ноябрь
Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут (1 Фес. 5:21).
«Сбӕлвырд кӕнын»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырдӕй-иу пайда кодтой, зӕгъӕм, сызгъӕрин дзаума ӕцӕгдӕр сызгъӕрин у ӕви нӕ, уый-иу сбӕрӕг кӕнын куы хъуыд, уӕд. Мах дӕр-иу хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, цы фехъусӕм кӕнӕ цы бакӕсӕм, уый ӕцӕг у ӕви нӕ. Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ уый ноджы ахсджиагдӕр у. Хъуамӕ алы ныхасыл ма ӕууӕндӕм, фӕлӕ уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ-иу, цы бакӕсӕм кӕнӕ цы фехъусӕм, уый абарӕм, Библи ӕмӕ Йегъовӕйы организаци цы дзурынц, уыимӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд хӕйрӕджыты мӕнг ныхӕстӕ нӕ бауырндзысты ӕмӕ нӕ фӕсайды уыдзыстӕм (Ӕмб. 14:15; 1 Тим. 4:1). Мах зонӕм, Йегъовӕйы адӕм стыр бӕллӕхы кӕй аирвӕздзысты. Фӕлӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты хицӕнтӕй куы райсӕм, уӕд ничи зоны, райсом кӕмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Иак. 4:14). Фӕлӕ кӕд афтӕ дӕр рауайа, ӕмӕ стыр бӕллӕхмӕ нӕ фӕцардыстӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм: кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын Хуыцау балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр нӕ хъуыдытӕ саразӕм, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ ӕмӕ Йегъовӕйы бонмӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм! w23.06 13 ф., 15, 16 абз.