Сабат, 1 ноябрь
Ды афтӕ бакодтай, ӕмӕ дӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ кадджын кӕнынц (Матф. 21:16).
Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд-иу сын баххуыс кӕн, сӕ кармӕ гӕсгӕ чи ’мбӕлы, ахӕм дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнынӕн. Хатт статьяйы дзырд фӕцӕуы, лӕг ӕмӕ ус цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ууыл кӕнӕ хӕрзӕгъдаудзинадимӕ баст фарстатыл. Фӕлӕ ахӕм статьяты дӕр иу кӕнӕ дыууӕ абзацы, гӕнӕн ис, ахӕм уой, ӕмӕ сывӕллонӕн йӕ бон уа дзуапп раттын. Дӕ сывӕллӕттӕн-иу бамбарын кӕн, сӕ къухыл-иу куы схӕцой, уӕд-иу сӕ алы хатт цӕуылнӕ бафӕрсдзысты. Ӕмӕ-иу ӕфсымӕр ӕндӕр искӕй куы бафӕрса, уӕд-иу нӕ фӕтӕргай уыдзысты (1 Тим. 6:18). Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у нӕ дзуаппытӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауын (Ӕмб. 25:11). Иуӕй-иу хатт нӕ бон вӕййы нӕхи тыххӕй исты цыбыртӕй радзурын, фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕхи кой ӕгӕр бирӕ ма кӕнӕм (Ӕмб. 27:2; 2 Кор. 10:18). Иннӕты ӕргом хъуамӕ здахӕм Йегъовӕмӕ, йӕ Ныхасмӕ ӕмӕ йӕ организацимӕ (Рарг. 4:11). w23.04 24, 25 фф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 2 ноябрь
Уӕдӕ мах иннӕты хуызӕн фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус (1 Фес. 5:6).
Уарзондзинад ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм ӕмӕ ӕрвонг зондӕй архайӕм (Матф. 22:37–39). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй цыфӕнды зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр (2 Тим. 1:7, 8). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмы дӕр кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм, суанг телефонӕй ӕмӕ писмоты фӕрцы дӕр. Мах ныфс ис, иу бон уыцы адӕм дӕр кӕй фӕивдзысты ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдайдзысты (Йез. 18:27, 28). Иннӕты уарзынмӕ хауы нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын дӕр. Уыцы уарзондзинад ӕвдисӕм, кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы кӕй фидар кӕнӕм, уымӕй (1 Фес. 5:11). Ӕфсӕддонтӕ фӕхӕцынц фӕрсӕй-фӕрстӕм, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн вӕййынц ныфсы хос. Афтӕ мах дӕр кӕрӕдзийӕн стӕм ныфсы хос. Мах нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдӕтӕ зонгӕ-зонын никуы фӕриссын кӕндзыстӕм кӕнӕ сын ӕвзӕр ӕвзӕрӕй нӕ фиддзыстӕм (1 Фес. 5:13, 15). Уарзондзинад ма равдисӕм, ӕмбырдӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕрты кӕй нымайӕм, уымӕй дӕр (1 Фес. 5:12). w23.06 9 ф., 6 абз.; 11 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 3 ноябрь
[Йегъовӕ] зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн? (Ным. 23:19).
Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн иу мадзал у Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнын. Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн. Фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, уыцы нывонд хаст цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ Йегъовӕйы цы стыр аргъ бахъуыд бафидын, ууыл. Уӕд-иу нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын йӕ диссаджы ног дунейы ӕнӕкӕрон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ цы стыр аргъ бафыста, ууыл. Йӕ уарзон фыццаггуырд Фырты, ӕппӕты ӕввахсдӕр хӕлары, уӕлӕрвтӕй рарвыста, цӕмӕй зӕххыл райгуырдаид. Зӕххыл Йесо алыхуызон зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Уый фӕстӕ тухитӕгӕнгӕ амард. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр тынг стыр аргъ бафыста. Цымӕ нӕ уарзӕгой Хуыцау йӕ Фырты хъизӕмайраг мардӕй амӕлын бауагътаид, адӕмӕн хуыздӕр цард ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ балӕвар кӕнынмӕ куы хъавыдаид, уӕд? (Иоан. 3:16; 1 Пет. 1:18, 19). Фӕлӕ иугӕр ахӕм аргъ бафыста, уӕд ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн афтӕ, цӕмӕй адӕм ног дунейы ӕнустӕм цӕрой. w23.04 27 ф., 8, 9 абз.