Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Къуырисӕр, 3 ноябрь

[Йегъовӕ] зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн? (Ным. 23:19).

Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн иу мадзал у Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнын. Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн. Фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, уыцы нывонд хаст цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ Йегъовӕйы цы стыр аргъ бахъуыд бафидын, ууыл. Уӕд-иу нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын йӕ диссаджы ног дунейы ӕнӕкӕрон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ цы стыр аргъ бафыста, ууыл. Йӕ уарзон фыццаггуырд Фырты, ӕппӕты ӕввахсдӕр хӕлары, уӕлӕрвтӕй рарвыста, цӕмӕй зӕххыл райгуырдаид. Зӕххыл Йесо алыхуызон зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Уый фӕстӕ тухитӕгӕнгӕ амард. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр тынг стыр аргъ бафыста. Цымӕ нӕ уарзӕгой Хуыцау йӕ Фырты хъизӕмайраг мардӕй амӕлын бауагътаид, адӕмӕн хуыздӕр цард ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ балӕвар кӕнынмӕ куы хъавыдаид, уӕд? (Иоан. 3:16; 1 Пет. 1:18, 19). Фӕлӕ иугӕр ахӕм аргъ бафыста, уӕд ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн афтӕ, цӕмӕй адӕм ног дунейы ӕнустӕм цӕрой. w23.04 27 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 4 ноябрь

Мӕлӕт, кӕм сты дӕ фаттӕ? (Оси 13:14).

Цымӕ Йегъовӕйы фӕнды мӕрдты райгас кӕнын? Ууыл дзырд дӕр нӕй. Библи чи фыста, уыдонӕй цалдӕрӕн ныффыссын кодта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй (Ис. 26:19; Рарг. 20:11–13). Ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый та алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Йес. Н. 23:14). Ӕмӕ йӕ мӕрдты райгас кӕнын ӕнӕуи фӕндгӕ нӕ кӕны – уымӕ бӕлгӕ кӕны. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Иов цы загъта, ууыл. Уый фидарӕй уырныдта, куы амӕла, уӕд Йегъовӕ кӕй бӕлдзӕн, цӕмӕй йӕ ногӕй фена (Иов 14:14, 15). Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдонӕй алкӕй фенынмӕ дӕр афтӕ бӕллы. Тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха, ӕмӕ ӕнӕниз ӕмӕ амондджын уой. Ӕмӕ Йегъовӕйы базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй чи амард, ӕппӕт уыцы адӕмы та райгас кӕндзӕн? Нӕ уарзӕгой Хуыцауы тынг фӕнды уыдоны дӕр райгас кӕнын (Хъуыд. 24:15). Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 3:16). w23.04 9 ф., 5, 6 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 5 ноябрь

Хуыцау нын ратдзӕн хъару (Пс. 108:13).

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныфс фидар уа? Зӕгъӕм, кӕд дын зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис, уӕд-иу бакӕс, Библийы дзӕнӕты тыххӕй фыст кӕм ис, уыцы скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ-иу сыл ахъуыды кӕн (Ис. 25:8; 32:16–18). Ахъуыды-иу кӕн, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, ууыл. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, цыма уым дӕ. Фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ рох нӕ уыдзӕн, «нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ [кӕй] сты ӕмӕ афтӕ уӕззау [кӕй] не сты» (2 Кор. 4:17). Йегъовӕ нын радта диссаджы ныфс, ӕмӕ нӕ уый фӕрцы бафидар кӕны ӕмӕ нын нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауы. Йегъовӕ, цы хъӕуы, уый сарӕзта, цӕмӕй-иу нӕ бафидар кӕна. Дӕуӕн та дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнай, фӕлварӕны фидар фӕлӕууай кӕнӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнай? Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ Библи иртасгӕйӕ йӕ разамынд агур, хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕххуыс кур ӕмӕ дын цы ныфс ис, ууыл ӕдзух хъуыды кӕн. Уӕд дын, «стыр тыхы хицау чи у, уыцы Хуыцау... уыйбӕрц хъару ратдзӕн, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууай» (Кол. 1:11). w23.10 17 ф., 19, 20 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын