Ӕртыццӕг, 5 ноябрь
Хуыцау нын ратдзӕн хъару (Пс. 108:13).
Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныфс фидар уа? Зӕгъӕм, кӕд дын зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис, уӕд-иу бакӕс, Библийы дзӕнӕты тыххӕй фыст кӕм ис, уыцы скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ-иу сыл ахъуыды кӕн (Ис. 25:8; 32:16–18). Ахъуыды-иу кӕн, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, ууыл. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, цыма уым дӕ. Фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ рох нӕ уыдзӕн, «нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ [кӕй] сты ӕмӕ афтӕ уӕззау [кӕй] не сты» (2 Кор. 4:17). Йегъовӕ нын радта диссаджы ныфс, ӕмӕ нӕ уый фӕрцы бафидар кӕны ӕмӕ нын нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауы. Йегъовӕ, цы хъӕуы, уый сарӕзта, цӕмӕй-иу нӕ бафидар кӕна. Дӕуӕн та дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнай, фӕлварӕны фидар фӕлӕууай кӕнӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнай? Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ Библи иртасгӕйӕ йӕ разамынд агур, хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕххуыс кур ӕмӕ дын цы ныфс ис, ууыл ӕдзух хъуыды кӕн. Уӕд дын, «стыр тыхы хицау чи у, уыцы Хуыцау... уыйбӕрц хъару ратдзӕн, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууай» (Кол. 1:11). w23.10 17 ф., 19, 20 абз.
Цыппӕрӕм, 6 ноябрь
Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг дзурут (1 Фес. 5:18).
Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ын нӕ бон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй вӕййы бузныг зӕгъын. Нӕ бон ын у бузныг дзурын, нӕ царды хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ алы хорз лӕвар дӕр уымӕй у (Иак. 1:17). Зӕгъӕм, ис ын бузныг зӕгъӕн нӕ рӕсугъд зӕххы тыххӕй ӕмӕ ма ноджыдӕр цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй. Нӕ бон ма йын у бузныг дзурын царды, нӕ бинонты ӕмӕ не ’мбӕлтты тыххӕй, стӕй нын цы ныфс ис, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн бузныг дзурын, ахӕм фадат нын кӕй радта, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суыдаиккам. Алчидӕр нӕ Йегъовӕйӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ уа бузныг, ууыл хъуыды кӕнын тынг ахсджиаг у. Хатт ууыл тынгдӕр фӕхъӕуы бацархайын. Ныртӕккӕ бирӕтӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зонынц ӕмӕ бузныг дӕр никӕмӕй вӕййынц. Сӕ мӕт фылдӕр вӕййы, цы сӕ хъӕуы, уый сӕ къухы куыд бафта, ууыл. Цы сӕм ис, уый тыххӕй бузныг уой, уый та сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Мах дӕр сӕ зондахастӕй куы фӕхъӕстӕ уӕм, уӕд нӕ куывдтыты ӕрмӕстдӕр дзурдзыстӕм, «ратт мын», «уый мӕ хъӕуы», «баххуыс мын кӕн», зӕгъгӕ. Ӕмӕ цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн ӕмӕ йын бузныг дзурӕм (Лук. 6:45). w23.05 4 ф., 8, 9 абз.
Майрӕмбон, 7 ноябрь
Курӕд уырнӕгзӕрдӕйӕ, ӕппындӕр дызӕрдыг ма кӕнӕд (Иак. 1:6).
Йегъовӕ у нӕ Фыд, тынг нӕ уарзы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм (Ис. 63:9). Цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон абарӕн ис цӕугӕдӕттимӕ кӕнӕ артимӕ (Ис. 43:2). Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй нӕ бахизы, фӕлӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй-иу нын баххуыс кӕндзӕн сӕ сӕрты ахизынӕн. Ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм,– ӕххуыс нын кӕндзӕн, цӕмӕй дзы ма адард уӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын ратты йӕ хъомысджын сыгъдӕг тых дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы фидар фӕлӕууын (Лук. 11:13; Фил. 4:13). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм (Дзут. 11:6). Иуӕй-иу хатт нӕм нӕ зындзинӕдтӕ хохы йас фӕкӕсынц. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнын дӕр райдайӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцауы тыхы фӕрцы нӕ бон кӕй у «къулыл сбырын дӕр» (Пс. 18:29). Уӕдӕ-иу хъуамӕ ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувӕм. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй ратдзӕн, ууыл (Иак. 1:6, 7). w23.11 22 ф., 8, 9 абз.